Ирон боксер Дзукъаты Давид Pravda Boxing турниры фæуæлахиз цæцæйнаг спортсмен Абубакар Сулеймановыл. Тохы æртыккаг раунды Давидæн бантыст йæ ныхмæлæууæджы нокдауны арвитын. 5-æм раунды та Сланты Виталийы хъомылгæнинаг цалдæр тыхджын цæфы ныккодта Абубакары æмæ æрмæстдæр раунд йæ кæронмæ кæй бахæццæ, уый фервæзын кодта нокаутæй цæцæйнаг спортсмены. Фæлæ 6-æм раунды уый йæ тренертæ рингмæ нал рауагътой. Афтæмæй техникон нокаутæй фæуæлахиз Дзукъайы фырт.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Красноярскы уагъд æрцыд Советон Цæдисы сгуыхт тренер Дмитри Миндиашвилийы номарæн æппæтуæрæсейон турнр уæгъдибар хъæбысхæстæй. Уым 92 кг уæзы категорийы сыгъзæрин майдан рамбылдта Хъотайты Димитр. Финалон тохы уый 10:0 хыгъдæй фæуæлахиз Бурятийы минæвар Кирилл Эрхитуевыл.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.