(аргъау цыбыртӕй)

Уæд дын, иу хъызт бон, Ног азмæ æввахс, бирӕгъ Цырагъ сфæнд кодта Тулдзхъæды цæрджытæн хорздзинад саразын. Фæлæ цы, уый нырма нæ зыдта.

– Цӕй ӕмӕ Ног азмæ назбæлас самал кӕнон! – ферттывта уайтагъд Цырагъæн йæ сæры. Иу дзæвгар ауадис, афтæ йыл рувас хæрхæмбæлд фæцис.

– Байрай, Цырагъ! Афтæ хъавгæ кæдæм уайыс? Ӕви дæу дæр дæ ахсæн схордта æмæ Назхъæдмæ сарæзтай Ног азы дæ фæндаг? Мæ хъустыл æруадис, уым тæрхъустæй йедзаг у, дзæбæх аз сын скодта æмæ тӕппудтӕ цæуæт кæнынмæ фесты. Мæ зæрдæйæ, рувæстæ æмæ бирæгътæ уым хъаны цард кæнынц! – зæрдæбын ныхæстæй нал æфсæст рувас.

– Хорз бонтæ дыл цæуæд, Анета! Фæлæ æз рагæй фæстæмæ фыдызгъæл мæ дзыхмæ нæ исын. Тӕрхъустӕ сӕхи цӕттӕйӕ да-рынц Ног азы бӕрӕгбонмӕ, ды та сӕ, мӕ хӕлар, хӕрынмӕ ӕрхъавыдтӕ?

– Кӕд фыдызгъӕлыл нӕ дӕ зӕрдиаг, уӕд Назхъӕдмӕ цӕмӕн уайыс?

– хынцфарст æй кодта рувас Ане-та.

– Æмбæхст хъуыдытæ нæй мæн-мæ, мæ зæрдæ райдзаст бонау ирд у! Æз Назхъæдмæ назбæлас кӕнынмӕ цæуын, цæмæй Тулдзхъæды цӕрджытӕн æхцондзинад æрхæссон!

– Æз дæр уæллаг сыхæй æрвыст дæн, назбæласмæ. Акæн мæ демæ, мæ хæлар Цырагъ, дард балцы дын хорз ӕмбалӕн сбæздзынæн, – йæ мидбылты бахудт хинӕйдзаг рувас.

– Дард фæндагыл æмбал ныфс у!  Æрмæст дæ гæды митӕ ныууадз æмæ дæ хъуыдытæ, дæ зонд хорздзинӕдтӕм сараз. Хъусыс мæ, хинæйдзаг, дæумæ у мæ каст? – фидар ныхас кодта йемæ Цырагъ.

Бæстæ митæй йемыдзаг уыд, цъиуызмæлæг хъæды нæ зынд. Æр-мæстдæр зылындзæмбы арс йæ хуынкъгомæй рахылд æмæ астæу-мæ миты, фӕндаджы астӕу, базза-дис сагъдæй. Ныцъцъæх ис, фыруазалæй йыл ихтæ æрзадис, афтæмæй йæ хуыр-хуыр дардмæ цыдис.

– Цынæ фендзӕнис лӕг йӕ царды? – сдзырдта дисгæнгæйӕ рувас.

– Иу цъус-ма хъæуы æмæ арс миты бын кæны! – бирæгъ стыхстис æмæ йæм лæмбынæгдæр ныккастис. –  Ай Фидар куы дæ, мæ хæлар! Цы дæ æрхаста ардæм? Цæй-ма, райхъал æй кæнæм, науæд байрæджы уыдзæн! – йæ катайæ нал æнцад Цырагъ.

– Ныхъхъус у!  Дæ ныфс æм куыд хæссыс? Уый Ног азмæ æнхъæлмæ кæсы, нӕ йӕ уыныс, фӕндаггӕрон куыд лӕууы? Ма йæм бавнал, мас-ты хай дæ фæкæндзæнис, нырма Ног аз нӕ ‘рбалӕууыдис!? – йæ дзæмбытæ йын ацахста рувас.

– Цытæ дзурыс, Анета? Миты бын фæуыдзæнис – йæ хъуыды нæ ивта уӕддӕр Цырагъ.

– Дæ фӕлмӕнзӕрдӕ дæ хорзырдӕм нæ кæны, ӕвӕццӕгӕн, зы-лынкъах арс Фидары ахæсты никуы фæдæ, нырма? Зондджын рувас дын дзуры, ныхъхъуыдты йæ уадз æмæ нæ балцы кой акæнæм дарддæр, – зондамонæн ын кодта Анета.

Æцæгæй та рувасæн арсы фенд сындзы ныхстау уыд, ӕмӕ йыл уый тыххӕй алывыдтӕ мысыд.

– Цырагъæн истытæ кæндзынæн, фæлмæнзæрдæ, тӕлтӕгзонд у, фæлæ Фидармæ мӕ ныфс нӕ хӕссын! – хъуыдыты аныгъуылд Анета.

– Фидар, уæлæмæ сыст, науӕд миты бын кæныс! – тыхст хуызæй арсы ныууыгъта бирæгъ.  – Мӕнӕ диссӕгтӕ, бынтондæр йӕ цардæн нӕ аргъ кӕны арс! – Фидары тар фынæймæ рамæсты Цырагъ ӕмӕ йӕ дзыхыдзаг ныхъхъӕр кодта. – Фидар, сыст уæлæмæ, цалынмӕ не ‘рцыдис дæ мæлæт?!

Цырагъы хъӕр хæхты анӕрыд æмæ йӕ хъæрæй ногуард мит базмӕлыд. Уалынмӕ сæм дардӕй ца-вæрдæр æнахуыр хъæлæба æрбайхъуыст, фæкастысты, æмæ зæй сæ тæккæ цурты, ӕхситтгӕнгӕйӕ афардæг. Фыртасӕй сӕ дзыхтӕ хӕлиуӕй баззадысты ӕмӕ зæйы фæстæ æдзынæгæй кастысты.

Æнахуыр хъæлæбамæ фехъал ис арс æмæ æрдæгфынæйæ, зæйы хъӕбысы смидӕгис. Зæй йӕ ахаста йæ разæй æмæ йæ анадта тулдз-бæласы ставд зæнджы бын.

Цырагъ Фидармӕ æххуысмæ фæцæй лыгъд. Фæлæ фыртагъдӕй йӕ къах митыл фæбырыд æмæ атахтис размæ, арсы хъуынджын риу йæ разы фӕцис мӕсыгау. Бирæгъы цæф арсы риуæй разындис тыхджындæр æмæ сæрбихъуырæйттæ гæнгæ атахтысты зӕйы гуылфӕнтимӕ иумӕ. Цас фæтахтысты, уый сæхæдæг дæр нæ базыдтой, уыцы цалдӕр минуты ӕнӕкӕрон, дӕргъвӕтин уыдысты. Ныммидæг сты комы æмæ уӕд бæстæ дӕр ныссабыр…

Цалынмæ зæимæ тох кодтой арс æмæ бирæгъ, уæдмæ рувасы сæр хъуыдыйаг фæцис:

– Цы сараза? Сӕ фӕстӕ алидза ӕххуысмӕ ӕви сӕ ныхъхъуытты уадза? Нӕ, тæрхъусы фыдæн афтæ нæй ныууадзæн, мыййаг Цырагъау ӕнӕсӕр куынæ дæн. Уалынмæ йæ цурты тæрхъус фæцæй-лыгъд æмæ рувасы зӕрдӕ фырцинӕй скафыд.

– Дӕ бонтӕ хорз, Лео! Нырма Ног аз куынæ ‘рлæууыд, уæд ацы хъыз-ты кæдæм лидзыс гуыбыр-гуыбыр? – фӕлмӕн хъӕлӕсӕй йӕ афарста рувас.

Тӕрхъус рувасӕй фӕтарст, фӕлӕ дымгӕйы хъӕбысы йӕхимӕ ӕрцыд.

– Хорз бонтæ дыл цæуæд, зондджын Анета! Ӕз мӕ хӕлар Цырагъы агурæг цæуын, цӕмӕй Назхъæдмæ фæцæуæм, назбæлас хæссынмæ. Дæ цæст ыл никуы схæцыдис, мыййаг? – чъызгæйæ афарста рувасы тæрхъус.

– Схæцыд, дæ рынтæ бахæрæд, Анета! Йæ фæлмæнзæрдæ йæ хорзмæ не ‘ркодта æмæ Назхъæды бæсты, комы ныххæррæгъис, уӕртӕ, – мæстыйæ сдзырдта тæрхъусмæ рувас.

– Гæды ныхæстæ кӕнынмӕ ӕмхиц дӕ, мӕ хӕлар. Уый цъынд цæстытæй дæр зоны Тулдзхъӕды фӕндӕгтӕ, ӕз ӕнхъӕлын, уый афонмӕ бахӕццӕ бынатмӕ, – æхсызгонæй адаудта йӕ рихитæ тæрхъус. – Хорзæй баззай, Анета! Æз хъуамӕ аййафон Цырагъы æмæ йын назбæлас хæссынмӕ баххуыс кӕнон.

– Тӕкъула, фæлæу-ма! Æз дæр цæуын демӕ! Ног азы ӕрцыдмӕ нал баззадис бирӕ æмæ назбæлас самал кæнæм! – загъта Анета.

– Уæдæ лидзгæ кæн мæ фæдыл! – загъта йын ныфсджынӕй Лео.

Æмæ атагъд кодтой рувас æмæ тæрхъус сӕ хъуыддаджы фӕдыл. Астæумæ миты цӕуынтӕ систой: тæрхъус фæд кодта, рувас йæ фæстæ лыгъдис.

– Размæл, Анета, куыд цъусгай цӕуыс?! – рахъæр æм кодта тæрхъус фæстæмæ, стæй рæвдздæрæй айста къæхтæ. Рувас амæсты æмæ миты сӕрыл абадт. «Исты æрымыс, Анета, æндæра ацы ран ныхъхъæдæг уыдзынæ æмæ дын Ног азы æрцыд дӕр нал баххуыс кӕндзӕн! – рувасы хæццæ-мӕццӕ хъуыдытæ бакодтой уацары.

Æмæ æцæгæй дæр диссаджы хъуыды сæвзæрдис рувасы сӕры: – Фæлæуу, Хъилхъус, дæуæй раздæр уыдзынæн æз Назхъæды! Мæнгæй мӕ нӕ рахуыдтой хинæйдзаг, рувки! – йæ мидбылты бахудтис рувас. Стæй, йæ тых, йæ бонæй йе ‘фсæр сцавта æмæ йæ дæндаг расхъиудта йӕ размӕ. Тӕрхъусы фыд ӕй афтӕ тынг хъуыдис ӕмӕ йӕ дӕндагыл хъӕцыдис. Урс – урсид мит рувасы алыварс сырх-сырхид адардта.

Уӕдмӕ холы хӕрынмӕ æртахтысты халæттӕ, рувас фӕцырд ӕмӕ халӕтты ӕлдары рацахста.

– Сау, сынтбазыр, фӕзæронд дæ, фынæй рувасы холыйæ нал хицæн кæныс! – тызмӕгӕй йын загъта рувас.

– Анета, удæгас куы дæ, уый?! Мæнгæй нæ фæзæгъынц, рувасæн авд уд ис! Ауадз мæ, афтæ цы сæххормаг дæ, æмæ сау сынт халонæй аходæн кæнай, æви дæ æндæр исты хъæуы, хинӕйдзаг, мæнæй?! – сдзырдта йӕм халон.

– Сауных, кӕсыс, бонæй-бонмæ зæнджындæр кæныс. Байхъус мӕм ӕмӕ тæрхъусы фыдæй дæхи дзæбæх фендзынæ, – загъта рувас.

– Хъусын дæм! – фыррыстæй ныккæрзыдта халоны зæрдæ.

-Фæсид дæ саубазыр хæлæрттæм, цæмæй мын мæ дзӕбӕх уды фӕхæццæ кæной Назхъӕдмӕ! Уый у мæнæн мæ фыццаг фæндон, стæй дын дыккаг дæр зæгъдзынæн, фæлæ уал уæдмæ мæ хъæбысы уыдзынæ.

Халон Сауныхӕн катайаг фæцис йæ сæр, йæ хъахъайæ нал ӕнцад, мӕгуырӕг. Уӕд йӕ сидтмæ æрбамбырд сты халæттæ, фелвӕстой Анетайы æмæ ӕвӕндонӕй стахтысты цъӕх арвмӕ.

Анета Сауныхӕн йæ хъуырыл хæцыд, халæтты уӕлӕ уӕлгомӕ хуыс-сыд, афтӕмӕй ныхæццæ сты Назхъæды æрдузмæ.

– Ауадз Сауныхы, æдзæсгом! Ныр сæххæст дæ фæндон! – сдзырдта йӕм мæстыйæ саубырынкъ Лекса.

– Ныхъхъус ут! Уый, мæ фыццаг фæндон сӕххӕст, дыггаг мын, ноджы ахджиагдӕр у! Мӕн фæнды, цæмæй тæрхъустæн се ‘мбис ардӕм æрцæуа, тæрхъусы фыд æхсæвæрæн, рагӕй у мæ бæллиц! – йæ цæстытæ æхсызгонæй æрцъынд кодта рувас.

Рувасы схъæл ныхæстæм Сауныхӕн йæ масты дзæкъул аскъуыд:

– Æз иу мæлæт мæ цардæй дарын æмæ уый нæ уыдзæнис дæ къухæй! – фæхъæр кодта Сауных æмæ йæ пакъуытæ йӕ тых, йӕ бонӕй сцагъта. Рувасы фидар дзæмбытæй феуӕгъдис Сауных æмæ уæ-лӕрвтæм ныфсджынӕй стахт.

…Æнæнхъæлæджы цауæй рува-сы дзых къæппæй баззадис, фырадæргæйӕ, йæ бон нал змæлын уыд, нал дзурын.

Ахӕм ныв фенгӕйӕ йыл амбырд сты халӕттӕ æмæ йæ раскъуын-баскъуын систой: цæвынтæ йӕ райдыдтой, сæ цыргъ ныхтæй йӕ ны-тыдтой…

– Ныр дæ райсдзыстæм, налат, нæ маст, ацы ран æрцæудзæнис дæ мæлæт, сдзырдта ӕлхынцъӕрфыгӕй халон Бызыри. Стæй йын йæ цыргъ бырынкъæй йæ цæст ныццавта æмæ рувас йæ хъæрæй бæстæ фæхаста:

– Баххуыс кæнут Анетайӕн, мæ уд мын фæхæрынц! Йæ хъæрмæ æрбакалдысты Назхъæды тæрхъустæ æмæ рувасы стыдтой халæтты цыргъ ныхтæй.

– Ацы фæлитойæн тæригъæд нæ хъæуы! Ныууадзут æй нæхи бар Тӕрхъустӕ, нæ ныхмæ ма ныллæуут, фæсмойнаг фӕуыдзыстут! Уый ацы уазал æмæ хъызты нæ базивæг кодта, цæмæй уын уæ нымæц фæкъаддæр кæна! – фырмæстæй Сауныхӕн йæ цæстытæ цæхæртæ калдтой.

– Ууу, фæлитой, хинæйдзаг Анета, мах та йын тæригъæд кодтам! Уый та Ног азмæ æввахс, æхсæвæ-рæн ӕрымысыд тæрхъусы фыд? – дзырдта йӕ æрфгуыты бынӕй бæр-зонд тæрхъус Русай.

– Махæн æй радтут! Мах ын арт йӕ бынӕй суадздзыстӕм! Тæрхъусы  фыд цы ад кæны, уый йын ӕнустӕм ферох кæнын кæндзынæн! – загъта тæрхъустæн сæ тыхджындæр Нуар. Стӕй йӕ уайтагъд абырстой, фидар уӕрдӕхтӕй йӕ сбастой. Рувас нал хъæр кодта, нал – змæлгæ, йæхи мæлæтмæ æрцæттæ кодта: -Тæхуды, куы фæзынид фæлмæнзæрдæ Цырагъ. Фæлæ-ма ныр цафон? Цӕй мæлæты размæ ма иу хъæр ныккæнон, – ферттывта уайтагъд рувасы сæры. – Баххуыс кӕнут Анетайӕн! – анæрыдис Наз-хъӕды къуымты, уайтагъд йӕ цъæхсаг хъӕлæс.

…Æмæ мӕнӕ диссæгтæ! Цы-рагъ æмæ Фидар йæ уӕлхъус февзæрдысты, цыма уæлӕрвтӕй ӕртахтысты, уыйау.

– Дурзæрдæтæ, уый цы ми кæнут? Ныртæккæ ауадзут Анетайы, цы йын уæ зæрды ис? – ныггуыбыр ис рувасмæ Цырагъ æмæ йын йæ сӕр лæгъзытæ кодта.

– Хъуамæ йын йӕ цӕстытӕ скъахæм, хъуамæ йын йæ дæндæгтæ скалæм, цæмæй нын хинӕйдзаг, ферох кæна нӕ хуызтӕ! – сдзырдтой мæстыйæ халæттæ, тæрхъустæ.

– Анета, цы фыдми та сарæзтай? Цы бæллæх æруагътай дæхиуыл? – цымыдисæй йæ афарста Цырагъ.

Уæд сын рувас лæгъстæ кӕнын байдыдта: – Ныббарут мын мæ рæдыд. Ног азы мын ног цард балæвар кæнут!

– Дæуæн фадат бирæ хатт уыдис, фæлæ дзы пайда кӕнын нӕ базыдтай. Мæлæт – зӕгъынц дын нӕ зæрдæтæ.

– Æз дын дæттын ног цард! Уый дын Ног азмæ уыдзæн мæ лæвар! – загъта йын Цырагъ.

Сырдтæ Цырагъы ныхмæ ницыуал сдзырдтой, йӕ фӕлмӕнзӕрдӕйы хъармдзинад ауагъта йæ тæгтæ.

Анетайӕн йæ цин æнæкæрон уыдис, Цырагъæй йæ стыр лæвар фæцис: – Ног азы – ног цард!

Джыгкайты Белæ  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.