БЫНДЗ ÆМÆ МЫДЫБЫНДЗ

Бындз æмæ мыдыбындз кæрæдзийæн æцæгæлæттæ не сты. Сæ дыууæ дæр бындзытæ сты, æрмæст сæ иу хуымæтæджы бындз у, иннæ та мыд чи æмбырд кæны, ахæм. Тæхгæ-тæхын кæрæдзийыл арæх амбæлынц, фæлæ уымæй дарддæр кæрæдзийы нæ зонынц. Афтæмæй сæ фæндгæ та кæны, цæмæй сæ чи куыд цæры, цæмæй цæры, уыдæттæ базоной. Æмæ дын иу ахæмы, тæхгæ тæхын та куы амбæлдысты, уæд бындз мыдыбындзмæ бадзырдта:

– Гъей, мыдыбындз, æрбайхъус-ма, цæй æмæ искуы æрбадæм, базонгæ уæм, нæ хабæрттæ кæрæдзийæн фæкæнæм.

Æхсызгон уыд  мыдыбындзæн ахæм ныхæстæ фехъусын æмæ йæм фездæхт:

– Цом, бындз, атæхæм, æз иу рæсугъд бынат зонын, уым æрбадæм æмæ аныхас кæнæм.

Тæхы мыдыбындз размæ, йæ фæстæ та – бындз. Бирæ фæтахтысты. Бындз фæллайгæ дæр бакодта. Æппынфæстагмæ, æрбатахтысты дидинæгджын уыгæрдæнмæ æмæ мыдыбындз æрбадт иу дидинæгыл, йæ фарсмæ дидинæгмæ та ацамыдта бындзæн, сбад ыл зæгъгæ. Æрбадт бындз дæр, уæдæ цы, фæлæ йе ‘нæразыдзинад равдыста:

– Дæ хорзæхæй, мыдыбындз, афтæ дард цæмæн фæтахтыстæм, æввахсдæр кæм æрбадтаиккам, ахæм бынат никуы уыд?

– Ау, æмæ райгонд нæ дæ, ахæм рæсугъд, дидинвæлыст быдыры астæумæ дæ кæй æрбакодтон, уымæй? Ау, дæ алыварс акæсгæйæ, æппын æхцондзинад нæ исыс? Ахæм бынæттæ мæнæн уарзон сты. Акæс-ма алыгъуызон дидинджытæ хурмæ тæмæнтæ куыд калынц, сæ диссаджы тæф æмбудæнты куыд рæдувы.

– Цавæр алæмæттаджы рæсугъд дæм кæсы ацы быдыр, кæрдæджытæй дарддæр дзы исты ис, стæй сын æз сæ тæф æнкъаргæ дæр куынæ кæнын.

Бындзы ныхæстæ хъыг уыдысты мыдыбындзæн. Æмæ ма ууыл дæр хъæцыдаид, фæлæ йæ буарæй цыдæр æнуд смаг цыдис æмæ йын зын уыд улæфын. Нæ бабыхста ахæм уавæр æмæ раргом кодта йæ хъуыды:

– Дæ хорзæхæй, бындз, цыдæр æнуд смаг дæ цæуы æмæ чысыл фалдæр æндæр дидинæгыл куы æрбадис.

– Æмæ мæ цы смаг хъуамæ цæуа, уæдæ йæ æз цæуылнæ æнкъарын? Дæуыл куы амбæлдтæн, уæд холыйæ здæхтæн. Цас бындзытæ дзы уыд, цас! Йæ уæлæ тезгъо кодтам. Æххормагæй йæм тахтыстæм æмæ фæстæмæ æфсæстæй здæхтыстæм. Ныр уырдыгæй цы смаг хъуамæ рахастаин, зæгъ, ма?

– Цы? Ды æмбыд, холыхор дæ? – йæхи фæгæмæл кодта мыдыбындз.

– Æмæ холы цæмæй æвзæр у? Махæн, бындзытæн, уый нæ хæлц у. Мах сæхимæ здахынц, смаг, æнуд тæф чи кæнынц, ахæм хæринæгтæ. Уæдæ сыгъдæг ран дæ бырынкъ цæуыл хъуамæ схæца? – сæрыстырæй зæгъы бындз.

Мыдыбындз æм æлгъгæнгæ бакаст, фæлæ æргом ницы загъта. Бафæндыд æй йæ цурæй дард атæхын, фæлæ йæ æххæстæй фæндыд базонын бындзы цардуаг, стæй йæ хæсыл нымадта, йæ худæг йæ цард куыд аразы, уый тыххæй дæр ын рæдзурын.

Иу цасдæр рæстæджы кæрæдзийы хъустæм кæрæдзийы ныхæстæ нал хæццæ кодтой.

– Æмæ, зæгъæм, холы никуы ис, нал мæлынц фос, уæд та цы фæхæрут? – дыууæйы ‘хсæн сабырдзинад фехæлдта мыдыбындз.

– Хæринаг – бирæ. Тæвд рæстæджы алы хæринаг дæр æвзæр кæны. Æвзæр чи фæкæны, уый та смаг, æнуд тæф фæкæны. Æмæ сæ ссарæм не ‘мбудæнты руаджы. Батæхæм адæймаджы хæдзармæ дæр. кæд сыгъдæг цард нæ кæны, уæд дзыхы цы акæнай, уый дзы разыны. Уæллæй, адæймаг нæ æппындæр нæ уарзы. Æрмæст уый тыххæй нæ æмæ йæ хæдзармæ кæй батæхæм, йæ мигæнæнтæ, йæ фынгыл кæй фæралидз-балидз кæнæм, фæлæ, дам, уæ къæхтыл алыгъуызон чъизи хæссут, хæц-гæ низтæ, дам, парахат кæнут, – дзыхы къæбæл фестад бындз.

– Дæ ныхæстæм гæсгæ тæвд рæстæджы æнцонæй арут хæринаг. Æмæ уæд уазал рæстæджы, цæвиттон, зымæджы та куыд амал кæнут хæринаг? – фæрсы йæ мыдыбындз.

– Зымæджы? Уый та цы у, цавæр афон у? – бадис кодта бындз.

– Мæнæ бæстæ куы ныссæлы, мит куы ныууары…

– Нæ, мах, бындзытæ, зымæг цы у, уый нæ зонæм. Уазæлттæ куы рбалæууынц, уæд нæ къæхтæ адаргъ кæ-нæм, амæлæм, стæй та хъарм рæстæг куы  скæны, уæд раудгас вæййæм æмæ та цæрынтæ райдайæм.

– Мæнæ диссæгтæ! – йæ раззаг къæхтæ кæрæдзийыл сцагъта мыдыбындз.

– Ау, æмæ уым диссагæй цы ис? Афтæ кæны галыбындз дæр, къогъо дæр…

– Уыдон та ма чи сты?

– Нæ мыггагæй сты уыдон дæр. Фæлæ уыдон мæнау чъизиты нæ агурынц хæринаг. Уыдонæн сфæлдисæг радта цыргъ, фаты хуызæн бырынкъ æмæ дзы туг цъирынц.

– Кæй туг цъирынц? – бадис кодта мыдыбындз.

– Галыбындзæн йæ ном йæ уæлæ ис. Стурмæ æмхиц у, уæлдайдæр та галмæ. Йæ бæзджын цармы йын йæ бырынкъ ныссадзы, йæ тугæй йын сæнцъиры æмæ йæхи бафсады. Къогъо чысыл у, йæ бырынкъ дæр – афтæ. Уымæ гæсгæ уый та адæймаджы равзæрста. Йæ фæлмæн цармы æнцонæй ныссадзы йæ бырынкъ.

– Уæдæ уыдон та тугцъиртæ сты? – хорз зæрдæйы равг та нæ равзæрын кодтой дзурæджы ныхæстæ мыдыбындзмæ.

– О, о, уыдон та тугцъиртæ сты. Æмæ цы, уыдоны цард дæр дæ зæрдæмæ нæ цæуы?

– Нæ, æз уæдæ сымахæй нæ дæн. Æз нæдæр холыхор дæн, нæдæр тугцъир, нæдæр уазæлтты зымæджы мæлгæ акæнын.

Бындз тынг сцыбæл мыдыбындзы цардуагмæ æмæ йæм фарст фарст фæдыл дæттын райдыдта.

– Фæлæуу-ма, ды дæр мах хуызæн куы дæ, бырынкъ дæр дын куы ис фатимæ, уæд дзы цы кæныс, кæд дзы чъизи хæринаг нæ агурыс, гъе та искæйы туг нæ цъирыс, уæд?

– Ма дзур, бындз, афтæ. Æз чъизи нæ быхсын, стæй искæй туг дæр нæ цъирын. Мæн мæ бырынкъ хъæуы уымæн, цæмæй мæнæ нæ алыварс цы алыгъуызон рæсугъд дидинджытæ ис, уыдоны арф хъæбысæй исон сæ адджын дон. Уыцы адджын доны мах, мыдыбындзытæ, иумæ æмбырд кæнæм, адæймаг нын кæй сарæзта, уыцы хæдзар-чыргъæдмæ, бакусæм уыцы адджын доны æмæ дзы рауайы сыгъдæг, адджын хæринаг – мыд. Махæн нæ хæлц у уыцы мыд. Уый та афтæ бирæ рауайы æмæ дзы адæймаг йæхицæн дæр æрæвæры æмæ мах фаг дæр вæййы. Мæнæн ма мæ бырынкъыл ис хи хъахъхъæнæн фæрæз – фат дæр æмæ мын мæ цардæн тас чи æвзæрын кæны, уый буары йæ фæцæвын æмæ дудгæйæ алидзы.

– Æмæ уæ мыды та кæрæдзийыл куыд адих кæнут?

– Мах иу чыргъæды цæрæм бирæ мыдыбындзытæ. Цæрæм хъæрмудæй, кæрæдзи æмбаргæйæ. Не ‘хсæн магусатæ нæй, иууылдæр кæнæм змæлгæ, архайгæ. Ис нын иумæйаг мад æмæ хъусæм уымæ.

– Уый дын диссаг! – ныр та бындз ныххоста кæрæдзийыл йæ раззаг къæхтæ.

– Æмæ иугæйттæй цæуылнæ цæрут махау, афтæ хуыздæр нæу?

– Нæ, мах иугæйттæй нæ аразæм нæ цард. Уартæ нæ цалынмæ адæймаг йæхимæ не ‘рбакодта, уæдмæ дæр бæласы мæраты иумæ цардыстæм. Махæн нæ царды мидис иумæйаг куысты ис. Мæнæ ма дæ алыварс быдырмæ акæс, цас мыдыбындзытæ дзы ис. Уыдон иууылдæр ме ‘мбæлттæ сты æмæ дидинджытæй æмбырд кæнынц мыд. Сæ хъуыртæ куы байдзаг кæной, уæд атæхдзысты æмæ сæ мыды чыргъæды сæрмагонд бы-наты ныккæндзысты æмæ та фæстæмæ дидинæг агурæг ратæхдзысты – дидинæгæй чыргъæдмæ, чыргъæдæй дидинæгмæ.

– Ау, æмæ улæфгæ та кæд бакæнут, улæфгæ?

– Уый у нæ куыст дæр æмæ нæ улæфт дæр.

– Уазæлттæ куы ‘рбалæууынц, уæд дæр нæ амæлут æмæ хъæрмтты та нæ раудгас вæййут?

– Æмæ цæмæн хъуамæ амæлæм, æнæуый дæр афтæ бирæ цæрæм. Вæййæм нæ чыргъæдты, вæййы нын цы бахæрæм, уый дæр. Мæлгæ ма цæмæн кæнæм?

– Нæ, сымах мах хуызæн бындзытæ не стут æмæ, æвæццæгæн, нæ мыггагæй дæр не стут, æндæра мах куыд аразæм нæ цардуаг, афтæ йæ сымах цæуылнæ аразут? Цæуыл уæхи фыдæбонæй марут. Æз ахæм цардуагыл никуы сразы уаин.

– Раст зæгъыс, бындз. Чи цахæм цардыл ахуыр у, уый йæм хорз кæсы. Æз дæр никуы сразы уыдзынæн уæ цардæй цæрыныл. Сымах – холыхортæ, тугцъиртæ, æввонгхортæ, царды сæ стыр хæрзиуджытыл нымайут. Мах та – фæллойгæнджытæ, царды сæрыл тохгæнджытæ, æрдзы рæсугъд æнкъарджытæ. Нæу, бындз, нæ фæндаг иу, æцæгæйдæр. Æвæццæгæн, иу мыггагæй не стæм. Цæй, цæрут бындз, уæхи фæндиаг, мах дæр нæ цардуаг дарддæр кæндзыстæм, – загъта ма бындзæн мыдыбындз, стæй йæ бынатæй стахт æмæ иннæ мыдыбындзытау уый дæр дидинджытыл мыдагурæг зилын райдыдта.

 

ЙЕ ‘МБИСОНД – ЙÆХИ

Демократийы дуг ныккодта сырдтыл дæр. Ныккодта цы, адæм «демократи, демократи» йедтæмæ ницыуал дзурынц æмæ сырдты дæр æрфæндыд ахæм уагыл цæрын. Афтæмæй та сырдтæ æмæ сæ паддзах Домбай йæхæдæг дæр рæстмæ ницы зыдтой, демократи цы, уымæн. Зыдтой æрмæст, уый ахæм цард кæй у æмæ дзы алцы дзурæн дæр кæй ис, кæй дзы ис алцы аразæн дæр. Ахæм цард та нырмæ дæр сырдтæн уыдис, фæлæ уæддæр цардмæ цыдæр ивындзинæдтæ бахæссын хъуыд æмæ сæ иу ахæмы паддзах æрæмбырд кодта. Æмбырды алчи йæхи ногдзинæдтæ хаста, цæмæй сæ царды ныббиноныг кодтаиккой æмæ сын хуыздæрæрдæм фæивтаид. Кæй зæгъын æй хъæуы, алчидæр ивындзинæдтæ хаста йæхи пайдайæн. Нырма  фыццаг ахæм æмбырд кæй уыд, уымæ гæсгæ уыцы  ивындзинæдтæй ницы райстой, фæлæ аскъуыддзаг кодтой, цæмæй сырдты алы мыггаг дæр йæхицæн равзара паддзах æмæ йæхи хуызæн сырдты хъуыддæгтæ скъуыддзаг кæна.  Сæйраг паддзах та раздæрау æнæфæивгæйæ хъуамæ уа Домбай.

Æмæ дын сырдты алы мыггаг дæр равзæрстой сæхицæн паддзах.

Равзæрстой се ‘хсæнæй паддзах тæрхъустæ дæр. Уыдон та, куыд æндæр сырдтæ, афтæ иугъуызон æххæст нæ уыдысты тыхæй дæр, зондæй дæр, арæхстæй æмæ фердæхтæй дæр, кæд сыл иумиагæй тæппуды ном сбадт, уæддæр. Æмæ равзæрстой, тыхæй арæзт чи уыдис, кæмæй тарстысты, ахæмы.

Йæхиуыл дын нæ феввæрсыд тæрхъусты фыццаг паддзах! Паддзах! Кæуылты зæлы! Æмæ, уадз, лæмæгъ, тæппуд тæрхъусты паддзах уæд! Уæддæр паддзах у! Æмæ йæхимæ ныззынд. Иннæ тæрхъустæм бæрзондæй кæсын райдыдта. Уый зыдта, тæрхъусты ‘хсæн бирæ кæй уыдзæнис, чи йæм хæлæг кæна, ахæмтæ. Уыдонæй та хи хизын хъæуы. Чи йæ зоны æмæ йæ фæскъуымæй ничи багæрах кæндзæнис? Мах, адæм, куыд æнхъæлæм, иууыл ахæм тæппудтæ не сты, уæлдайдæр та искæмæ тынг куы смæсты вæййынц, уæд. Уыдæттæ хорз æмбæрста тæрхъус паддзах æмæ фыццаг цы аскъуыддзаг кодта уый – йæ алыварс хъахъхъæнджытæ сæвæрын. Æмæ сæ сæвæрдта. Бирæ, бирæ хъахъхъæнджыты. Цæмæй хъа-вæг се ‘хсæн ма равзара, паддзах сæ кæцы у, уый.

Паддзах хъуамæ хорз цæра æмæ йæ паддзахиуæгады райдианы батыхст, цæмæй йæ царды уавæртæ дзуапп дæттой паддзахы царды уавæртæн, йæ цард хицæн кæна æндæр тæрхъусты цардæй.

Уæдæ йæ хизæн бынæтты дæр куыннæ фæивта æмæ рауæрæх кодта! Йæ хъахъхъæнджытæ йæ алыварс лæууынц, фыдбылызæй йæ хъахъхъæнынц, уый та йæхицæн зад уыгæрдæны æдасæй хизы æмæ хизы. Паддзах тæрхъус нал хаты, уæддæр тæрхъус кæй у æмæ йæ хъахъхъæнджытæ дæр тæрхъустæ кæй сты. Æмæ бацыд паддзах Домбайы цармы. О, о! Æмæ йе ‘мбисонд йæхи!..

Иу ахæмы та хизынмæ куыд рацыд, афтæ уым хæстæджыты фæзындис бирæгъ. Фыццаг æй чи ауыдта, уыдон – тæрхъусы хъахъхъæнджытæ. Цы хъуамæ ракод-таиккой бирæгъæн æмæ алырдæмыты ныййарц сты. Паддзах Тæрхъус иунæгæй аззад. Йæ уæлхъус февзæ-рыд бирæгъ.

– Бирæгъ, ма кæн, ма мæм февнал, ма мæ бахæр, æз тæрхъустæн сæ паддзах дæн.

Бирæгъæн йæ ныхас цыбыр уыд.

– Мæнæн цы уæлдай у, паддзах дæ æви уымæн лæггадгæнæг. Ды мæнæн дæ тæрхъус, кæй фыд уарзын, уыцы тæрхъус.

Паддзах тæрхъусæн йæ лæггадгæнджытæ сæ къæхты фæрцы аивæрзтысты, йæхæдæг та… цы ма уын æй дзурон… йе ‘мбисонд – йæхи.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.