Аргъау

Раджы, тынг раджы Тæрхъус ныры хуызæн тæппуд, тæрсаг нæ уыдис. Кæд йæ ас, йæ хъаруйæ сæрыстыр нæ уыд, нæ сæ раппæлыдаид, уæддæр йæ уæнгты ныфсджынæй хъазыд туг æмæ цæсгомыл, цæстытыл йæ гакк æвæрдта. Уæдæ йæ ныхас дæр барджынæй куыннæ зæлыд æндæр сырдты хсæн!

Гъе, фæлæ… Уыцы Ног аз!

Æрбалæууыд дын уыцы Ног аз, растдæр зæгъгæйæ та йæм нырма цалдæр боны хъуыд, афтæ дын æм Домбай – сырдты паддзах йæхимæ куы фæсидит æмæ йын йæ фæнд бамбарын кодта:

– Зоныс цы, Тæрхъус? Ног аз æрбалæууы æмæ сырдтæ, æндæр хъæдты хъауджыдæр, нæ назхъæды цæгъдын райдайдзысты, æрвылаз куыд фæкæнынц, афтæ, хæсдзысты назбæлæсты сæ хæдзæрттæм æмæ сæ ногазон фæлыст кæндзысты. Уый кæмдæр хорз хъуыддаг у, фæлæ сæ алы аз афтæ куы лыг кæной, уæд ма дзы цæй тала хъуамæ байрæза æмæ ма нын уæд кæм уыдзæн назхъæд? Уымæ гæсгæ мæ фæнд у, цæмæй нæ хъæды бавæрæм, бахъахъхъæнæм. Æмæ йæ хъахъхъæнгæ та хъуамæ кæнай ды, Тæрхъус.

– Æз?! Æз æй хъахъхъæнон, цытджын паддзах?

– О,о, ды Тæрхъус.

– Æмæ мæнæй тыхджындæр сырдтæ куы ис…Мæнæй чи хъуамæ фæтæрса.. – хъуыдыйыл фæци уый.

– Ууыл тыхсын нæ хъæуы. Æз дæм ратдзынæн винтовкæ. Уымæй та алчидæр тæрсы,-  барджынæй зæгъы паддзах.

Тæрхъус фæныфсджындæр винтовкæйы коймæ, цыма йæ тых фæдывæр, схæцыд йæхиуыл, уæнгтæ айвæзта. Цин дæр ма бакодта, ахæм ахсджиаг хæс ын паддзах йæ бæрны кæй кæны, ууыл.

– Стæй дын æрмæст джебогъ нæ дæттын. Айс мæнæ хъусджын худ, хъарм кæрц æмæ нымæт цырыхъхъытæ, цæмæй ма уазал кæнай, – йæ ныхасмæ ма бафтыдта Домбай.

Иу ныхасæй, Тæрхъус Домбайæ гомгæрццæй нал рахызт, фæлæ гæрзифтонг хæстонæй æмæ комкоммæ араст назхъæд хъахъхъæнынмæ.

Райдианы сырдтæй стæмтæ цыдысты назхъæдмæ æд фæрæт назбæлæстæ хæссынмæ, фæлæ Ног аз куыд æввахсдæр кодта, афтæ сæ нымæц фылдæрæй фылдæр кодта. Тæрхъус цырддзаст уыд – хъæдмæ тæфтыл никæйы уагъта. Кæй-иу сабыр ныхасæй рарвыста фæстæмæ, сабыр ныхасæй чи не мбæрста, ахæмтæм та-иу винтовкæ йе уæхскæй æриста, йæ лулæ-иу сæм ныддардта æмæ ацу ма фæтæрс, Арс, Фыранк кæнæ æндæр исты тыхджын сырд фест, уæддæр. Бæргæ йæм сæ маст æхсыст сырдтæн, фæлæ цы сæ бон уыдис, тых Тæрхъусæрдыгæй уыдис, æмæ-иу сæ фæрæттæ се ккой, афтæмæй сæргуыбырæй здæхтысты фæстæмæ. Æниу дзы ахæмтæ дæр куыннæ разыны, йæ ныхмæ чи фæлæууы. Тыхæй нæ – ныхасæй, æгæрыстæмæй йæм æртхъирæн дæр бакæнынц. Цæвиттон, зыд æмæ кæрæф Бирæгъ æд фæрæт куы абалц назхъæдмæ æмæ йыл Тæрхъусы цæст куы сныдзæвд, уæд ыл схъæр кодта:

– Кæдæм цæуыс, Бирæгъ?! Нæ уыныс хъæды хъахъхъæнгæ кæй кæнын?

– О, куыннæ дæ уынын, Тæрхъус. Хъæды кæй хъахъхъæныс, уый дæр зонын. Фæлæ… иу назбæлас, æрмæстдæр иу…- лæгъстæйыл схæцыд Бирæгъ.

– Иу дæр нæ æмæ дыууæ дæр! Нæй гæнæн! Паддзахы хæслæвæрд æххæст кæнын, – карзæй зæгъы Тæрхъус.

Ноджы ма цас фæлæгъстæ кодта Бирæгъ Тæрхъусæн, фæлæ уый нæ фæчъил.

– Багъæц, уыцы винтовкæ цæрæнбонты дæ къухты нæ уыдзæнис æмæ уæд додой дæ къона кæны, – йæ цæстытæ фырмæстæй туджы азылдысты Бирæгъæн æмæ афтæмæй фæстæмæ раздæхт.

Ног аз æввахсæй æввахсдæр кодта. Сырдты та сæ хæдзæртты сæвæрын хъуыд ногазон назбæлæстæ, хъуыд сæ сфæлындзын алыгъуызон хъазæнтæй. Æмæ тыхстысты . Уæд дын паддзахы сусæгæй куы æрæмбырд уаиккой æмæ тæрхон кæнын райдыдтой, цы бакæной, ууыл. Паддзахы ныхмæ чи рацыдаид, фæлæ Тæрхъусæн алчи йæхирдыгонау тæрхон хаста:

– Сусæгæй йæ фехсæм!

– Минæтæ сæвæрæм æмæ йæ срæмудзæм!

Йæ бинонты йын амынæттæй  ракæнæм!..

Мæнгард, фæлитой Рувасæн йæхи хъуыды уыдис Тæрхъусмæ ахасты æмæ йæ уый дæр загъта:

– Ахæм хъуыддæгтæ террористтæ кæнынц, мах та уыдонæй не стæм. Хъæуы нæ зондæй сархайын, Тæрхъусыл хинæй рацæуын. Æз æм ногазон хуынимæ бацæудзынæн, минасы рæстæджы йын фынæйы хос бадардзынæн, уый бафынæй уыдзæнис æмæ стæй уæхицæн хæссут назбæлæстæ.

Фæцыд Рувасы хъуыды сырдты зæрдæмæ. Æмæ дын мæнæ, йе ккой æмæ йæ къухты хызынтæ, афтæмæй æвæд миты лæгæрды размæ – йæ ных сарæзта Тæрхъусы рдæм. Уый кæд зылындзæст у, уæддæр хорз уыны   дардмæ йæ суыдта æмæ бадис кодта, зæгъгæ кæдæм цæудзæн  æд хызынтæ ацы судзгæ уазалы.

Рувас æм хæстæгæй хæстæгдæр кæны. Æмæ йыл уæд схъæр кодта:

– Гъей, Рувас, кæдæм цæуыс?!

Рувас дзуапп нæ радта, афтæмæй йæ цыды хай дарддæр кæны.

– Æрлæуу дын зæгъын! Фехсдзынæн дæ! – карзæй æрдомдта Тæрхъус æмæ винтовкæ уæхскæй йæ къухтæм райста. Лулæ Рувасæрдæм сарæзта.

Уæд æм Рувас дзуры:

– Цæмæн мæ æхсыс, Тæрхъус, æз дæумæ цæуын ногазон хуынимæ, ды та мæ маргæ кæныс?

Тæрхъус цæрæнбонты лæггад никæмæй зыдта æмæ ныр Рувасы йе ‘рдæм хызынтимæ, ногазон хуынимæ цæуы, уый куы базыдта, уæд йæ чысыл зæрдæ æхсызгон хъыдзы бакодта. Йæ винтовкæ фæстæмæ йе ‘ккой баппæрста æмæ Рувасы йæ цурмæ æрбауагъта.

-Дæ Ног аз дыл дзæбæхæй цæуа, Тæрхъус. Зæгъын дæ абæрæг кæнон, ацы уазалы, зæгъын кæд нæ тыхсыс, мыййаг. Зæгъын, дын мæнæ истытæ дæр фенон, Ног аз æрбалæууы æмæ дын, зæгъын, раарфæ кæнон…- йæ хызынтæ митыл æвæргæйæ, дзырдта Рувас.

– Дæу дæр уæт йæ хорзæх, Рувас, фæлæ цæмæн хъуыдис ацы лæггад, дæхæдæг та мæ хорзæй цы зоныс…

– Ау, ныртæккæ дæр ды махæн, æппæт сырдтæн, нæ лæггад кæныс? Ахъуыды ма кæн, алчи назбæлас куы лыг кæна, уæд ма нæ назхъæдæй цы аззайдзæнис? Раст уынаффæ рахаста нæ падзах, иттæг раст уынаффæ, – дзыхы къæбæл фестад Рувас, стæй, хызынтæм ацамонгæйæ, фæрсы Тæрхъусы:

– Цæй, цы кæнæм адонæн?

– Мæнæ хъæдмæ бахизæм æмæ мит кæм нæй, ахæм стыр назбæласы бын  æрбадæм, – цыма хъæды æцæг хицау  у, уыйау ын бацамыдта Тæрхъус.

Бахызтысты хъæдмæ æмæ иу ахæм бæласы бын æрæвæрдтой хызынты. Рувас фæрæвдз фынг æвæрынмæ æмæ уыимæ йæ ныхас дæр не скъуыд:

– Зоныс, цы, Тæрхъус, дæуыл нæ паддзах стыр бæрн сæвæрдта, тынг стыр бæрн æмæ афтæ æнхъæлыс, уый æнæнхъæлæджы у? Нæ! Уæдæ йæ мæнæн цæуылнæ бабæрн кодта, кæнæ Бирæгъæн, Арсæн, гъе та æндæр искæмæн? Æрмæстдæр ды разындтæ ахæм кады, æууæнчы аккаг æмæ мæ фæнды бузныг дæр дын зæгъон, дæ хæс ныфсджынæй, намысджынæй кæй æххæст кæныс.  Бирæтæ мæсты кæнынц нæ паддзахмæ, стæй, раст дын æй куы зæгъон, уæд дæумæ дæр, нæ хæдзæртты, дам, цы сæвæрæм æмæ цы сфæлындзæм, уый нал ис, фæлæ уыдон не ‘мбарынц, паддзах уымæй нæ иумæйаг хъæдыл æмæ уыимæ махыл дæр кæй ауды.

– Раст зæгъыс, раст, Рувас. Мæнæ ды куыд хъуыды кæныс, афтæ иннæ сырдтæ дæр куы хъуыды кæниккой, уæд мæн дæр нæ назхъæд хъахъхъæныны сæр нæ хъæуид, – сæрыстырæй зæгъы Тæрхъус, стæй йæ винтовкæ йе уæхскæй æриста, назбæласы бындзæфхадыл æй бахъил кодта æмæ фынджы фарсмæ æрбадт.

Рувас диссаджы лæггадгæнаг разынд. Хызынты цыдæриддæр уыд, уыдон фынгыл февзæрыдысты. Райста дурын æмæ сыкъайы арахъхъæй æрыдзаг кодта. Авæрдта йæ Тæрхъусмæ , æркодта йæхицæн дæр. Кувæг уæвыныл Тæрхъус не срзы  æмæ Рувас дæр фыццаг куывдæй ссардта Хуыцауы ном. Нуазынц, фæлæ Рувасæй йæ хæс рох нæу, хъавы, кæд ын фæзындзæн фадат æмæ йын арахъхъыл фынæйы хос кæд æркæндзæн. Акуывтой Ног азы æрбалæудæн дæр, стæй та сæ паддзахы цæрæнбоны тыххæй. Æмæ йын раст уыцы афон бантыст йæ фæнд сæххæст кæнын – аивтæй йын йæ сыкъайы æркодта фынæйы хос.

Тæрхъус уæдмæ басыкъадзæф – цас хъуамæ баназа! Арахъхъ йæхæдæг дæр ахъаз кæны фынæйæн, ноджы ма фынæйы хос дæр йемæ анозта æмæ… æмæ дын чысыл фæстæдæр йæ ком ивазын куы райдаид. Фæлæ уæд дæр æмбæрста йæ бæрндзинад паддзахы раз æмæ барджынæй Рувасмæ бадзырдта:

– Фаг у нуазын, мæн хъæды хъахъхъæнын хъæуы!

– Ау, цытджын Тæрхъус, нæ фынгæн æгъдау ма скæнæм? Нæ хæдзæртты бæркадæн дæр мауал ракувæм?

Уый нал разы кодта, фæлæ ма йын Рувас уæддæр бæркады тыххæй иу сыкъа бадардта. Афтæ зæгъæн нæй æмæ Тæрхъус фæрасыг ис, фæлæ фынæйы хос йæхион бакодта – йæхицæн æрфынæй йæ хъарм кæрцы мидæг æмæ йæ хуыр-хуыр райхъуыст.

Рувасы дæр ма æндæр цы хъуыд! Йæхи банхъæлдта назхъæды хицауæй. Йæ бон у уæртæ винтовкæйы дæр йæ къухмæ райса æмæ дзы Тæрхъусы багæрах кæна, фæлæ уыцы хъуыды йæхимæ æввахс не ‘руагъта. Цæмæн æй хъæуы , чи йæ амардта уый агургæйæ, йæ фæдыл зилой? Уый нæ, фæлæ Тæрхъусы фынæйгæнгæ ныууагъта, нæ февнæлдта винтовкæмæ дæр, афтæмæй рараст æмæ æрзылд сырдтыл. Цæмæй алчидæр йæхицæн назбæлас ралыг кæна æмæ йæ сфæлындза йæ хæдзары.

Сырдтæ дæр айтæ-уйтæ нал фæкодтой, фæлæ æд фæрæттæ æзфæраздæронæй лидзын райдыдтой назхъæды ‘рдæм, лыг кодтой назбæлæстæ æмæ сæ скъæфтой сæ хæдзæрттæм.

Назхъæд абыгъдæг. Аззадысты ма дзы æрмæстдæр, хæссын кæй нæ афæрæзтаиккой, ахæм назбæлæстæ. Уыцы назбæлæстæй сæ иуы бын та, куыд зонæм, афтæмæй йæхицæн фынæй кодта Тæрхъус. Фæлæ цас хъуамæ фынæй кодтаид! Æмбисæхсæвмæ æввахс дын куы райхъал уаид. Куы бамбæрста цы йыл æрцыд уый, уæд фæгæпп ласта, райста винтовкæйы æмæ хъуамæ назхъæдыл æрзылдаид. Фæлæ мæйрухсы йæ алыварс куы акæстытæ кодта, уæд йæ сæр ныххоста дыууæ къухæй. Бамбæрста, Рувас ыл сайдæй кæй разылд, фæлæ ма ныр цы! Цы бакæна, цы ма сараза, йæхи ма паддзахæн куыд равдиса? Æмæ æрцыд йæ сæрмæ ахæм хъуыды: ацæуа, æрзила сырдты хæдзæрттыл, фæлыст назбæлæсты фæстæмæ сæ бынæттæм æрхæсса æмæ сæ миты уæддæр ныссадза.

Райдыдта Тæрхъус сырдтыл хæдзари-хæдзар зилын. Уæдмæ иууылдæр фынæй кодтой æмæ сын сæ назбæлæсты иугай райдыдта хæссын. Зæххы садзæн сын нал уыд, сæ бындзæфхæдтыл сæ ныхасгæ дæр нал бакодтаид, фæлæ-иу сæ миты æрсагъта æмæ фидар лæууыдысты. Афтæ сæ иууылдæр æрæмбырд кодта æмæ райсомæй куы рбарухс, уæд сæм акæс æмæ – назхъæд тæмæнтæ, цæхæртæ калы. Фæлæ уыцы рæстæджы бакæс хæдзæртты сырдтæм дæр æмæ мардæрцыды хуызæн уыдысты. Бамбæрстой, Тæрхъус сын фæстæмæ хъæдмæ кæй ахаста сæ назбæлæсты, фæлæ йын цы сæ бон уыд!

Ракаст йæ хæдзары къæсæрæй паддзах Домбай дæр æмæ йæ зæрдæ куыннæ байрад хæрзвæлыст назхъæдмæ кæсгæйæ. Фæсидт Тæрхъусмæ æмæ йын фæарфæтæ кодта, назхъæды цæхæртæ кæй скалын кодта, уый тыххæй.

– Уый хорз, Тæрхъус, фæлæ ныр назхъæды дарддæр дæр хъахъхъæнын хъæудзæн, цæмæй йæ сырдтæ ма фыдуынд кæной, – бафæдзæхста йæ паддзах.

Æмæ назхъæды дарддæр хъахъхъæдта Тæрхъус. Фæлæ æрбалæууыд назбæлæстæй хъазæнтæ исыны рæстæг æмæ сæ иууылдæр систа. Назбæлæстæ дарддæр сагъдæй лæууыдысты миты. Мит та æнусон нæу, тайын зоны æмæ бонтæ уалдзæджырдæм куыд хъармдæр кодтой, афтæ тадис æмæ назбæлæстæ дæр иугай сæ фæрстыл фæлдæхын райдыдтой. Тæрхъус йе намонд базыдта. Назхъæды кæй нæ бахъахъхъæдта, стæй йæ кæй фæсайдта, уый тыххæй йæм паддзах, гъай-гъайдæр, тынг смæсты уыдаид. Уæдæ куыннæ æмбæрста, сырдтæ дæр æм кæй смæсты уыдаиккой, сæ хæдзæрттæй сын æмæхсæвæджы сæ кæркæ-мæркæ назбæлæсты кæй рахаста, уый тыххæй. Рувас та цы? Рувас æм тынг нæ мæсты кодта, зыдта йæ азым, æппæт уыдæттæ йæ аххосæй кæй æрцыдысты. Уый нæ, фæлæ ма Тæрхъус йæ фæдыл дæр зылд, цæмæй йæ маст райса. Æмæ йæ иу ахæмы æрыййæфта. Багæрах æй кодта. Рувас адæргъ, йæ тыбыртæ цæгъдын систа. «Афтæ гъе, ныр куыдзы мардæй ныммæл», – æхцонæй сулæфыд Тæрхъус æмæ араст йæ фæндагыл. Чысыл фæстæдæр Рувасы къæл-къæл йæ хъустыл ауад, фæкаст фæстæмæ æмæ… уартæ Рувас фæлидзы. «Фæсайдта та мæ уыцы цъаммар, мардæфсон скодта», – йæ дæндæгты къæс-къæс ссыд Тæрхъусæн.

О, фæсайдта та йæ, фæлæ уæдæй фæстæмæ Рувас сырдты ‘хсæн рацу-бацу кæны арыдæй.

Афтæ сырдтæ иууылдæр йе знæгтæ систы Тæрхъусæн æмæ сæ уæдæй фæстæмæ йæхи хизы. Йæ цæрæн бынат ссис къутæрты бын. Уырдыгæй тæрсгæ-ризгæйæ рахизы хизынмæ. Кæд исты хъæлæба йæ хъустыл сныдзæвы, уæд сæ фæхъил кæны, алырдæмыты акæстытæ кæны æмæ сырдтæй искæй куы суыны, уæд фæстæмæ амбæхсы къутæрты бын, кæд нæ, уæд йæхицæн хизын райдайы.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.