Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы   уынаффæмæ гæсгæ арæзт æрцыд зынгæ æхсæнадон архайæг, Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон нывгæнæг æмæ сгуыхт архайæг, Кады ордены кавалер  Кæсойты Лавренты зиан бавæрыны фæдыл паддзахадон къамис.

Паддзахады сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ къамисы скондмæ хаст æрцыдысты:

Пухаты Э.Г. – Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар, къамисы Сæрдар;

Битеты А.В. – Республикæ Хуссар Ирыстоны Нывгæнджыты цæдисы Сæрдар;

Гаглойты Э.Х. – Республикæ Хуссар Ирыстоны Ахуырады министры хæдивæг;

Уырыгаты И.Д. – Парламенты Ахуырад æмæ зонады фæдыл комитеты Сæрдар;

Зассеты Ж.В. – Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министр;

Тыбылты М.Л. – Республикæ Хуссар Ирыстоны Финансты министры хæдивæг;

Коцты А.Г. – горæт Цхинвалы Администрацийы сæргълæууæг;

Наниты И.Г. – Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министр;

Харебаты М.К. – Республикæ Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры фæдыл комитеты Сæрдары хæдивæг.

«Кæсойты Лаврент Павелы фырт ныгæд æрцæуæд горæт Цхинвалы Национ пантеоны мемориалон уæлмæрды. Зианимæ баст хæрдзтæ фыст цæуынц паддзахады хыгъдæй», – дзырдæуы уынаффæйы. 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.