Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик мæсæллæйы ныхæстæ загъта Кæсойты Лавренты бинонтæ æмæ æввахс хиуæттæн йæ амæлæты тыххæй.

«Стыр хъыгзæрдæимæ райстам хорз нывгæнæг, ахуыргæнæг, Хуссар Ирыстоны адæмон нывгæнæг Кæсойты Лавренты амæлæты хабар. Йæ амæлæт у æнæбаххæстгæнгæ зиан не ‘хсæнадæн. Уый стыр фæд ныууагъта æрмæст Ирыстоны культурæйы нæ, фæлæ йæ арæнтæн æдтейæ дæр.

Мæсæллæйы ныхæстæ зæгъын Лавренти Павелы фырты бинонтæн æмæ йæ коллегæтæн. Чи йæ зыдта, æппæт уыдоны зæрдæты уый баззайдзæн куыд диссаджы нывгæнæг æнæсфæлхатгæнгæ авторон æрмдзæф æмæ курдиатджын ахуыргæнæгæй, кæцы фæндаг байгом кодта нывкæнынады аивадмæ дæсныты æнæхъæн плеядæмæ», – дзырдæуы мæсæллæйы телы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.