Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад, адæм æмæ сармагондæй мæхи номæй уын арфæ кæнын национ бæрæгбон – Хæдбардзинады боны цытæн.

1811 аз 5 июль дунейы историмæ бацыд куыд историон рæстдзинады бæрæгбон, Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы  хæдбардзинад райсыны бон. Уый тыххæй бирæтæ сæ цард радтой, уыцы хæдбардзинадмæ тырныдтой æмæ уый сæрыл дæргъвæтин рæстæджы адæм тох кодтой .

Хуссар Ирыстоны адæм дæр рацыдысты сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады зын фæндагыл. Мах бузныджы æнкъарæнтимæ нæ зæрдыл дардзыстæм Венесуэлæйы фарсы ‘рдыгæй  хæларадон акт нæ Республикæйы паддзахдзинад банымайыны сæраппонд. Ныфс мæ ис, нæ паддзахадты ‘хсæн æнтыстджынæй цы æууæнкдзинад æмæ хæлардзинады ахастытæ рæзынц, уыдон дидин кæй æфтаудзысты дарддæр дæр.

Уавæрæй пайдагæнгæйæ дæ, стыр кады æнкъарæнтимæ хонын УФ РХИ-йы Хæдбардзинад банымайыныл 10 азы сæххæсты цытæн цы бæрæгбон арæзт æрцæудзæн, уым хайад райсынмæ. Уый уагъд æрцæудзæн 2018 азы 26 августы горæт Цхинвалы. Ныфс мæ ис, мæ хуынд мын кæй райсдзынæ.

Ацы нысаниуæгджын бæрæгбоны, Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы адæм сæ паддзахадон хæдбардзинад райсыны бон куы нысан кæнынц, уыцы бон дын мæ цæст уарзы, цытджын Президент, сабырад æмæ хæрзæбон, Венесуэлæйы адæмæн та- дидинæфтыд æмæ фæрныгад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.