Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Бразилийы РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвар Тыбылты Андрейы.

Фембæлды ма хайад райста РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр.

Паддзахады сæргълæууæг стыр аргъ скодта дипломаты куыстæн.

«Цы къахдзæфтæ арæзт цæуы æмæ нæ разы цы фарстатæ ис, уыдон нæ æркæндзысты хорз фæстиуджытæм. Латинаг Америкæйы куысты фронт у егъау. Æнæмæнгхъæуæг у, цæмæй цы мидполитикон курсыл цæуæм ууыл лæуд уæм. Æмæ мæ ныфс ис, æнæмæнг бæрæг æнтыстытæ æмæ фæстиуджытæ нæ къухы кæй бафтдзæн», – банысан кодта Президент.

Йæ рады, Тыбылты Андрей бузныджы ныхæстæ загъта Пре-зидентæн ахæм стыр æууæнкдзинады тыххæй æмæ банысан кодта, æппæт йæ тыхтæ кæй сны-вонд кæндзæн, цæмæй Латинаг Америкæ фылдæр базона Хуссар Ирыстоны тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.