2018 аз Инвестпрограммæмæ цы 10 уынджы æрцыд хаст, уыдонæн рахицæн æрцыдысты 580 милуан сомы. Ацы суммæмæ хауынц дон, газ æмæ электрохызæгты реконструкцийы хæрдзтæ дæр.

Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады пресс-службæйы куыд зæгъынц, афтæмæй Джыгкайты Шамилы, Нарты, Къуайсайы æмæ Аланты уынгтыл ныридæгæн сæвæрдтой асфальт. Ацы уынгтæн се ‘ппæты дæр баивд æрцыдысты коммуникацитæ, хæдзæрттæм уагъд æрцыдысты канализацион æмæ донуадзæн хæххытæ. Иннæ уынгты дæр ист æрцыдис сæ уæлцъар, ныккалдтой сыл хуыр.

Кусджытæ тындзынц, цæмæй цалынмæ уазæлттæ, къæвдатæ нæ райдыдтой, уæдмæ бакæной æппæт куыстытæ дæр.

Аразджытæ ифтонг сты хъæуæг æрмæджытæй. Ныфс æвæрынц банысангонд уынгтæ афоныл кæй ратдзысты эксплуатацимæ.

Инвестпрограммæйы фæлгæтты 2019 азы арæзт æрцæудзысты аст уынджы – Гафезы, Лермонтовы, Гаглойты Рутен, Джиоты Аланы фæрсуынг, Остътаты æфсымæрты, Уæлахизы, Харебаты Исахъы æмæ Гаглойты Хазбийы уынгтæ. Уынгтæ се ‘ппæт дæр  æрцæудзысты бæстон  арæзт – баивдзысты сын сæ зæххыбын коммуникацитæ, ивд æрцæудзысты электрохызæгтæ дæр.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.