Мæскуыйаг ирон æхсæнад у куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Цæгат Ирыстоны сæрыстырдзинад дæр, уымæн æмæ Мæскуы у нæ иумæйаг историон Райгуырæн зæхх. Уымæй мах никуыдæм алидздзыстæм æмæ уымæй дæн сæрыстыр. Ацы æхсæнады æрæмбырд сты зынгæ ирæттæ, кæцытæ алыгъуызон рæстæджыты цардысты Мæскуыйы, кæцы-тæй мах стæм сæрыстыр æмæ кæцыты нæмттæ мах сæрбæрзондæй дзурæм», – загъта РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли Мæскуыйаг ирон æхсæнады уæнгтимæ фембæлды рæстæджы, кæцы уагъд æрцыд Мæскуыйы.

Хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæг загъта йæ хъуыдытæ, абоны бон æхсæнады цы уавæр сæвзæрд, уый тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, æрцæугæ процесстæм зын у кæсын, «мах уым, Ирыстоны   абон архайæм æмгуыстадыл, интеграцийыл,  æнгомдзинадыл».

«Стыр куыст кæнæм Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ. Мæ бон у зæгъын, ахæм æнгом æмахастытæ интеграцион процессты Ирыстоны цæгат æмæ хуссар хайы ‘хсæн рагæй нæ уыд: мах сарæзтам æвзаджы рæзты фæдыл иумæйаг къамис, цæмæй Хетæгкаты Къоста Леуаны фырты æвзаг деформаци ма цæуа æмæ куыд у, афтæмæй баззайа. Уый у цæвиттонтæй сæ иу.

Уымæй уæлдай ма мах фæнд кæнæм Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны хицауадты иумæйаг рабадт ауадзын, иумæйаг куыст цæуы закъондæттæн органты ‘хсæн. Уыцы процесстæй мах тырнæм Ирыстоны æрбаиу кæныныл. Æмæ кæд нырма зын дзурæн у   географион æмæ политикон иудзинадыл, уæддæр цæуы интеграци культурон, спортивон æмæ æндæр здæхтыты», – загъта уый.

Æппæт ирæтты максималон консолидацимæ æрсидгæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, хъыгагæн, ис ахæм тыхтæ, кæцытæ пайда кæнынц алы уавæрæй дæр, цæмæй сæхи базонын кæной, уыимæ æнæмбæлон æгъдауæй дæр.

«Мах уый бавзæрстам 2011 азы, Мæскуыйаг диаспорæйы къухдариуæггæнæг, комкоммæ куы райдыдта Хуссар Ирыстоны цы процестæ цыдысты, уыдоныл æндавын. Æмæ йæ сымах дæр хъуыды кæнут уый цæмæ æркодта.

Кæй зæгъын æй хъæуы, алы адæймагæн дæр ис бар йæ алыварс цы цæуы, уый фæдыл йæ хъуыдытæ зæгъа, фæлæ уыцы æхсæнад у политикон баррикадæты иу фарс æмæ уымæн йæ иннæ фарс чи ис, уыдонæн дæр æххуысæн. Иутæн дæр æмæ иннæтæн дæр, ирон æхсæнад хъуамæ уа æххуысгæнæг, амонæг, хъуамæ æндава процесстыл позитивонæй, сæ къухтæ тилгæйæ нæ, фæлæ», – банысан кодта уый.

Президенты ныхæстæм гæсгæ, ирæттæ, кæцытæ ахсынц серьезон бынæттæ, хъуамæ сæ авторитетæй æххуыс кæной, Хуссар Ирыстоны æмæ Цæгат Ирыстоны цы проблемæтæ  ис, уыдон скъуыддзаг кæныны хъуыддаджы.

«Тотоонты Александр сенатор куы уыд æмæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджет райсыны фæдыл серьезон проблемæ-тæ куы уыд, мæнæн уæд, куыд Парламенты Сæрдарæн, нæ уыд æндæр кæмæ бахатыдаин, уый. Æз æй нæ зыдтон, уыцы къуырцдзæвæнæй куыд рахизон, æмæ йæм бахатыдтæн. Александр Борисы фырт æмæ Валентина Матвиенкоимæ мах аскъуыддзаг кодтам уыцы проблемæ. Уый та цасдæрбæрцæй уыд политикон кризис.

Зындгонд куыд у, афтæмæй Александр Борисы фырт æмæ Тайсауты Хъазбегимæ мах стыр хъусдард здахæм Донецкы æмæ Луганскы адæмон республикæтæм. Мах æххуыс кæнæм æмæ æххуыс кæндзыстæм политикон, организацион фарстытæ скъуыддзаг кæныны хъуыддаджы, Хуссар Ирыстонимæ дыууæварсон ахастытæ рæзын кæнынæн. Мæскуыйаг ирон æхсæнады цы адæм ис, уыдон мæнæн æххуыс кодтой Донецкы æмæ Луганскы адæмон республикæтимæ ахастытæ бæстон кæныны. Иттæг ахсджиаг у, цæмæй Мæскуыйаг диаспорæ махæн æххуыс кæна сæвзæргæ фарстытæ скуыддзаг кæныны, кæцытæ æнæ уый хайадистæй скъуыддзаг не ‘рцæудзысты», – банысан кодта уый.

Кæронбæттæны Бибылты Анатоли ныфс бавæрдта, æппæт негатив кæй фесæфдзæн æмæ уавæр карз кæныныл чи архайдтой, уыдон кæй бамбардзысты, нæ нæм уыдзæн тых, æхсæнад дих куы уа, уæд.

«Мæн ныфс ис, æппæт уыдæттæ ивгъуыды кæй баззайдзысты  æмæ мах кæй райсдзыстæм куыстхъом диаспорæ, кæцы æнгом баст уыдзæн нæ традицитæ æмæ кæрæдзийæн æххуыс кæныны тырнындзинадимæй Хуссар Ирыстонæн дæр æмæ Цæгат Ирыстонæн дæр баххуыс кæнынимæ.

Сымах стут иунæг тых æндæр диаспорæтæн дæр. Æмæ мæн тынг фæндид, цæмæ  Мæскуыйаг диаспорæ уа ахæм, кæцы æнгом кæндзæн Уæрæсейы Федерацийы цы ирæтты диаспорæтæ ис, уыдоны. Мæн ныфс ис, быцæудзинæдтæ кæй аиуварс уыдзысты уыцы стыр фарстыты ‘хсæн, кæцыты Мæс-куыйаг диаспорæ æвæры йæхи ‘хсæн, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстонмæ ахасты дæр. 

Мæ цæст уын уарзы сабырад æмæ кæрæдзиæмбарынад, цæмæй иууылдæр уыной нæ куысты фæстиуджытæ æмæ сыл цин кæной», – загъта Президент.

РХИ-йы Президент æмæ

Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.