Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бацæуыны тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы тырнындзинадыл бындуриуæг кæнгæйæ æмæ РХИ-йы Конституцийы 50-æм статьяйы 16-æм пунктмæ гæсгæ Президент Бибылты Анатоли 13-æм майы йæ къух æрфыста Барамындыл Республикæ Хуссар Ирыстоны референдум снысан кæныны тыххæй.

«Нысан æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны референдум ахæм фарсты фæдыл: «Ды разы дæ, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсе баиу кæныныл? Референдум ауадзыны бон нысан æрцæуæд 2022 азы 17-æм июлы», – сæрмагондæй дзырдæуы Барамынды, кæцы йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.