РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Бекъойты Геннади æрбалæугæ Ног азы æмæ Цыппурсы цытæн раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны адæмæн æмæ уазджытæн.

Арфæйы дзырдæуы:

«Зынаргъ æмбæстæгтæ! Республикæ Хуссар Ирыстоны уазджытæ!

Арфæ уын кæнын æрбалæугæ Ног азы æмæ Цыппурсы бæрæгбонты цытæн!

 Ацы хъарм æмæ ирд бæрæгбонтæ нын лæвар кæнынц æввахс адæм æмæ хæлæртты ‘хсæн кæрæдзиимæ ныхасы хъармдзинад банкъарыны, фидæны ахсджиаг плæнттæ банысан кæныны фадат.

Иннæ аз цахæм уыдзæн, уый бирæбæрцæй нæхиуыл, нæ нысанмæ тырнындзинадыл, Фыдыбæстæйы хæрзиуæгæн нæ тыхтæ æмæ зонындзинæдтæ дæттыны фæндондзинадыл баст у.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Зæрдиагæй уын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ хæрзиуджытæ!

Уадз, Ног аз алы бинонтæн дæр æмæ нæ иумиаг хæдзарæн дæр æрхæссæд фидыдад, кæрæдзиæмбарынад æмæ уарзондзинад!»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.