Республикæ Хуссар Ирыстоны цытджын æмбæстæгтæ!

Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын æрбалæугæ Ног азы æмæ Цыппурсы цытæн!

Ацы ирд бæрæгбонтæ нын нæ хæдзæрттæ байдзаг кæнынц рухс æмæ циндзинадæй. Мах сыл æмбæлæм стыр рай-зæрдæйæ, цæмæй нæ хиуæтты амондджын скæнæм, балæвар сын кæнæм аудындзинад æмæ зæрдæйы хъармдзинад. Алкæмæндæр ахсджиаг сты ахæм æргъадтæ, куыд бинонты æнæниздзинад, сывæллæтты æнтыстытæ, кусын æмæ улæфыны фадат. Номхуындæй, уыдоны фæрцы рæзы алы адæймаджы фæрныгад дæр, æмæ алкæцы бинонты фæрныгадæй та – паддзахады дидинæфтыд.

Пандемиимæ баст вазыгджындзинæдтæм нæ кæсгæйæ, ацæугæ азы махмæ фæзынд аккаг фæстиуджытæ къухты æфтын кæныны фæлтæрддзинад. Афтæ нæм цы бирæ хъуыддæгтæ  каст, зæгъгæ, сын саразæн нæй, уыдон систы реалон.

2021 азы нысаниуæгджындæр цаутæй иу у, кæй зæгъын æй хъæуы, Рукъы тъунелыл кабелон электроадæттæн хахх саразын, ис бæрæг размæцыд цæрджытæн социалон æххуыс  бакæныны, амалиуæгады, фæндагон, инженерон æмæ энергетикон инфраструктурæты, цæрæнуатон арæзтады къабазы. Хицауад куыста пенситæ, куыстмызд фæфылдæр кæныныл, куыст æмæ баххæст цыдысты закъæттæ, кæцытæ здæхт сты æмбæстæгты царды гъæд фæбæрзонддæр кæныныл, сæрмагондæй, паддзахадон службæйы, цæрæнуатон политикæйы фæдыл закъæттæ æмæ бирæ æндæртæ.

Зынаргъ хæлæрттæ! Нæ республикæйы æнтыстытæ сты хицауад æмæ цæрджыты иумиаг хъуыддаг. Æмæ мæн уырны, махæн иумæ нæ бон кæй суыдзæн, цард нын нæ разы цы æппæт зындзинæдтæ æвæры, уыдоны сæрты ахизын. Сæйраг уый у, æмæ махмæ кæй ис тырнындзинад 2022 азы ноджы стырдæр æнтыстытæ къухы бафтын кæныны тыххæй. Æрбалæугæ аз хъæздыг уыдзæн алыгъуызон цаутæй. Ныридæгæн, фыццаг мæйты райдайдзæн 2022-2025 азты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзты паддзахадон программæйы реализаци, кæцыйы нысан у республикæйы рæзт фæтыхджындæр кæнын.

2022 азы плангонд у дыууæ форумы ауадзын, кæцытимæ мах бæттæм стыр ныфсытæ инвестицион климат, æддаг-базарадон æмгуыстад фæхуыздæр кæныны хъуыддаджы. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сæйраг политикон цау суыдзæн паддзахады сæргълæууæджы æвзæрстытæ. Уырны мæ, не ‘мбæстæгтæ кæй сараздзысты раст равзæрст.

Уадз, 2022 азы сæххæст уæт уæ хорз фæндтæ æмæ бæллицтæ, уадз, Ног аз алкæмæндæр уæт æнтыстджын æмæ стабилон, нæ зæрдæтæ нын барухс кæнæт бирæ ног хорздзинæдтæй, æрхæссæт нын циндзинад æмæ кæрæдзиæмбарынад æмæ уарзондзинад!

Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад, фæрныгад, сабырдзинад æмæ стыр амонд! Ноджыдæр уын арфæ кæнын Ног азы æмæ Цыппурсы цытæн!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.