Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан æрбалæугæ Ног азы æмæ Цыппурсы тыххæй раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны адæмæн.

Арфæйы дзырдæуы:

«Зынаргъ æмбæстæгтæ! Цытджын хæлæрттæ!

Ног аз у бинонты иууыл ирддæр æмæ уарзондæр бæ-рæгбон, кæцы баиу кæны нæ ивгъуыд, абон æмæ сомбоны, балæвар нын кæны фæрныгад æмæ хъармдзинад. Кæд 2020 аз хуымæтæг нæ уыд, уæддæр ацы бæрæгбонтæ дзаг сты æхцон хъуыддæгтæ æмæ диссæгтæй, алы хæдзары дæр æлдариуæг кæны бæрæгбонон зæрдæйы равг, хъуысынц амонд æмæ хæрзиуджыты зæрдиаг фæндиæгтæ, нывæзт цæуынц фидæны плæнттæ. Бирæ зындзинæдтæ уыд, фæлæ, мæ уырны, уыдон нæ æрбангом кодтой. Ивгуыдмæ ацæудзысты нæ тыхстдзинæдтæ æмæ хъыгтæ, ферох уыдзысты зæронд хъыгдзинæдтæ, ног аз та нын æрхæсдзæн хорздзинæдтæ æмæ зæрдæйы сабырдзинад, æхсызгон хабæрттæ æмæ æнтыстытæ, æхсæнады сабырдзинад æмæ фидыдад. Куыд уыдзæн Ног, 2021  аз, уый махæн нæхицæй кæнгæ у, æмæ мæн уырны, нæ адæмы  монон хъæддыхдзинад æмæ куырыхондзинад фæуæлахиз уыдзысты æмæ мах иумиаг тыхтæй сæххæст кæндзыстæм банысангонд хæслæвæрдтæ, цæмæй нæ цард саразæм хуыздæр, нæ республикæйы та – тыхджындæр æмæ хъæздыгдæр.

Уадз æрлæугæ 2021 аз нын сæххæст кæнæт нæ бæллицтæ æмæ фæндтæ, рæдау уæт хæрзиуæгон хъуыддæгтæй æмæ хуыздæрæрдæм  ивындзинæдтæй.

Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад, уды хæддыхдзинад, хорз зæрдæйы равг. Уæ фæндтæ сæх-хæст уæт Ног азы!  Уадз, æрлæугæ бæрæгбон алы хæдзар-мæ дæр æрхæссæт хорздзинæдтæ æмæ хъæлдзæгдзинад, уарзондзинад æмæ фидыдад, нæ республикæйæн та – сабырад, стабилондзинад æмæ дидинæфтыд!»

***

РХИ-йы Праламенты Сæрдар Тадтаты Алан ма Ног азы æмæ Цыппурсы цытæн раарфæ кодта УФ Федералон Æмбырды Федерацийы Советы Сæрдар Валентинæ Матвиенкойæн, УФ Паддзахадон Думæйы Сæрдар В. В. Володинæн, РХИ-йы УФ Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар М. М. Кулахметовæн, УФ-йы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы З. Н. Цæгат Кавказы республикæты, РЦИ-Аланийы, Абхаз æмæ Арцахы, Приднестровье, Луганск æмæ Донецкы Адæмон республикæты за-къондæттæг органты къухдариуæггæнджытæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.