Украинæйы сæрмагонд хæстон операци уадзыны уавæрты Донецк æмæ Луганскы Адæмон республикæты цæрджытæн баххуыс кæ-нын у «Иугонд Уæрæсе»-йы волонтерон куысты сæйраг здæхтытæй иу, – банысан кодта партийы генера-лон советы нымæрдар Андрей Турчак партийы генсоветы президиумы рабадты.

«Æнæмæнгхъæуæг у Донбассæн æрмæст продукттæ, хостæй æххуыс кæнын нæ, фæлæ арæзтадон æрмæджытæй дæр ныппырхгонд инфраструктурæ сæндидзын кæныны тыххæй. Нæ волонтертæ фыццаг бонæй фæстæмæ арæныл æмбæлынц лигъдæттыл, ифтонг сæ кæнынц рæстæгмæ цæрæн бынæтты æппæт æнæмæнгхъæуæг товартæй, кæцытæ равæрд æрцыдысты уæрæсейаг 15 регионы. Уыдон кусынц гуманитарон æххуыс адих кæныныл», – загъта уый.

Турчак зæрдыл æлæууын кодта, зæгъгæ, Донбассмæ ацыд дохтырты фыццаг бригадæ бынæттон цæрджытæн медицинон æххуыс бакæныны тыххæй. «Æввахс рæстæджы сараздзыстæм цалдæр ахæм къорды, кæцыты нымæцмæ бацæудзысты нæ депутаттæ-медиктæ æмæ æндæр æмбæстагон специалисттæ. Уыдон медицинон æххуыс кæндзысты цæрджытæн республикон рынчындæтты», – банысан кодта Андрей Турчак.

Йæ рады «Иугонд Уæрæсе»-йы цæгатирыстойнаг регионалон хайады нымæрдар, Паддзахадон Думæйы депутат Таймæзты Артур банысан кодта, зæгъгæ, Цæгат Ирыстон æрбаиу Донбассы лигъдæттæн æмæ цæрджытæн баххуыс кæныны иумæйагуæрæсейаг акцимæ. «Республикæйы арæзт æрцыдысты лигъдæттæн рæстæгмæ цæрыны 14 пункты, цыран æрцæрдзысты 500 адæймаджы. Республикæ сæ райсдзæн 10-æм марты. Парти гуманитарон æххуыс – хæлцадон продукттæ, нуазыны дон, афтæ ма 12 тоннæйы арæзтадон æрмæг арвыста Ростовы областмæ. Уымæй дарддæр ма «Иугонд Уæрæсе»-йы «Æвзонг гварди»-имæ иумæ сорганизаци кодтам æмæ æрæмбырд кодтам хъазæнтæ, канцтовартæ, сывæллæттæн чингуытæ. Республикæйы цæрджытæ æрбахæссынц уæлæдарæс æмæ æндæр хъæуæг товартæ», – загъта уый.

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.