Нæузæххонты уынджы цыппæрæм æмæ фæндзæм бирæуæладзыгон цæрæн хæдзæртты æмæ уыдонмæ æввахс Жданов æмæ Хъорнисы уынгты цæрджытæ арæх фæзæгъынц, зæгъгæ, 2008 азы хæстон архайдтыты рæстæджы уыдыстæм нæ адæмы фарсмæ, хъахъхъæдтам нæ бæстæ æмæ нæ адæмы, фæлæ абон нæ бон нæу æмæ бахъахъхъæнæм нæ фæрсты цæуæг уынджы.

Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ хæсты фæстæ Цхинвалы сывæллæтты æвдæм рæвдауæндоны цалцæггæнæн куыстытæм куы æрæвнæлдтой, уæд рæвдауæндоны кæрты цы будкæ уыдис, уый аразджытæ систой æмæ йæ рæстæгмæ æрæвæрдтой, банысангонд уынгты цæрджытæ кæуылты фæцæуынц, уым. Уынджы фæтæн у æхсæз метры æмæ  будкæ йын бацахста йе ‘мбисæй фылдæр. Йæ хицау Хæбæлаты И. фæрæвдз æмæ йæ рæстæгмæ сфидар кодта. Будкæ сисыны рæстæг фæцис, фæлæ абон дæр лæууы кæм лæууыд, уым. Æрæджы уынг схæрзарæзт кæнынмæ æрæвнæлдтой цалцæггæнджытæ. Цæрджытæ бахатыдысты йæ хицаумæ, цæмæй йæ сиса æмæ йæ аласа, фæлæ сæм нæ байхъуыста. Зæххы бын коммуникацитæ аразыны рæстæджы кæд хъыгдардта цалцæггæнджыты, уæддæр куыддæрты бакодтой сæ куыстытæ. Цæрджытæ горæты администрацийы разамындмæ сæ къухфыстытимæ хъаст дæр барвыстой, фæлæ уымæй дæр ницы рауад.  Тагъд цалцæггæнджытæ æрæвналдзысты уынг асфальт кæныны куыстытæм  æмæ цæрджытæ сты сагъæсаг, будкæ кæм лæууы, уым æнæасфальтæй куы баззайа. 

                                                                                                 Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.