Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георгийы æрхуындмæ гæсгæ нæ горæтмæ æрцыдысты А.Н. Бакулевы номыл Уæрæсейаг зонадон центры зæрдæ-дадзинты хирургийы специалисттæ. Уыдон дыууæ боны дæргъы сæхимæ истой куыд хистæр кары адæймæгты, афтæ сывæллæтты дæр. Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъ-хъæныны æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Цоциты Аллæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ уæрæсейаг медиктæ боны фыццаг æмбисы райстой 60 сабийы онг. Сихорæй фæстæмæ та сæхимæ истой хистæр кары пациентты. «Дохтырты æхсæн сты зæрдæ-дадзинты хирург Замик Фатулаев æмæ кардиологтæ Зарина Кудзоева æмæ Теймураз Канаметов. Уыдон рахицæн кæндзысты, дарддæр хос кæнын кæй бахъæудзæн, уыцы пациентты æмæ сæ уый фæстæ сæхимæ исдзысты Мæскуыйы зæрдæ-дадзинты хирургийы зонадон центры. Медиктæ сæхæдæг куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ фыццаг бон цы 60 сывæллоны басгæрстой, уыдонæй 7 сты, дарддæр хос кæнын кæмæн бахъæудзæн, ахæмтæ», – загъта Цоциты Аллæ.

Зарина Кудзоевайы ныхæстæм гæсгæ, уыдон æнæзивæгæй Мæскуыйаг центры сæхимæ исдзысты æххуысхъуаг пациентты, кæцыты дарддæр хъæуы басгарын. «Ныфс нæ ис дарддæры æнтыстджын æмгуыстадæй бынæттон цæрджытæн бæрзонд технологон æххуыс бакæныны тыххæй»,- загъта Зарина Кудзоева.

Уæрæсейаг медиктæм æххуысмæ чи бацыд, уыдон æхсæн уыд нæ горæты цæрæг Къæлхидты Тинæ дæр. Уый нын куыд радзырдта, афтæмæй йæ зæрдæмæ тынг фæцыд рынчынтæм дохтырты профессионалон æмæ фæлмæн ахаст. «1994 азæй мын ис мæ зæрдæимæ проблемæтæ. Чысыл куы бафæллайын, кæнæ истæуыл мæ нуæрттæ куы сыхалын, уæд уайтагъд мæ риу сриссы. Стационарон æгъдауæй хос кодтон ам нæхи рынчындоны æмæ мын уый фæстæ загътой, цæмæй уæрæсейаг дохтыртæн дæр мæхи фенын кæнон. Уыдон мын куыд загътой, уымæ гæсгæ мæ æнæмæнгæй хъæуы Бакулевы номыл центрмæ ацæуын», – банысан кодта Тинæ. Мæскуымæ дарддæры хос кæныны тыххæй æрвыст æрцæудзæн нæ горæты цæрæг Чилæхсаты Барис дæр. «Дохтыртæ мын загътой, зæгъгæ мæ дарддæр хос кæныны тыххæй хъæуы Бакулевы центрмæ ацæуын. Уыцы медицинон уагдонмæ мæ фæхуыдотой июны мæйы æмбисы», – банысан кодта Барис.

Кокайты Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.