ТАГЪД ФАТЕРТÆ ССАРДЗЫСТЫ СÆ ХИЦÆУТТЫ

Арæзтадон куыстытæ кæронмæ бахæццæ сты Хъайтарты уынджы цы цæрæн хæдзæрттæ арæзт æрцыдис,  уыдонæй сæ иуы. Уым ма ныртæккæ цæуынц æфснайæн куыстытæ.

Аразджытæ ныр та рахызтысты дыккаг хæдзармæ æмæ кæнынц æмызмæлд. Ам дзæгъæлы лæууынмæ никæй æвдæлы, кусджытæй иутæ кæнынц сантехникон куыстытæ, иннæтæ æххæст кæнынц къулсæрдæн æмæ инженерон хызæгтæ аразыны куыстытæ, арæзт цæуынц астæрдтæ, æвæрд сыл цæуы плиткæ. Æхгæд цæуынц тыргътæ, æвæрд цæуынц рудзгуытæ.

Кусджытæ канд мидæггагон куыстытыл нæ архайынц, фæлæ ма сæ тыхтæ аздæхтой йæ кæрт ын схæрзарæзт кæнынмæ дæр. Кусджытæй иутæ архайынц, стыр уæзласæн машинæтыл цы хуыр ласынц, уый алæгъз кæныныл, иннæтæ æвæрынц бордюрты, иудзырдæй цæттæ цæуы асфальтмæ. Уый фæстæ дзы арæзт æрцæудзæнис сывæллæттæн хъазæн фæзуат спортивон фæз-уат, æвæрд дзы æрцæудзысты фæхсбандæттæ.

Иудзырдæй, ам куыст цæуы тагъд темптæй, цæмæй объект банысангонд æмгъуыдмæ, ома, августы мæйы кæронмæ арæзт фæуа æмæ сæм цы цæрджытæ æнхъæлмæ кæсынц, уыдоны бæллиц сæххæст уа.

Зæгъын хъæуы уый æмæ æххæст кæй сты кусæгдых æмæ арæзтадон æрмæджытæй.

 

РАФИДАУДЗÆН СУВОРОВЫ УЫНГ ДÆР

Арæзтадон куыстытæм æрæв-нæлдтой нæ горæты Суворовы уынджы дæр. Уый дæр арæзт цæуы 2018-2019 азты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты. Ам уал куыстытæ æххæст кæнынц «Водоканал»-ы кусджытæ. Раивтой канализацион хæххытæ, ныр æрæвналдзысты доны хæххытæ аразынмæ. Арæзтады бригадир Дзадтиаты Вадим куыд зæгъы, афтæмæй уыцы куыстыты фæстæ та æрывналдзысты хæдзæрттæм канализацион æмæ донуадзæн куыстытæм. Ам æдæппæт кусы 10 адæймаджы бæрц. Техникæйæ сты ифтонг. Уый фæстæ уынджы арæзтадмæ æрывналдзысты «Дорэкспострой»-ы кусджытæ.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.