РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр фембæлд Бакулевы номыл зæрдæ-дадзинты хирургийы Мæскуыйы зонадон центры дохтыртимæ.

РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Тотчиты Георги Парламенты спикерæн радзырдта, Хуссар Ирыстоны уæрæсейаг медиктæ цы куыст бакодтой, уый тыххæй. «Уыдон сæ куыстмæ æрæвнæлдтой  республикон соматикон рынчындоны. Медиктæ сæххæст кодтой пациентты консультативон химæрайст æмæ сæ зæрды ис, бæрзондтехнологон æгъдауæй хос кæнын кæмæн хъæуы, уыдоны равзарын. Пациенттæн дарддæр хос кæндзысты Бакулевы номыл центры», – загъта Тотчиты Георги.

Зæрдæ-дадзинты хирург Замик Фатулаевы ныхæстæм гæсгæ, уыдон басгæрстой 100 пациентæй фылдæр. «Мах пациенттæн бакодтам консультативон æххуыс Бакулевы номыл кардиохирургион центры базæйыл хирургион æгъдауæй хос кæнын кæмæн хъæуы, уыдоны равзарыны нысанæн. Мах федтам зæрдæйы паталоги, зæрдæйы ишемион низтæй чи тыхсы, бирæ ахæм пациентты, афтæ ма зæрдæйы сахъатдзинад чи райста, ахæм пациентты дæр. Басгæрстам 100 пациентæй фылдæр, кæцытæй операци кæнынмæ план кæнæм 30-40 адæймаджы арвитын. Уыдонæй авды бæрц сты сывæллæттæ», – загъта Фатулаев.

Дохтыр-кардиолог Теймураз Канаметов банысан кодта, зæгъгæ, Бакулевы номыл центры специалисттæн бастдзинад уыдзæн пациенттимæ, цæмæй сын нæ хъус дарæм сæ уавæрмæ проблемæтæ сын куы фæзына, уæд.

«Махæн ис бастдзинады системæ, æмæ абон консультацитæ цы пациенттæн радтам, уыдонæй алкæмæ дæр сты нæ номыртæ. Æмæ сын  исты проблемæтæ куы фæзына, уæд сæ бон суыдзæн махмæ фæдзурын», – бамбарын кодта Канаметов.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, бынæттон специалисттæм ис куысты стыр фæлтæрддзинад. Дохтыр-кардиолог Зарина Кудзоевайы ныхæстæм гæсгæ, пациенттæн сæ фылдæрæн ис уæрæсейаг æмбæстагдзинад, уымæ гæсгæ сын арæзт æрцæудзысты æнæмæнгхъæуæг медицинон фæдзæхсты полистæ (ОМС), уый фæстæ уыдонæн сæ бон уыдзæн æххуысы цахæмфæнды хуыз райсын дæр.

Йæ рады Парламенты Сæрдар Гасситы Петр  арфæйы ныхæстæ загъта уæрæсейаг дохтырты делегацийæн. «Хуссар Ирыстоны ис бæрзонд æмвæзады специалистты хъуагдзинад, уыцы проблемæ фиппайдæуы æрмæст нæ республикæйы нæ, фæлæ периферийы иумиагæй дæр. Фылдæр хатт ахæм медицинон центртæ, куыд Бакулевы номыл зæрдæдадзинты хирургийы центр, арæзт фæцæуынц стыр горæтты. Фæлæ мах уырны, фидæны нæ рынчындонæн дæр йæ бон кæй уыдзæн бæрзондтехнологон æххуыс бакæнын. Тынг æхсызгон нын у, кæй æрцыдыстут æмæ не ‘мбæстæгты кæй басгæрстат, уый. Мах уæ стыр бузныг стæм уый тыххæй», – загъта Гасситы Петр.

Социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл парламентон комитеты сæрдар Къозонты Алан уæрæсейаг специалисттæн загъта, зæгъгæ, пациенттæн  бæрзондтехнологон æххуыс кæй кæнут, уымæй сымах стут сæ ирвæзынгæджытæ. «Сымах свæййут уыцы адæмы ирвæзынгæнджытæ, кæцыты равзарут бæрзондтехнологон æххуыс бакæныны тыххæй.  Уыдонæн дарддæр сымах свæййут  сæ хорз æмæ хæларзæрдæ хæлæрттæ се ‘ппæт  царды дæргъы», – загъта Къозонты Алан.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, специалистты æрцыд ахъаз кæны кæрæдзийæн фæлтæрддзинад бацамонын  æмæ зонындзинæдтæ радтынæн, афтæ ма æвæрццагæй бандавдзæн бынæттон специалистты дарддæры куыстыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.