Æрбалæууы нæ уарзон, хъæлдзæг, рæсугъд æмæ диссаджы бæрæгбон — Ног аз. Уæлдай тынгдæр æм фенхъæлмæ кæсынц нæ чысыл хуртæ.

Дзауы районы сывæллæттæ æмæ ацæргæ адæмы зæрдæтæ барухс кæныны тыххæй сын районы къухдариуæгад бæрæгбон сарæзта.

Дзауы районы пресс-службæ нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй æрæджы районы скъолайы агъоммæйы кары сывæллæттæ, скъоладзаутæ æмæ æппæт ацæргæ адæймæгтæ райстой ногазон лæвæрттæ — адджинæгты къоппытæ. Уымæй дарддæр ма ногазон лæвæрттæ райстой Дзауы районы администрацийы кусджыты сывæллæттæ дæр. Ацы бонты ма дзауæгтæм æнхъæлмæ кæсынц ногазон мадзæлттæ. 28-æм декабры цæрджытæ Митын Дада æмæ Митын Чызгимæ арфæтимæ хъæлдзæгæй ссыгътой районы сæйраг назбæласы цырæгътæ æмæ уый фæстæ мадзал адарддæр кодтой бæрæгбонон программæйæ.