2022 азы бирæ алыгъуызон цаутæ æрцыд нæ республикæйы æмæ дунейы. Уыдонæй ныл кæцыдæртæ æвзæрырдæм бандæвтой, иннæтыл та æхсызгонимæ сæмбæлдыстæм.

Зæрдæхсайгæ æмæ катай хæссæг цаутæй райдыдта аз. Украинæйы цырен кæнын райдыдтой егъау хæстон архæйдтытæ. Æгæрыстæмæй, январы мæйы дæр бæрæг уыд, Донбассы цæрджыты хъизæмæрттæм Уæрæсейы къухдариуæгад дарддæр афтæ кæй нæуал кæсдзæнис, уый. Уæлдайдæр та хурныгуылæйнаг бæстæтæ бындуронæй куы æрæвнæлдтой Уæрæсеимæ схæцынмæ украинаг фашистты æххуысæй æмæ йæ не ’мбæстæгтæ дæр хорз æмбæрстой, хæстон дуг нæ иувæрсты кæй нæ ацæудзæн.

Рагæй фæстæмæ Уæрæсеимæ нæ хъысмæт иу у æмæ хæсты кой фехъусгæйæ уайтагъд катайаг фæвæййæм — сæр та нæ бахъæуы, æрлæууæм уæрæсейаг хæстонты æмрæнхъ иумæйаг знаджы ныхмæ. Хуссар Ирыстоны æхсæнадыл тынг бандæвта ацы хабар — нæ сахъгуырд лæппутæй бирæтæ сæ мæлæт ссардтой нацисттимæ æнæмсæр тохы. Абоны бон дæр зæрдæхсайгæ стæм æмæ æппынæдзух кувæм Стыр Хуыцаумæ æмæ Ирыстоны зæдтæм, цæмæй нæ хæстонтæ сæрæгасæй сæмбæлой сæ фыдæлты уæзæгыл.

Ацы аз ма нæм уыдысты Президентон æвзæрстытæ. Лæмбынæг куы акæсæм нæ республикæйы историмæ, уæд ирдæй бæрæг у, не ’хсæнад стыр нысаниуæг кæй дæтты æвзæрстытæн. Не ’мбæстæгтæй бирæтæ свæййынц «фæлтæрд» политиктæ, кæцыдæр кандидаты сæрыл кæрæдзиимæ фæбыцæу кæнынц, чидæртæ та сæхицæн «митын» мæсгуытæ фæамайынц. Ис нæм ахæм категорийы гоймæгтæ, кæцытæ та иу æвзæрстытæй иннæмæ фенхъæлмæ кæсынц, ома мæ зонгæ рамбулдзæнис, сбаддзынæн «хæрæн» бынаты æмæ «мæ къахæй ассон-ассон кæндзынæн». Айрох сæ вæййы, кæннод та йæ не ’мбарынц, фыццаджыдæр, магуса ма хъуа-мæ уай, ма æнхъæлмæ кæсай æнæмæт цардмæ. Нырма ахæм диссаг никуыма æрцыдис æмæ кæцыдæр президент кæйдæр бæсты куса æмæ йын йæ бинонты дара. Æмæ ахæм фантазертæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фыдæнхъæл фæвæййынц, æмæ сæ æнæраст архайдæй хатдзæгтæ саразыны бæсты, сæхи ног æвзæрстытæм райдайынц цæттæ кæнын.

Не хсæнад домаг сты къухдариуæггæнджытæй æмæ сын сæ ныфсытæ куы нæ сæххæст кæнынц, уæд сын æвзæрстыты хъæлæс нал раттынц. Æниу дзы политтехнологитæн, ома, манипуляцитæн дæр, бынат вæййы, фæлæ мах хуызæн чысылнымæц æхсæнадыл тынг нæ фæахадынц. Не взарджытæ егъау рæдыдтытæ никуы ныббарынц хорз уаид фидæны кандидаттæ уый куы æмбариккой. Егъау рæдыдтытæ йæм кæй уыди, уымæ гæсгæ æвзæрстыты фембылд Бибылты Анатоли. Ног равзæрст президент Гаглойты Алан 24 майы æрæвнæлдта йæ хæстæ æххæст кæнынмæ.

Нæ та баззад рохуаты нæ иууыл бæллиццагдæр темæ — Уæрæсеимæ баиу кæнын. Алы политик дæр нæм зоны бынæттон цæрджыты ахаст дыууæ Ирыстоны баиу кæныны хъуыддагмæ, æмæ дзы иуæй-иутæ спайда кæнынц æвзæрстыты рæстæджыты. Ныры æвзæрстыты дæр та референдум ауадзыны фæндон бахаста Бибылты Анатоли, æмæ ма йын рæстæг дæр снысан кодта — сæрды райдианмæ. Ам банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Уæрæсеимæ баиу кæныны хъуыддаг, фыццаджыдæр, баст кæй у уæрæсейаг къухдариуæгадимæ. Уыдон разы куы нæ уой, уæд референдум ауадзынæн цы нысаниуæг ис? Стæй ныридæгæн Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операци цæуы æмæ ахæм уавæрты сæ Фæскавказы æндыгъддзинад бынтон ницæмæн хъæуы.

Хатдзæгтæ 2022 азæн
Хатдзæгтæ 2022 азæн

Референдум хуыздæр уыдаид президентон æвзæрстытимæ иумæ ауадзын. Кæннод æй бынæттон цæрджытæ æндæрхуызон бамбæрстой, ома та адæмы «зæрдæйы уагæй» пайда кæны, цæмæй йын хъæлæс радтой. Хуссар Ирыстоны цæрджытæ рагæй бæллынц сæ цæгаттаг æфсымæртимæ баиу кæнынмæ — 90-æм азты дæр ууыл тох кодтам. Фæлæ абон хæдбар паддзахады цæрын кæй фæнды Уæрæсейы æмцæдисонæй, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдоны нымæц дæр бирæ у, фæлæ, кæмæй стæм хæдбар? Цы нæм ис, цæмæй фидар кæнæм нæ паддзахад? Нæ хъæутæ æмæ нæ кæмттæ куы сихсыдысты адæмæй, хуыздæр цардагур куы лидзæм алырдæм, уæд ма паддзахад та кæй хъæуы?

Акæсæм ма дунемæ — хъомысджын бæстæтæ кæрæдзийы «ахæрынмæ» хъавынц æмæ мах хуызæн гæвзыкк, æнæбон паддзахад иунæгæй кæй ныхмæ хъуамæ фæлæууа. Уæрæсейаг æфсæддонтæ куы нæ уаиккой нæ республикæйы территорийыл, уæд нæм Донбассæй хуыздæр уавæр нæ уаид. Фæлæ Хуыцауæн бузныг — абоны бон уал хызт стæм фыдбылызтæй. Нæ адæмæн фидæн уыдзæнис, кæд æмæ рæхджы баиу уæм Уæрæсеимæ — ууыл дызæрдыг кæ-нын дæр нæ хъæуы. Æниу, уый мæхи хъуыды у, сæттын, алкæмæн дæр ис бар йæхи сæрызондæй цæрын.

Уæрæсейы æххуысы фæрцы та ацы аз дæр Инвестпрограммæйы фæлгæт-ты æрцыд егъау куыст — горæты дæс уынджы капиталон æгъдауæй сцалцæг кодтой. Ирæтты уынгыл та кæронмæ æрхæццæ дыууæ бирæфатерон хæдзæртты арæзтад. Тагъд не мбæстæгтæй кæмæндæрты сæ бæллицтæ сæххæст уыдзысты — бауыдзысты ног фатерты хицæуттæ. Уымæй уæлдай ма хæрзарæзт æрцыдис Вокзалгæрон территори дæр, кæцы бирæ азты дæргъы уыд æдзæллаг уавæры æмæ ныр йæ уындæй зæрдæ райы. Æдæппæт ацы аз куыст цыдис 18 объекты æмæ дзы 13 радтой эксплуатацимæ. Иннæ фондз объекты арæзтадон куыстытæ планмæ гæсгæ ахызтысты 2023 азмæ. Иумæйагæй сисгæйæ Инвестпрограммæйы пълан сæххæст кодтой 95% æмæ йæ банымадтой хорз æнтыстыл.

Ныр цалдæр азы дæргъы не ’хсæнады быцæу цыдис «зæронд хиды» хъысмæты фæдыл. Иутæ дзырдтой, зæгъгæ ацы хид Цхинвалы фидыц у, горæты архитектурон историимæ баст у, æмæ йæ пырх кæнын нæй гæнæн. Иуæрдыгæй раст сты — ахæм объекттæй фидауы алы горæт дæр æмæ сæ «цæсты гагуыйау» хъæуы хъахъхъæнын. Фæлæ ам дзырд цæуы «хидыл», кæцыйæ æппынæдзух пайда кæнынц цæрджытæ æмæ уымæ гæсгæ хъуамæ дзуапп дæтта æдасдзинады домæнтæн. Кæд æмæ афтæ гæнæн ис, цæмæй дзы нысанмæздæхтæй ма пайда кæнæм, фæлæ уа æрмæстдæр туристон объект, уæд æй уыдаид ныууадзæн — бахъуыдаид æй æрмæст реконструкци. Фæлæ уыцы бынаты хид æнæмæнг хъæуы æмæ цæрджытæ цы фæуой?

Уыдис ма ахæм проект дæр, ома дæлдæр, мехзаводы цур, ног хид саразæм. Фæлæ йæм алыварсонæй куы бакастысты, куы йын банымадтой йæ саразыны аргъ æмæ ма цы зындзинæдтимæ сæмбæлдзысты, стæй ма цæрджытæ дæр сæ хъуыдытæ куы загътой, уæд нал сфæнд кодтой йæ саразын. «Зæронд хиды» бæстонæй басгæрстой уæрæсейаг инженертæ æмæ хатдзæгтæ сарæзтой — объектæн йæ ресурс фæцис. Сæ бакæнгæ куысты фæдыл специалисттæ фидарæй загътой, хидæн тæссаг кæй у ныккæлынæй.

Ацы хид арæзт æрцыд 1893 азы æмæ уæды рæстæджы уыд иунæг хид горæты. Уымæ гæсгæ йын уыдис стыр ныса-ниуæг. Йæ колоннæтæ уыдысты дурæй амад æмæ æмбæрзт та уыд хъæдæрмæгæй. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу хъæдæрмæг бамбыд æмæ-иу ивинаг фæцис. Фæстæдæр ын 1903 æмæ 1910 азты йын сарæзтой реконструкци æмæ йæм ба-хастой хъæугæ ивындзинад — хъæдæрмæг баивтой бетонæй. Уæды рæстæджы хæдтулгæтæ стæм уыдис, уæлдайдæр та уæзласæн машинæтæ, æмæ хид дæр арæзт уыд уæды рæстæджы домæнтæм гæсгæ.

Абоны бон «зæронд» хидæй ныры хуызы пайда кæнæн нæй. Кæнæ йæ архитектурон цыртдзæвæныл хъæуы банымайын æмæ дзы дарддæр нысанмæздæхтæй мауал пайда кæнæм. Кæнæ та йын йæ бынаты хъæуы ног хид саразын. Иунæг инженер дæр йæхимæ уыцы бæрн нæ райсдзæнис, цæмæй йын реконструкци сараза æмæ йæ æдасыл банымайа. Æмæ йæ ныппырх кæнын кæй нæ фæндыд, уый йæхимæ уыцы бæрндзинад райстаид? Хид, фыццаджыдæр, хъуамæ уа æдас. Хуыцау бахизæд, фыдбылыз куы æрцыдаид, уæд йæхи азымджыныл ничи банымайдзæнис.

Азы кæрон ма паддзахадон резервы ангартæ дæр байдзаг сты æнæмæнгхъæуæг товартæ æмæ техникæйæ. Ныр тыхст рæстæджы цалдæр боны фаг скомдзыстæм — ис дзы хæлцадон продукттæ, арæзтадон æрмæджытæ, æмбæлон техникæ æмæ хъæуæг дзаумæттæ. Инвестпрограммæйы фæлгæтты та ног æрцæугæ азы дæр цæудзысты арæзтадон куыстытæ. Пъланмæ гæсгæ суанг 2025 азы онг нысангонд сты æппæт объекттæ, кæцытæ хъуамæ æрцæуой арæзт.

Джиоты Алыксандр