Гасситы Афанасийы райгуырдыл сæххæст 175 азым

Бирæ ис нæ адæмы æхсæн ахæм разагътайы адæймæгтæ, кæцытæ сæхицæн æмæ сæ раттæг адæмæн дæр скодтой хорз кад. Уыдонæй сæ иу у философон зонæдты бæрзæндтæм чи схызт, уыцы номдзыд ахуыргонд – Гасситы Афанаси (Афæхъо).

Гасситы Афанасийы ном зындгонд у канд Ирыстоны æмæ Кавказы нæ, фæлæ æппæт Уæрæсейы æмæ Европæйы дæр. Профессор С.А. Венгеров æй хуымæтæджы нæ бахаста йæ чиныг «Критико-биографический словарь русских писателей и ученых»-мæ. Чиныг уагъд æрцыд Бетъырбухы 1915 азы.

Гасситы Афанаси ныууагъта хъæзныг сфæлдыстадон бынтæ философийæ, социологийæ. Ацы зонæдты Афанаси, алкæцыйы дæр бакодта ахадгæ иртасæн куыстытæ. Уымæй уæлдай ма уый карз æмæ æгъатырæй фыста, адæмæн, æхсæны цардæн знаггад чи кодта, уыцы идеологийы ныхмæ, йæ публицистикæ арæзт уыд хицаудзинады хæрам миты ныхмæ. Сидти социалон прогрессы сæрвæлтау тохмæ, архайдта, цæмæй Кавказы адæмтæ разæнгардæй цыдаиккой рухс æмæ ахуыры фæндагыл, бауарзтаиккой уырыссаг культурæ.

Афанаси райгуырд 1844 азы, Дзæуджыхъæуы фидары цур цы ирон хъæу уыд, уым. Дыууæ азы йыл куы сæххæст, уæд амард йæ фыд Абрам. Лæппуйы тынг фæндыд ахуыр кæнын, фæлæ мæгуыр адæмы цотæн, ахæм фадат кæм уыд. Цыппæрдæс азы йыл куы сæххæст, уæд æнæнхъæлæджы дины скъоламæ бацыд. Фыссæг-публицист Цæголты Георгийы ныхæстæм гæсгæ, хъуыддаг та æцæгæй уыд афтæ, æмæ-иу, Афанаси кæимæ хъазыд, уыцы скъоладзаутæ æрдомдтой сæ хицауæй, цæмæй Афанасийы райсой скъоламæ. Куы нæ йæ райсой, зæгъгæ, уæд уыдон иууылдæр сæ ахуыр ныууадздзысты. Скъолайы хицауæн æндæр гæнæн нал уыд æмæ йæ райстой. Афанаси йæхи равдыста стыр зæрдæргъæвдæй. Дины скъола каст фæцис 1862 азы æмæ Кавказы мидæг чырыстон дин сног кæныныл чи куыста, уыцы æхсæнад æй ахуырмæ арвыста Стъавраполы ди-ны семинармæ. Ам Афанаси уайтагъд ссис хуыздæр ахуырдзау скъоладзаутæй сæ иу.

Стъавраполы симинар каст фæци 1867 азы, æмæ йæ йæ хорз ахуыры тыххæй арвыстой Киевы дины академимæ. Уыцы рæстæджы та мæгуыр адæмы сывæллæтты, дины уæлдæр скъолатæм нæ истой, зæгъгæ, сæ ахуырад раст фæндагыл куынæ акæна, æмæ сæм змæнтыны зондахаст куы фæзына.

Фæлæ Афанаси иттæг хорз цæттæ кæй уыди, фæлварæнты арф зонындзинæдтæ кæй равдыста, уымæ гæсгæ сын æндæр гæнæн нæ уыд. Академийы правленийы секретарь Советы куыд загъта, афтæмæй сыгъдæг синоды оберпрокурор бар радта Гассийы фырты райсынæн ахæм дзырдимæ: кæд, зæгъгæ, йæ зондахаст раст уа, уæд. Фæлæ Гассийы фырт раджы бамбæрста æрдзы фæзындтæ æмæ царды фарстатæ, дин куыд амоны, уый раст кæй нæу. Дины амындтытæй йæ зæрдæ цъæх кæнын байдыдта. Хуыцауы ахуырад куыд амыдта, уым йæ зæрдæ цæуыл фæлæууыдаид, ахæ-мæй ницы ардта. Æмæ ма академийы студент куы уыди, уæд йæ хъус адардта философимæ. Уым йæ курсон куыстытæй иуæн равзæрста, пысылмон ахуырады сæйраг чиныг историон-философон кртикæйы куыд æвдыст цæуы, уыцы фарста. Гассийы фырты куыстæн скодтой стыр аргъ, рецензийы ныффыстой йæ куыст оригиналон кæй у æмæ йын уыцы куысты тыххæй лæвæрд æрцыд Хуыцауахуыры кандидаты къæп-хæн. Фæстæдæр та психологийæ, философийы историйæ, педагогикæ æмæ бындурон Хуыцауахуырæй магистрон фæлварæнтæ æн-тыстджынæй куы радта, уæд нымад æрцыд магистрантыл.

Академийы фæстæ цыппар азы дæргъы Гассийы фырт куыста Мæздæджы дины скъолайы разамонæгæй. Уыцы куыст ын ноджы фæарфдæр кодта, динмæ цы критикон цæстæнгас дардта, уый. Хъуыддаг рахатыдтой аргъуаны кусджытæ æмæ йæ ныхмæ сыстадысты. Афанасийы йæ къух сисын бахъуыд дины кувæндæттыл. Уый фæстæ алы куыстытæ кодта Фæскавказы бирæ рæтты, фæлæ йæ сæйраг куыст ссис зонад æмæ литературон сфæлдыстад. Фæскавказы цы азтæ бакуыста, уыдон стыр бынат æрцахстой йæ дунеæмбарынад сфидар кæныны хъуыддаджы. Ам йæхи цæстæй федта мæгуыр фæллойгæнæг адæмы уæззау уавæр.

Афанаси баурæдта йæ маст æмæ æргом радзырдта, мæгуыр адæмы уыцы уавæрмæ чи æртардта, æххормаг æмæ бæгънæг кæй аххосæй сты, уый тыххæй. Ахæм критикон зондахаст кæй уыди уацы, уый тыххæй Гассийы фырты хицауад фæзылынджын кодта, адæммæ тохмæ сиды, зæгъгæ. Социалон æнæрастдзинады ныхмæ тох, æфхæрд адæмы бартыл дзурын – уыдон систы йæ царды ахсджиагдæр нысан. Уыцы рæстæджы цы уацтæ ныффыста, уыдон иууылдæр уыдысты хъæздгуыты ныхмæ арæзт. Æмæ йын кæй зæгъын æй хъæуы, паддзахы хицæуттæ уыцы хъуыддæгтæ нæ барстой. 1904 азы йæ йæ куыстæй систой. Æндæр куыстмæ йын бацæуæн нал уыди – ничиуал æй иста. 1906 азы æрыз-дæхт Дзæуджыхъæумæ æмæ кодта æрмæст зонадон куыст, мæгуыр, хъизæмайраг уавæрты цæргæйæ.

Гассийы фыртæн кæд йæ ахуыр дины хъуыддæгты фæдыл уыди, уæддæр иттæг раст бамбæрста зонады философийы æмæ демократон хъуыдыйыл хæст раззагондæр минæвæртты идейæтæ æмæ ныллæууыди материалистон философийы позицитыл. Уымæ гæсгæ фидар баст уыд йæ адæ-мимæ: йе ‘гъдæуттæ, йæ бæллицтæ, йæ цард æмткæй райсгæйæ, йæ тох – уыдон систы йæ царды скъола. Фæлæ уыцы скъола фаг нæ уыди. Афанасийы авналæнтæ дардыл айтыгътой сæхи. Уый зыдта цалдæр æвзаджы. Рагон грекаг, рагон дзуттаг, латинаг, зæронд славянаг, францаг, немыцаг, польшæйаг, уырыссаг, гуырдзиаг, ирон. Уый йын фадат лæвæрдта, цæмæй уыцы æвзæгтыл кастаид Уæрæсейы Ныгуылæн бæстæты, Скæсæн бæстæты æхсæнадон хъуыды æмæ философийы историйы фæдыл фыст чингуытæ. Йæ фыстыты йын адæймаг сæмбæлы, æцæгæйдæр энциклопедион чи у, ахæм хъуыдытыл. Уый стыр  аргъ  кодта материалистон ахуырадыл хæст рагон философтæн – Гераклитæн, Демокритæн, Эликурæн, Ксенафанæн æмæ æндæртæн дæр. Цымыдисон ын уыдысты Спинозайы философи 18 æнусы францаг рухстауджыты, Фейербахы куыстытæ. Иттæг хорз зонгæ уыди Гербарты, Фихтейы, Канты, Гегалы æмæ иннæты идеалистон скъолатимæ.

Афанаси йæ хъус тынг дардта, 19 æнусы кæрон æрдззонæны зонад куыд тагъд рæзти, уымæ æмæ йæ комкоммæ æвæрдта дины ахуырады ныхмæ. Уыцы хъуыддаджы йын стыр ахъаз уыди материалистон философи. Гасситы Афанасийы куыстытæм лæмбынæг чи æркæса, уый æнæмæнг бамбардзæн – фыццаг ирон  философæн йæ бон кæй ссис схизын уæды рæстæджы Европæйы раззагондæр хъуыдыйы æмвæзадмæ.

Афанасийы зонадон æмæ публицистон куыстытæн стыр нысаниуæг ис абон дæр. Уыдонæй философ-гуманист равдыста: хъуамæ алы ахуыргонд дæр йæ цард, йæ куыстæй лæггад кæна йæ адæмæн, тох кæна уыдоны сæрибар æмæ амондыл.

Гасситы Афанаси амард 1915 азы 71 азы йыл куы сæххæст, уæд. Фæлæ йæ фæстæ ныууагъта хорз фæд. Йæ царды фæстаг бонтæм дæр уый тох кодта йæ адæмы сæрибар æмæ амондыл. Ахæм зондахастыл лæуд кæй уыд, уымæн баззад йæ ном цæргæйæ йæ адæмы зæрдæйы. Ныр Гасситы Афанасийы райгуырдыл сæххæст 175 азы. Æмæ кæд æнусæй фылдæр рацыд йæ амæлæтæй, уæддæр ын йæ рухс ном æмæ йæ бакæнгæ хъуыд-дæгтæ сæ зæрдыл дарынц йæ раттæг адæм.

Æрмæг бацæттæ кодта

 БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.