Знауыры районы фермерон хæдзарадтæ æмæ хицæн цæрджытæ æрвылаз дæр дзæвгар байтауынц æфсирон культурæтæ, базилынц сæм агротехникæйы домæнтæм гæсгæ æмæ уый фæстиуæгæн тыллæгæрзадæй дæр барухс вæййы сæ зæрдæ. Зæхкусджытæ уыцы хорз хъуыддаг дарддæр дæр æххæст кæнынц ацы аз дæр æмæ сын æнтысгæ дæр бакодта. Куысты æнтыст, фыццаджыдæр, баст у куыд механизаторты хъæппæрисон архайдыл, афтæ ма хæдзарадты разамонджытыл.

Уелиты тракторон бригадæйы бригадир Наниты Талик æнувыдæй архайы зæхкусджыты домæнтæ æххæст кæныныл, йæ бæрныуæвæг техникæ вæййы куыстæввонг, цух нæ вæййынц куыстыты рæстæджы æртагæй дæр. Механизатортæ та сæхи рады æнкъарынц бæрндзинад æмæ афоныл бакæнынц хæдзарадты хъæууон-хæдзарадон куыстытæ.

Нанийы фырт куыд загъта, афтæмæй уал фæззыгæнд мæнæу хæдзарадтæ иууыл иумæ байтыдтой 180 гектары фæзуатыл Уелит, Бадатæ, Урсдур, Ионча æмæ æндæр рæтты. Механизатортæ фæззыгон æмæ уалдзыгон æфсирон культурæты байтыдтæн рагацау бацархайдтой мæр афæлдахыныл æмæ сын бантыст 700 гектары бахуым кæнын. Кæд ма сæ боныгъæдтæ бауадзой, уæд ма ноджыдæр бацархайдзысты хуым кæныныл. Хуым кæнын æмæ тауыны куыстыты активон хайад райстой механизатортæ Пухаты Дзантемыр, Хуыбецты Вася, Кокойты Эдик, Гæззаты Андрей æмæ Кокойты Валери.

                                                                       ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.