Физикон культурæ æмæ спортæй архайынæн, сывæллæтты æмæ фæсивæды æнæниз цардуагыл фæцайдагъ кæныны тыххæй æмбæлон уавæртæ саразын актуалон у алы паддзахадæн дæр. Афтæ у нæ республикæйы дæр. Нæ бæстæйы  спортæй архайынæн арæзт цæуынц хорз уавæртæ.

Фыдыбæстæйон спорты рæзты хъуыддагмæ стыр хайбавæрд чи бахаста æмæ дæсгай азты дæргъы рæзгæ фæлтæры спортыл чи цайдагъ кодта, нæ уыцы æмбæстæгтæй иу уыд Хуссар Ирыстоны спорты ветеран, РХИ-йы физикон культурæ æмæ спорты фыццаг сгуыхт кусæг Уалыты Лев Сосланы фырт. Йæ номимæ баст у Хуссар Ирыстоны спорты историйы æнæхъæн эпохæ. Уый æгъатыр мæлæт не ‘хсæнæй атыдта 2020 азы. Ацы бонты Уалыты Левы амæлæтыл сæххæст иу афæдз. Нæ газеты фæрстыл ын мысæм йæ рухс ном.

Уалыты Лев райгуырд 1932 азы Хуссар Ирыстоны зындгонд инженер Уалыты Сосланы бирæсывæллонджын бинонты ‘хсæн. Левæн æрдз схай кодта диссаджы физикон бæрæггæнæнтæ. Сывæллоны физикон рæзты хъуыддагмæ фыццаг хатт йæ хъусдард аздæхта йæ мады ‘фсымæр Плиты Георги, кæцы тынг уарзта æмæ аргъ кодта спортивон акробатикæйæн. Уый райдыдта йæ хæрæфыртæн фыццаг тренировкæтæ уадзын дæр. Афтæмæй 4-аздзыдæй Уалыты Лев базонгæ акробатикæимæ. Фондзаздзыдæй-иу  алыгъуызон бæрæгбонон мадзæлтты сценæмæкæсджыты раз ралæууыд алыгъуызон акробатикон номыртимæ. Фæстæдæр Плиты Георги ацыд Мæскуымæ æмæ уым ахуыр кæнынмæ бацыд физикон культурæ æмæ спорты институтмæ. Фæлæ чысыл Лева йæ тренировкæтæ нæ ныууагъта æмæ сæ адарддæр кодта Советон Æфсады афицер Георги Степановы къухдариуæгады бын, кæцы уыцы рæстæджы службæ кодта Цхинвалы. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты Уалыты Лев йæ тренер Георги Степановимæ регулярон æгъдауæй уагъта спортивон равдыстытæ, Цхинвалы æфсæддон госпиталты чи хос кодта, уыцы сырхæфсæддонтæн æмæ Хуссар Ирыстоны областы столицæйы æфсæддон хæйтты чи службæ кодта, уыцы æфсæддонтæн. Курдиатджын спортсмен-иу йæ архайдæй дисы баппæрста æрæмбырдуæвджыты, æмæ-иу ын кодтой тыхджын къухæмдзæгъд.

Фæстæдæр Уалыты Лев архайын райдыдта футбол æмæ баскетболæй. Скъолайы рауагъдон къласы Лев  фидарæй аскъуыддзаг кодта йæ дарддæры цард спортимæ сбæттын, æмæ Цхинвалы 2-æм астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты физикон хъомылад  æмæ спорты факультетмæ (ныртæккæ ЦИПУ). Уæлдæр ахуырадон уагдоны не ‘мзæххон уыцы иурæстæджы уыд футбол, баскетбол æмæ волейболæй Цæгат Ирыстоны æмбырдгонд командæты уæнг, кæцытæн бирæ хæттыты сæ къухты бафтыдысты æнтыстытæ алыгъуызон егъау ерысты. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы æнтыстытæм-иу йæ хайбавæрд бахаста хуссарирыстойнаг лæппу дæр. Цæгат Ирыстоны паддзахадон институт Лева каст фæцис 1955 азы. Æвзонг рауагъдоны уды хъомысæн стыр аргъ скæнгæйæ, факультеты къухдариуæгад Левайæн загъта йæ фæндон, ацы институты ахуыргæнæгæй бакусыны тыххæй. Фæлæ бæллиццаг æмæ хорз перспективæтæм нæ кæсгæйæ, Лева не сразы сæ фæндыл. Уымæн æмæ æвзонг адæймагæн æндæр уыд йæ бæллиц – йæ райгуырæн къуым – Хуссар Ирыстоны спорт рæзын кæнын.

1955 азы Уалыты Лев æрыздæхт йæ райгуырæн Цхинвалмæ æмæ кусын райдыдта Сывæллæтты-æрыгæтты спортивон скъолайы баскетбол æмæ волейболы тренерæй. Абаргæйæ, цыбыр рæстæгмæ, уымæн йæ бон ссис бирæ тыхджын спортсментæ бацæттæ кæнын, кæцыты къухты бафтыд хорз æнтыстытæ алыгъуызон ерысты. Левы хъомылгæнинаг Къæбысты Петр ссис волейболæй Советон Гуырдзыстоны æвзæнгты командæйы капитан. Волейболæй Советон Гуырдзыстоны æмбырдгонд командæйы уæнгтæ ма систы æвзонг тренеры хъомылгæнинæгтæй бирæтæ – Гæбæраты Вадим, Тыбылты Таймураз, Цхуырбаты Вадим, Гæбæраты Елгуджа æмæ Джиоты Юлия. Тренеры куысты йе ‘нтыстыты тыххæй Лев бирæ хæттыты хорзæхджын æрцыд алыгъуызон хорзæх-тæй.

1960 азы нысан æрцыд Сывæллæтты-æрыгæтты спортивон скъолайы директорæй. Уыцы рæстæджы горæты уый уыд иунæг ахæм скъола. Скъолайы базæйыл куыстой баскетбол, волейбол, спортивон гимнастикæ, акробатикæ æмæ стъолы теннисы секцитæ. Уæд скъолайы уыд æрмæстдæр æхсæз тренеры штаты. Нæ сын уыд сæхи бæстыхай æмæ сæхи залтæ. Тренировкæтæ уагътой нæ горæты 3-æм астæуккаг скъолайы спортивон залы. Иумæйагæй сæ секциты архайдтой æрмæстдæр 150 сывæллоны бæрц.

Æвзонг къухдариуæггæнæджы раз лæууыдысты вазыгджын хæстæ, фæлæ сæм уый фæндвидарæй æрæвнæлдта планонбæрцæй сæ аскъуыддзаг кæнынмæ. Уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны Автономон областы Сывæллæтты-æрыгæтты спортивон скъолайæн штатттæ рахицæн кæныны тыххæй уынаффæ ист цыд Советон Гуырдзыстоны рухсады министрады физикон культурæ æмæ спорты хайады. Тбилисаг чиновниктæн раст уынаффæ райсын бауырнын кæнын хуымæтæджы хъуыддаг нæ уыд. Фæлæ йæ инициативæйы, дзырдарæхстдзинад æмæ архайды фæрцы ног снысангонд директоры бон ссис ацы хæс æвæрццагæй аскъуыддзаг кæнын. Спортивон скъолайы кусын райдыдтой гандболы, уæгъдибар хъæбысхæсты, фехтовани, велоспорты, боксы, уæззау атлетикæйы секцитæ. Сывæллæтты-æрыгæтты спортивон скъолайы секциты архайæг сывæллæтты иумæйаг нымæц ахызт 1200 адæймагæй. Фæстæдæр спорты ацы хуызты иуæй-иутæн, Хуссар Ирыстоны сæ дарддæры интенсивон рæзты нысанæн, Уалыты Левы активон хайадистæй арæзт æрцыдысты специализацигонд спортивон скъолатæ, сæрмагондæй, уæззау атлеткæйы, боксы, хъæбысхæсты скъолатæ æмæ афтæ дарддæр. Уымæй дарддæр ма  Уалыты Левы къухты бафтыд сывæллæтты спортивон скъолайы хъæбысхæсты дæлведомствойон  секцитæ Знауыры, Аунеу, Еред, Къуайса, Дзау æмæ Ленингоры районты бакæнын.

Хуссарирыстойнаг Сывæллæтты-æрыгæтты спортивон скъолайы хъомылгæнинæгтæн регулярон æгъдауæй сæ къухты æфтыдысты æнтыстытæ Советон Гуырдзыстоны уагъдцæуæг алыгъуызон ерысты. Уалыты Левы хисæрмагонд архивы сты Хуссар Ирыстоны автономон областы æмæ Советон Гуырдзыстоны къухдариуæгады бирæнымæц разæнгардгæнæн грамотæтæ, арфæйы фыстæджытæ æмæ хорзæхтæ, кæцыты йын саккаг кодтой физикон культурæ æмæ спорты къабазы йæ бирæ азты æнтыстджын архайды тыххæй. 80-æм азты та йын лæвæрд æрцыд «Советон Гуырдзыстоны адæмон ахуырады отличник»-ы кадджын ном.

1989 азы Гуырдзыстоны Советон Республикæйы физикон культурæ æмæ спорты комитеты къухдариуæгад фæнд кодта Уалыты Левæн «Советон Гуырдзыстоны физикон культурæ æмæ спорты сгуыхт кусæг»-ы ном радтын спорты къабазы йе ‘нтыстыты тыххæй. Фæлæ уый не сразы йæ райсыныл, уыцы рæстæджы Гуырдзыстоны хицауад хуссарирыстойнаг адæммæ сæ националистон ахаст æвдисын кæй райдыдтой, уымæ гæсгæ.

«Лева-иу дзырдта, зæгъгæ, сгуыхт кусæджы ном кæй нæ райста, уымæй уый равдыста йæ протест ирон адæммæ Гуырдзыстоны къухдариуæгады знагиуæгон ахасты ныхмæ», – загъта Джиоты Руфин.

33 азы дæргъы уый æнæсцухæй бакуыста Сывæллæты-æрыгæтты спортивон скъолайы директорæй. Уал азы дæргъы йæ къухтæй рацыдысты сæдæгай æвзонг спортсмены. 1994 азы Хуссар Ирыстоны физкультурæ æмæ спорты рæзты йæ цæсгомджын куысты æмæ æнтыстыты тыххæй Уалыты Левæн лæвæрд æрцыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны физикон культурæ æмæ спорты сгуыхт кусæг»-ы кадджын ном. Уалыйы фырт у фыццаг, не ‘мбæстæгтæй ацы ном кæмæн саккаг кодтой, уый.

Джиоты Руфины ныхæстæм гæсгæ хуссарирыстойнаг спорты рæзтмæ Левы хайбавæрдæн саргъгæнæн дæр нæй. «Мах иууылдæр рацыдыстæм йæ къухтæй. Уый уыд стыр ныфс райдайгæ тренертæн, амыдта сын йæ фæлтæрддзинад.Тынг ын кад кодтой иууылдæр. Бæрзонд профессионалондзинадæй дарддæр ма йæ хицæн кодтой диссаджы адæймагон миниуджытæ. Йæ хъомылгæнинæгты дæр ахуыр кодта хæрзæгъдау уæвыныл. Йæ Ирыстоны æнахуыр уарзт кæй кодта, уымæ гæсгæ стыр хъусдард здæхта йæ хъомылгæнинæгты патриотон хъомыладмæ дæр».

1993 азы Уалыты Лев ацыд пенсийы, фæлæ ма 12 азы бæрц бакуыста физикон культурæ æмæ спорты фæдыл инспекторæй.

Уалыйы фырт ма Хуссар Ирыстоны зындгонд уыд куыд мануалон терапийы специалист, кæцымæ цымыдис кæнын райдыдта йæ тренерон куысты рæстæджы. Æмæ 80-йæм азты кæрон уый Мæскуыйы рацыд сæрмагонд курсытæ æмæ райста бары гæххæтт мануалон терапевтæй кусыны тыххæй. Æмæ ма 30 азы дæргъы йæ сæйраг куыстæй дарддæр бакуыста мануалон терапевтæй дæр. 1989-1992 азты Уалыты Лев æнæаргъæй æххуыс кодта Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджытæн, кæцытæ фæрынчын сты алыгъуызон низтæй уазал рæстæджыты, постыты кæй лæууыдысты, уый фæстиуæгæн. Афтæ ма æнæаргъæй хос кодта æххуысхъуаг адæймæгтæн дæр.

90-æм азты æмбисы  Левæн йæ бон ссис Уæрæсейы бирæ горæтты бакусын. Йæ архивы ма сты йæ пациентты бирæнымæц арфæйы фыстæджытæ, уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг газетты лыггæгтæ йæ бæрзонд профессионалондзинадыл фыст æрмæджытимæ. Уалыты Левы кусынмæ хуыдтой Израиль æмæ Францмæ, Уæрæсейы Федерацийы алыгъуызон егъау горæттæм, фæлæ та не ‘мзæххон не сразы йæ райгуырæн Цхинвалæй æндæр ранмæ ацæуыныл. Уый йæ куыстуарзондзинад ныууагъта йæ хъæбул Гугулийæн, кæцы фыссæн сисæй цæсгомджын лæггад кæны йæ раттæг адæмæн газет «Южная Осетия»-йы редакцийы кусгæйæ.

Уалыты Левыл кæд 89 азы цыд, уæддæр нырма уыд хъаруджын æмæ куыстхъом, фæлæ йæ ивгъуыд аз ацы æнæхайыры коронавирус не ‘хсæнæй атыдта. Рухсаг у!

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.