Ирæтты уынджы кæрон – фæсвæдран Чилæхсаты Мурат сарæзта улæфæн къуым. Ам цæры 170-æй фылдæр бæлоны. «Æнæпайда хæдзарад» – афтæ хоны йæ маргъдон. Фæлæ уыдон сæ хицауæн лæвар кæнынц хорз зæрдæйыуаг æмæ удæнцой. «Ацы сабырады символ мæргъты чысылæй бауарзтон. Скъолайы куы ахуыр кодтон, уæд ахуырдзауты ‘хсæн бирæ уыд бæлонуарзджытæ, мæ фыд дæр бæлæттæ дардта. Ме ‘мгæрттимæ-иу сыл цин кодтам. Мæ мæргъты ‘хсæн ис Краснодар, Ставрополь æмæ Чехийæ хаст бæлæттæ. Се ‘ппæт дæр нымад цæуынц постон бæлæттыл. Æнæпайда сæ уымæн хонын æмæ сæ дарын дзæвгар хæрдзтимæ баст у, мæ пенси уыдонæн хæринагыл ацæуы. Фæлæ сæ уарзгæ дæр афтæ кæнын. Сæ цуры куы вæййын, уæд мæ риуыдзаг сулæфын. Иу рæстæджы мæ ме ‘мбæлттæ денджызмæ улæфынмæ акодтой. Дыууæ къуыри мæ бæлæтты нæ федтон æмæ æррайы хуызæн уыдтæн, мæ улæфт дæр мыл нæ бахæцыд», – зæгъы уый.

Мурат йæ мæргъты æнæхъусдард нæ уадзы. Æххуыс ын кæнынц æртæ цуаноны. Уыдон бæлæттыл ахуыр сты, æцæгæлон адæймаг сæм æввахс нæ уадзынц. Мурат куыд зæгъы, афтæмæй бæлæттæн æрдзы стырдæр знæгтæ сты цъиусуртæ. «Зонын æй, цъиусуртæ марыны бар нæй. Бирæтæ мын бауайдзæф кæнынц, «Сырх чиныгмæ» хаст, дам, сты. Фæлæ ацы бæлæттыл уыйбæрц æхца хардз цæуы, æмæ сæ цъиусуртæн куыд бахæрын кæнон ныр?».

Фæстаг азты Мураты бæлæтты арæх акурынц чындзæхсæвтæм, дины бæрæгбæттæ куы вæййы, уæд та – аргъуанмæ. «Авæрын дзы чындзæхсæвтæм, цæмæй сæ, сæ цард чи баиу кæнынц, уыдон атæхын кæной. Бæлæттæ фæстæмæ æрбаздæхынц. Æхца мын фæдæттынц, кæй сæм сæ æвæрын, уый тыххæй, фæлæ ирон лæг ахæм цины хъуыддаджы тыххæй æхца райсын йæ сæрмæ куыд хъуамæ æрхæсса».

Мурат нын раргом кодта бæлæтты сусæгдзинæдтæй цалдæр. «Къуырттыл æхсæв бады нæл бæлон, бонæй та – сыл. Бадынц дыууæ айкыл, уыдонæй иу фæивын хъæуы æндæр къуырттимæ. Хæццæ къæйттæ куынæ уой, уæд сæ туг лæмæгъ вæййы. Бæлæтты дунейы дæр ис йæхи хъæндзинæдтæ. Ахстæтты тыххæй сæм карз тохтæ вæййы. Цалдæр бон фæзагъд кæнынц, кæрæдзи фæтонынц. Æгæрыстæмæй, ахстæттæй лæппын бæлæттæ дæр ракалынц. Фæлæ сæ рæсугъддзинад кæуылты у уæддæр! Цæхæрадоны сæрмæ арвыл куы скафынц, уæд сын сæ аипдзинæдтæй иу дæр нал фæуынын. Цингæнгæйæ сæм фæкæсынц сыхаг сабитæ дæр».

Бæлæттæ сæ хицауы æмбарынц арвыл кафгæйæ дæр. Мураты æхсит куы фехъусынц, уæд базонынц, сихор кæнын афон сын кæй у. Æмæ æрæмбырд вæййынц аходæн скæнынмæ. Бæлондоны хистæр бæлæттæн ис сæхи бынат. Гыццыл бæлæттæ та хицæнæй хъуамæ хæрой. Уыдонæн сæ бон уæлдæфы бирæ уæвын нæма у. Ныртæккæ цалдæр фæлтæр бæлæттæ къуыртты бадынц æмæ сын тагъд лæппынтæ фæзындзæн. Уыдонæн къухмæ исыны бар нæ уыдзæн æртæ мæймæ. Мураты сыхаг зæгъы, зæгъгæ, бæлæттæ арвмæ куы стæхынц, уæд уый та сахатгай фæлæууы æмæ фæкæсы арвыл куыд фæзилынц, уымæ. Мысы хъæуы ма куы цардысты, уæд-иу алы хæдзарæн дæр йæхи бæлæттæ кæй уыд.

Æфсæнвæндаджы уынджы цæрæг Мишвелидзе Робинзон дæр рагæй дары бæлæттæ. Йæ маргъдоны ис æрмæстдæр равзаргæ, уæздан мыггаджы бæллæттæ – ирайнаг, персаг, узбекистан æмæ бакуйаг мыггæгты мæргътæ. Ис æм 60 бæлоны бæрц. Сæрибарæй сæ тæхынмæ стæм хатт рауадзын. «Тас сын у адавынæй. Иууыл фыццаг ацы мæргътимæ схæлар дæн, скъолайы ма куы ахуыр кодтон, уæд. Ме ‘мбалы фыд цуангæнæг уыд, иу хатт йæ фыртæн хъæддаг бæлæттæ æрхаста. Уый мын сæ радта æмæ уæдæй фæстæмæ дæн семæ, мæ бон уыдонæй  фæхицæн кæнын нал у», – зæгъы Робинзон.

Бæлондарæг куыд зæгъы, афтæмæй ацы мæргътæ цæрынц 15 азы. Цъиутæм хъæуы æппынæдзух хъусдард. Иу бæлоны цъиутæн нæй гæнæн цæуæт кæнын. Уыцы сусæгдзинæдтæ Робинзонæн бацамыдтой Сочийы ботаникон парчы. Бæлæттæ дæр æрхаста уырдыгæй. Урс-урсид бæлæттæй зæгъы ирайнаг мыггагæй кæй сты. «Маргъæн йæ хъулон æмæ йæ цæстыты хуыз иугъуызон куыннæ уой, уæд сыгъдæг туджы маргъ нæу. Æрмæст сын хæринаг дæдтын фаг нæу. Æрвылаз дæр сын аразын хъæуы вакцинæ. Хос балхæнын æмæ сын судзинтæ та мæхæдæг саразын. Бæлон рынчын кæны сальмонеллоз æмæ Ньюкасалы низтæй», – зæгъы уый.

Мишвелидзе Робинзонæн йæ бæллицц у, цæмæй самал кæна «Архангельские снегири»-йы бæлæтты мыггаг. Интернет-ресурсы фæрцы бæлондарджытимæ бастдзинад сарæзта, бæргæ йын ныфс бавæрдтой ацы мыггагæй, фæлæ къухы нæма бафтыдысты. Робинзон фæнд кæны йæ маргъдон фæуæрæхдæр кæнын æмæ нæ республиткæйы бæлонуарзджытимæ иумæ цæдис саразын. «Цæдис саразын мæ уымæн фæнды, цæмæй нæ фæлтæрддзинад кæрæдзийæн амонæм», – загъта Робинзон.

Уазæгты Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.