21-æм августы информацион агентад «Спутник-Хуссар Ирыстоны» пресс-центры журналисттæ фембæлдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсивæдон политикон парти «Иууон Алани»-йы Сæргълæууæг Коцты Михаил æмæ РХИ-йы Президенты администрацийы минæвар Тыбылты Демуримæ. Уыдон, фыццаджыдæр радзырдтой, æрæджы Уæрæсейы Федерацийы Калининграды областы  цы æхсæнадæмон ахуырадон форум уагъд æрцыдис, уый тыххæй. Тыбылты Демури куыд банысан кодта, афтæмæй æхсæнадæмон ахуырадон форум «Балтийский Артек» ссис æндæр æмæ æндæр бæстæты фæсивæды мидисджын дискусситы æмæ диалогы фæзуат.

«Уый бузныг загъта Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварад æмæ «Россотрудничество»-йæн, афтæ ма нæ республикæйы къухдариуæгадæн, алы хатт дæр сæ фарсмæ кæй балæууынц æмæ сын хъуыддагон æххуыс кæй бакæнынц, уый тыххæй. «Ацы фæсивæдон форум æрбамбырд кодта æртæ сæдæ адæймагæй фылдæр, кæцытæ уыдысты æвдай бæстæйы минæвæрттæ. Уыдон, фыццаджыдæр, уыдысты æрыгон политиктæ, æхсæнадон организациты уæнгтæ æмæ къухдариуæггæнджытæ. Йæ пайда уый мидæг ис, æмæ дунейы бирæ бæстæты фæсивæдæн кæрæдзийы æхсæн дискусситæ æмæ диалогтæн кæй вæййы иугæнæг фæзуат. Ахæм форумты руаджы йæ хайадисджытæн фадат вæййы, цæмæй кæрæдзийæн радзурой фæсивæды риссагдæр æмæ ахсджиагдæр проблемæты, афтæ ма сæм уыдон тыххæй цавæр хъуыдытæ сæвзæры, уый тыххæй дæр. Форумы программæ уыд цымыдисон, махæн уагъд цыдысты конференцитæ, тымбыл фынгтæ æмæ бирæ æндæр ахæм мадзæлттæ. Иу ахæм мадзалы æз дæр бакастæн доклад, радзырдтон Хуссар Ирыстоны тыххæй. Фæсивæды тынгдæр цы бацымыдис кодта, уый уыдис 2008 азы августы хæсты темæ. Фарстой, абон цы уавæрты цæрынц ирон адæм. Сæ фарстытæн сын радтон дзуаппытæ», – банысан кодта форумы хайадисæг Тыбылты Демури.

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй форумы модератортæ уыдысты зынгæ политологтæ, эксперттæ æмæ ахуыргæндтæ. «Форумы иууыл тынгдæр мæ зæрдæмæ фæцыдис Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты ми-нистрады минæвар Мария Захаровайы раныхас, кæцы æрдзырдта дунеон аренæйы Уæрæсейæн цы роль ис, уыдæттыл. Афтæ ма стыр цымыдисимæ байхъуыстам Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министры хæдивæг Александр Фомины раныхасмæ. Уый та æрдзырдта дунеон æдасдзинады проблемæтыл», – загъта Тыбылты Демури.

Уый ма радзырдта, форумы уынаффæ кæй цыд ахæм темæйыл, кæцытæ баст уыдысты информацион къабаз æмæ технологитимæ. Сæрмагондæй дæнцæгæн æрхастой, Хуссар Ирыстоны информацион технологиты уавæр 2008 азы августы хæсты рæстæджы. «Ацы темæйыл, стæй сæ проблемæты фæдыл раныхас кодта информацион агентад «Рашн тудей»-йы директоры хæдивæг. Сæ агентадæн зын у фæсарæнтæм информаци адæттын. Ныгуылæйнаг дзыллон информацион фæрæзтæ активонæй æхгæнынц уыдонæн сæ информацион алæвæрдтæ». Мах ын, кæй зæгъын æй хъæуы, загътам бузныджы ныхæстæ сæ уæды стыр æмæ профессионалон куысты тыххæй. Фæнды нæ, цæмæй ахæм æнгæс форматы форумтæ уагъд цæуой нæ республикæйы дæр, уымæн æмæ æвæрццагæй бандавдзысты нæ республикæйы фæсивæдон политикæйыл, афтæ ма нæ паддзахады имиджыл дæр. Уавæрæй пайда кæнгæйæ, мæ фæсивæдæн фæнды раарфæ кæнын, æмæ сын зæгъын æнтыстыты фæндиæгтæ, сæйраджыдæр та, цæмæй ма тæрсой сæ идеятæ æмæ проекттæ реализаци кæнынæй, кæддæриддæр фæндвидарæй лæууой сæ равзаргæ фæндæгтыл æмæ æнтыстджынæй скъуыддзаг кæной, аразой нысанмæздæхт хорз хъуыддæгтæ», – йæ ныхасы кæрон загъта Тыбылты Демури.

Фæсивæдон политикон парти «Иууон Алани»-йы сæргълæууæг Коцты Михаил дæр æрдзырдта форумы нысаниуæг æмæ актуалондзинадыл, банысан кодта, арæх кæй фæисынц хайад Уæрæсейы Федерацийы æндæр æмæ æндæр горæтты уагъдцæуæг фæсивæдон форумты. «Ацы форумты руаджы фæсивæд зонгæ кæнынц кæрæдзиимæ, кæрæдзи фæлтæрддзинад æмæ программæтимæ, кæцытæ фæахъаз вæййынц фæсивæды размæцыдæн. Мах форумты уæвгæйæ алы хатт дæр радзурæм Хуссар Ирыстоны тыххæй æмæ афтæмæй æндæр бæстæты фæсивæды зонгæ кæнæм нæ бæстæйы цард æмæ уавæримæ. Ахæм форумты хайад исын у ахсджиаг хъуыддаг, ис сын ахуырадон нысаниуæг», – банысан кодта Коцты лæппу.

Коцты Михаил ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй 4 сентябрæй 10 сентябрмæ уагъд цæудзæнис æхсæнадæмон ахуырадон форум «Евразия», – форум уагъд цæудзæнис Орбурджы æмæ дзы Хуссар Ирыстонæй дæр хайад райсдзысты 20 адæймаджы.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.