Бибылты Анатоли азылд Сирийы сыгъдæг бынæттыл. РХИ-йы Президент æмæ хуссарирыстойнаг делегацийы уæнгтæ Сирийы уæлдæр ахуырады министр Атеф Наддефимæ фæбалц сты горæт Седнамæ, цыран ис сылгоймæгты иууыл рагондæр æмæ стырдæр моладзандон.

Сыгъдæг Марияйы Чырыстон моладзандон ис бæрзонд къæдзæхыл æмæ арæзт æрцыд 547 азы. Ацы бынат у æппæт дунейы чырыстæтты куывддзуйы бынат, ам, моладзантæ куыд радзырдтой, афтæмæй дзы ис Хуыцауы Мады уазныв, кæцыйы сарæзта апостол Лука.

Моладзандоны уагæвæрæг Бибылты Анатолийæн балæвар кодта Мадымайрæмы уазныв æмæ загъта, зæгъгæ, моладзандоны кувдзысты Ирыстоны фæрныгады тыххæй.

Хуссар Ирыстоны делегаци Дамаскы бацыд Омейядовы мæзджытмæ, кæцыйы ма хонынц Дамаскы Стыр мæзджыт. Хуссар Ирыстоны Президент æмæ хуссарирыстойнаг делегацийы уæнгтæн радзырдтой мæзджыты историйы тыххæй, кæцы арæзт у чырыстон аргъуаны бынаты æмæ дзы ис Аргъауæг Иуаны сæр.

Бибылты Анатоли Кады чиныджы ныффыста йæ тæлмæнтæ, загъта сабырад æмæ кæрæдзиæмбарынады фæндиæгтæ Сирийы адæмæн, цыфæнды диныл хæст ма уой, уæддæр.

Президент ма уыд сыгъдæг Ананийы аргъуаны. Уый ис зæххы бын æмæ у рагон чырыстон кувæндон католикон æхсæнады.

Бибылты Анатоли фембæлд Сирийы ирон диаспорæйы минæвæрттимæ. Сириаг ирæттæн арфæ кæнгæйæ Хуссар Ирыстоны Президент загъта, зæгъгæ, уымæн æмæ æппæт делегацийæн дæр тынг æхсызгон у не ‘мбæстæгтимæ  базонгæ уæвын.

«Махæн, ацы дард бæстæмæ æрцæуджытæн, æхсызгон у не ‘мбæстæгтимæ, тугæй æввахс адæймæгтимæ аныхас кæнын. Æмæ мын тынг æхсызгон у, Сириимæ сæ хъысмæт чи бабаста, уыдон æнтыстджынæй кæй кусынц æмæ сæ цардæн кæй ис бирæ æнтыстытæ æмæ хорз фæстиуджытæ, стыр кад»,-загъта Бибылты Анатоли.

Уый диаспорæйы минæвæрттæн радзырдта Сирийы президентимæ фембæлды тыххæй.

«Знон, президент Башар Асадимæ куы фембæлдтæн, уæд ын загътон, ам ирæттæ кæй цæрынц, кæцыты иннæ кавказаг адæми-мæ иумæ хонынц черкесæгтæ.  Президент мын бахæс кодта сымахæн бузныджы ны-хæстæ зæгъын, Сирийы сæрибар цард сфидар кæнынмæ стыр хайбавæрд кæй хæссут, уый тыххæй», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Уый сириаг ирæттæн радзырдта, РХИ-йы æмæ САР-ы æхсæн цы бадзырдтæ арæзт æрцыдысты, уыдоны тыххæй æмæ банысан кодта, Дамаскы Хуссар Ирыстоны минæварад бакæнгæйæ, историон райгуырæн зæххимæ диаспорæйы бастдзинад фидардæр кæй кæндзæн.

Диаспорæйы минæвæрттæ цымыдис кодтой республикæйы хъуыддæгты уавæрмæ,  экономикæйы размæцыдмæ, цавæр уавæр-тæ арæзт цæуынц инвестортæн, цавæр проекттæ саразæн ис Хуссар Ирыстоны æмæ Сирийы æхсæн, уымæ.

Сириаг ирæтты ма цымыдис кодта хуссарирыстойнаг паддзахадон университеты сæ фæсивæдæн цавæр ахуыры фадæттæ уыдзæнис, уымæ. Бибылты Анатоли ныфс бавæрдта, студенттæн арæзт кæй æрцæудзысты æппæт уавæртæ дæр.

Фембæлды рæстæджы загъд æрцыд ахæм фæндон, цæмæй диаспорæйæн æвдыст æрцæуа Ирыстоны тыххæй æмæ дыууæ бæстæты æхсæн иумæйаг культурон мадзæлттæ уадзыны фæдыл презентацион æрмæджытæ. Президент ныфс бавæрдта, уыцы фæндтæ æххæст кæй æрцæудзысты æмæ фæсарæйнаг хъуыддæгты министртæн уый фæдыл радта æмбæлон хæслæвæрдтæ.

Бибылты Анатоли ма ныфс бавæрæдта, тагъд рæстæджы кæй фембæлдзысты сирийаг ирæттимæ горæт Цхинвалы, цыран августы мæйы уагъд æрцæудзæн ирон адæмы дунеон съезд.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.