Знон Туркаг ирæтты диаспорæйы минæвæрттæ фæуазæг сты Мыхуыр æмæ информацийы комитеты пресс-центрмæ æмæ фембæлдысты журналисттимæ. Делегацийы сконды уыдысты Туркаг ирæтты  æхсæнад «Алантæ»-йы сæргълæууæг Хъуысаты Садреттин, æхсæнады уæнгтæ Шериф Канык, Пухаты Жале æмæ Пухаты Нуртен.

Информаци æмæ мыхуыры комитеты сæрдары хæдивæг Харебаты Майя раарфæ кодта уазджытæн æмæ сын бузныг загъта, Хуссар Ирыстонмæ кæй æрцыдысты, уыимæ ма Мыхуыры хæдзармæ кæй фæуазæг сты, уый тыххæй.

«Махæн уе ‘рцыд алы хатт дæр вæййы тынг æхсызгон. Бузныг уын, рæстæг кæй ссардтат æмæ нæ бæрæгбонмæ кæй æрцыдыстут, уый тыххæй. Бæрæгбон уазæгæй фидауы, æниу сымах махæн уазджытæ не стут, фæлæ стут не ‘фсымæртæ æмæ нæ хотæ. Æз мæхæдæг дæр уыдтæн Турчы, фæхуыдтой нæ ирон ресторанмæ, фæлæ мын рæстæг нæ фæцис диаспорæйы минæвæрттимæ æввахсдæр базонгæйæн», – банысан кодта Харебаты Майя. Дарддæр уый бахатыд уазджытæм, цæмæй радзырдтаиккой, РХИ-йы Президентимæ фембæлды рæстæджы Хуссар Ирыстоны исты инвестпроект саразыны тыххæй цы дзырдтой, уый тыххæй.

Шериф Канык (Хъаныхъуаты) куыд радзырдта, афтæмæй уыдонæн тынг æхсызгон уыд, бæрæгбонмæ сæ кæй фæхуыдтой, уый. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдон æнæуый дæр  фæнд кодтой Хуссар Ирыстонмæ æрцæуын ног Президентæн раарфæ кæныны тыххæй. Уый куыд загъта, афтæмæй сын тынг æхсызгон у  бæрæгбоны ам кæй сты. Шериф Канык арфæйы ныхæстæ загъта æрæмбырд-уæвджытæн æмæ æппæт ирон адæмæн бæрæгбоны цытæн.

Дарддæр куыд загъта, афтæмæй йæ фæнды, нæ фыдæлты бæстæ цæмæй размæ рацæуа, уый тыххæй  Хуссар Ирыстоны зæххыл исты кондад бакæнын. Уый тыххæй ныхас цыд амæйразмæ дæр, æмæ ныр дæр Бибылты Анатолиимæ фембæлды рæстæджы ныхас кодтой уыцы фарсты фæдыл.

Хъыгагæн, иу æрцыдæй хъуыддаг нæ рæзы, æмæ бадзырдтой, цæмæй Хуссар Ирыстоны Хицауад сбæлвырд кæна, хуыздæр куыд уыдзæн, тынгдæр цы хъæуы, уый æмæ уæд Хъаныхъуаты Шериф дæр йæ къухæй цы цæуы, уый сараздзæн.

Хъаныхъуаты Шериф у Турчы цæрæг ирæттæн сæ хъæздыгдæртæй сæ иу, ис ын йæхи сæрмагонд кондад, кусы йæм 500-йæ фылдæр кусæджы, уадзынц хъæууонхæдзарадон техникæйы ивæн хæйттæ, цæлхытæ, пластикæй мигæнæнтæ, целлофан æмæ æндæртæ. Йæ продукци æрвиты 90 фæсарæйнаг бæстæмæ.

Йæ рады Хъуысаты Садреттин радзырдта æхсæнад «Алантæ»-йы тыххæй, Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ацы æхсæнад арæзт æрцыд 27 азы размæ, йæ сырæзты нысан уыд ирон æвзаг æмæ традицитæ ма ферох кæнын. Æхсæнадæн филиал ис Анкарайы дæр.

«Мах, Турчы ирæттæ, æрбадтыстæм æмæ баныхас кодтам æхсæнад «Алантæ» саразыныл æмæ йæ сарæзтам. Афæдз цалдæр хатты æрæмбырд вæййæм, фæныхас кæнæм.  Абон ма Турчы ис æртæ сыгъдæг ирон хъæуы. Уыдон Стамбулмæ сты дард, машинæйыл сæм хъæуы 10 сахаты бæрц цæуын.  Мах уыцы хъæуты цæрджытимæ бадзырдтам æмæ Беслæны сывæлæтты номыл ныссагътам 2500 бæласы. Нæ кæстæртæ уый куы федтой, уæд уыдон дæр æрфæндыд сæхи номæй исты саразын. Уыдон ссардтой суадон æмæ йæ схæрзарæзт кодтой, йæ алыварс ын сæмбонд кодтой. Суадон цæуы, фæлæ йæм æмбондæй къух куы бадаргъ кæнай, уæд æм не ‘ххæссы. Уый афтæ уымæн сарæзтой, æмæ Беслæны сывæллæттæ дæр кæд дойныйæ мардысты, дон сæм æввахс уыд, уæддæр сын дон нуазыны фадат нæ лæвæрдтой террористтæ. Мах нысан кæнæм мыггаджы бонтæ. Æрæмбырд вæййæм иумæ æмæ фæуынаффæ кæнæм.

Мах нæ рох кæнæм нæ райгуырæн бæстæйы дæр. Нæ хъару дæр ардыгæй исæм. Нæ бон куыд у, афтæ архайæм, цæмæй ма рох кæнæм не ‘взаг, нæ культурæ. Ирыстонæй фæхонæм кафгæ, заргæ чи кæны, фæндырыл чи цæгъды, уыдоны. Æртæ хатты та фæхуыдтам ирон æвзаджы ахуыргæнджыты. Сорганизаци кодтам Хуссар Ирыстоны хæсты рæстæджы нывты равдыст дæр.

Мах тынг фæфæнды ардæм æрцæуын. Куы сбæрæг кæнæм ардæм цæуыны бон, уæд æрхъæцмæ дæр нал фæкæсæм, бонтæ фæнымайæм», – банысан кодта Хъуысаты Садреттин.

Уый фæстæ ныхас адарддæр кодта Пухаты Жале.  Уый куыд радзырдта, афтæмæй Стамбулы  сорганизаци кодтой Цæгат Ирыстоны сывæллæтты нывгæнæн скъолайы ахуыргæнинæгты –  6-7 аздзыд сывæллæтты конд нывты равдыст. «Уырдæм æрбахуыдтам Стамбулы телеуынынады дæр æмæ йæ равдыстой. Равдыстмæ æрбацыдысты бирæ адæм – туркæгтæ, курдтæ, иннæ диаспорæты ми-нæвæрттæ, уыцы нымæцы сывæлæттæ дæр. Нывтæ ахæм аив, рæсугъд конд уыдысты, æмæ æрбацæуæг адæмы нæ уырныдта, сабиты конд нывтæ кæй уыдысты, уый. Мах июлы мæйы ауагътам ирон культурæйы æмæ бæгæныйы бæрæгбон. Кæд Турчы сæрдыгон мæйты адæмæй чи улæфынмæ вæййы, чи – хъæуты, уæддæр нæм æрбацыд 500 адæймагæй бирæ фылдæр. æрбацыдысты нæм Измирæй дæр, Анкарайæ дæр. Бæрæгбонмæ нæм фæуазæг Стамбулы культурæйы сæргълæууæг æмæ йæ хæдивæг. Уыдонæн бæрæгбон тынг сæ зæрдæмæ фæцыд. Алы аз дæр декабры мæйы æхсæнад «Алантæн» вæййы бæрæгбон. Уазджытæ нæм æрцæуы Ирыстонæй дæр. Саразæм хъазтизæр æмæ нæ фæсивæд фæкафынц ирон кæфтытæ», – радзырдта Пухаты Жале.

Уый ма куыд загъта, афтæ-мæй сын бастдзинæдтæ ис абхазаг, дагъыстайнаг, адыгейаг æмæ æндæр диаспорæтимæ. Бæрæгбонты рæстæджы кæрæдзи фæхонынц. Истæуыл куы фæтыхсынц, уæд кæрæдзийæн æххуыс кæнынц.

Мадзалы кæрон æрæмбырдуæвджытæ ноджыдæр кæрæдзийæн загътой арфæйы æмæ бузныджы ныхæстæ.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.