РХИ-йы Парламенты депутаттæ Коцты Жаннæ, Тедеты Руслан æмæ Цоциты Игорь бабæрæг кодтой зæрæдты æмæ инвалидты хæдзар «Аудындзинад»-ы ног арæзтад.  Ацы бæстыхай бабæрæг кæныны æнæмæнгхъæуæгдзинад уый мидæг уыд æмæ пансионаты директор Теблойты Чермен уайдзæфтæ загъта арæзтады рæстæджы цухдзинæтæ уагъд кæй æрцыдысты, уый тыххæй.

Парламенты уæнгтæ азылдысты бæстыхайы æмæ аныхас кодтой подрядонтимæ. Депутат Коцты Жанна райгондæй баззад арæзтадон куыстыты гъæдæй.

«Пансионат «Аудындзинад»-ы къухдариуæггæнæгимæ мах бабæрæг кодтам ног арæзтцæуæг бæстыхай. Бабæрæг кодтам хатæнтæ, цыран уыдзысты зæронд адæм æмæ райгондæй баззадыстæм арæзтадон куыстытæй. Немæ ма агъуыст бабæрæг кодта инженер, уый дæр бæстыхайы арæзтадæн хорз саргъ кодта», – загъта Коцты Жаннæ.

Коцты чызг загъта, зæгъгæ, пансионаты директор цы цухдзинæдтæ банысан кодта, уыдонмæ аразджытæ кæй æркæсдзысты æмæ мадзæлттæ кæй райсдзысты сæ аиуварс кæныны фæдыл.

«Арæзтцæуæг бæстыхайы уыд цухдзинæдтæ, æмæ депутатты, æнæниздзинад  хъахъæнынады министрады инженертæ æмæ сæрмагондæй мæхи бацамындтытæм гæсгæ подрядонтæ  ныфс бавæрдтой, уыцы цухдзинæдтæ æввахс рæстæджы кæй аиуварс кæндзысты. Фиппаинæгтæ уыд уый тыххæй æмæ уыцы стыр къæлидорты æвæрд æрцыдысты дыууæ хъармгæнæн батарейы. Уымæ гæсгæ хатæнты уыдзæн уазал, рæстæгыл куынæ бакæнæм уæлæмхас хъармгæнæн батарейтæ, уæд. Мах ма бацæуæн фæндæгтæй дæр райгонд не стæм æмæ нын ныфс бавæрдтой, уыдон дæр кæй сараздзысты. Мах дарддæр дæр бæрæг кæндзыстæм арæзтцæуæг бæстыхай  æмæ кæд исты цухдзинæдтæ уой, уæд сæ æргом кæндзыстæм, цæмæй рæстæгыл арæзт æрцæуой», – загъта Теблойты Чермен.

Тедеты Русланы ныхæстæм гæсгæ арæзтцæуæг бæстыхайæн ис йæхи спецификæ, æмæ уымæ гæсгæ хынцын хъæуы уагдоны коллективы фиппаинæгтæ æмæ фæндæттæ.

«Бæстыхай арæзт куы æрцæуа, уæд дзы бахъæудзæн уæлæмхас штаттæ бакæнын, цæмæй уагдоны нормалон куыст ифтонг цæуа. Уымæ гæсгæ хъæуы куыст æрбæстон кæнын. Иумæйагæй, арæзтады процесс цæуы хорз, проектон документацимæ гæсгæ»,-  банысан кодта Тедеты Руслан.

Арæзтадон организаци «Мегаполис-Т»-йы прораб Æрсойты Инал банысан кодта, бæстыхайы арæзтад ацы аз майы кæй фæуыдзæн.

«Куыстытæ æнæрлæугæйæ цæуынц. Ахæм темптимæ мах ацы бæстыхай арæзт фæуыдзыстæм майы мæйы. Ныртæккæ бæстыхайы æххæст цæуынц мидæггагон куыстытæ, æвæрынц плиткæ, вентиляци, уадзынц электрохæххытæ», – загъта прораб. Уый ма банысан кодта, бæстыхайы кæй уыдзæн 35 бынаты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.