Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы сæргълæудæй ма уагъд æрцыд æмбырд, цыран хайад райстой Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Лолаты Аслан æмæ Цхинвалы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Пухаты Димитр. Æмбырды уынаффæ цыдис скъолатæ æмæ сывæллæтты цæхæрадæттæ хъармгæнæн сезонмæ куыд цæттæ сты, ууыл.

Пухаты Димитр куыд фехъусын кодта, афтæмæй горæты æппæт ахуырадон уагдæттæ дæр баиу æрцыдысты хъæрмадæй ифтонг кæныны системæмæ. Куыддæр, зæгъгæ, чысыл фæуазæлттæ кодта, афтæ сывæллæтты цæхæрадæттæ баиу кодтам хъæрмадмæ. Ацы бонты та хъарм цæуынц скъолатæ дæр. Уый куыд загъта, афтæмæй хъæрмадæй ифтонггæрзтæ кусынц æнæкъуылымпыйæ.

Республикæйы районты тыххæй дзургæйæ Лолаты Аслан та фехъусын кодта Дзау æмæ Ленингоры районты ахуырадон уагдæтты хъæрмадæй ифтонг кæныны проблемæтæ кæй нæй, фæлæ Знауыр æмæ Цхинвалы районты хицæн скъолаты хъæрмады ифтонггæрзтæ кæй базæронд сты, уымæ гæсгæ домынц, цæмæй сæм тынгдæр хъусдард цæуа.

Хицауады Сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй хъусдард здахын хъæуы скъолатæ æмæ сывæллæтты цæ-хæрадæтты хъæрмадæй ифтонг кæнынмæ. Хъæууон скъолатæ хъуамæ ифтонг уой дизелон æрмæг æмæ суджы фæсауæрцтæй. Ахсджиагыл банымадта, цæмæй ацы хъуыдда-джы къуылымпыдзинæдтæ ма уа æмæ уавæрмæ хъусдард цæуа.

Уый бахæс кодта, цæмæй нысан æрцæуой бæрнджын адæймæгтæ, кæцытæ дзуапп дæттой 2018-2019 азтæн хъармгæнæн сезоны хъæрмады, доны æмæ электроифтонгады системæты куысты ифтонгады тыххæй. Хъæрмад баиу кæныны рæстæджы та организаци хъуамæ æрцæуа административон хæдзарадон персоналы радгæсты куыст.

Æндæр паддзахадон организациты та хъæрмадон сезон кæд райдайдзæн, уый тыххæй Пухаты Димитр дзуапп радта, зæгъгæ, уагдæтты къухдариуæггæнджытæн сæхицæн дæр бар ис боныгъæдтæ куыд ахæсдзысты, уымæ гæсгæ сбæлвырд кæной йæ баиу кæныны рæстæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.