Историк, клуб «Родина»-йы сæргълæууæг Хъарданты Тимур куыд банысан кодта, афтæмæй ирæттæй Советон Цæдисы хъайтары нæмттæ чи райста, уыдонæй дарддæр ма ацы кадджын ном райсынмæ бавдыст æрцыдысты  но-джыдæр  Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг 40 ирон хæстоны, фæлæ сын лæвæрд æрцыдысты æндæр хорзæхтæ.

Патриотон клуб «Родина»-йæн йæ къухты бафтыд хуссарирыстойнаг, гвардийы капитан Чилæхсаты Платоны хорзæхджынгæнæн документтæ раргом кæнын. Платон бавдыст æрцыд Советон Цæдисы хъайтары ном райсынмæ Берлины штурмы рæстæджы равдисгæ хъайтардзинады тыххæй.

Чилæхсаты Платон Ильяйы фырт райгуырд 1914 азы 17-æм августы Знауыры районы Торманеулийы хъæуы. Йæ фыд Иликъо æмæ йæ мад Козаты Като уыдысты хуымæтæджы фæллойгæнджытæ. Схъомыл кодтой æртæ фырты – Алексей, Платон, Сократ æмæ чызг Зояйы.

1933 азы Чилæхсаты Платон каст фæцис Къостайыхъæуы астæуккаг скъола. 1936 азы январы бацыд горæт Ленинграды Сталины номыл Хъæууонхæдзарадон университетмæ, кæцыйы каст фæцис æнтыстджынæй. 1939-1941 азты ахуыр кодта Уæлдæр партион скъолайы. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдианмæ куыста Хуссар Ирыстоны областон советы аивæдты хъуыддæгты фæдыл хайады, уый фæстæ та – Сталиниры (Цхинвалы) партийы горкомы пропагандæ æмæ агитацийы хайады сæргълæууæгæй. 1939-1941 азты уыдис СЦКП-йы централон комитеты Уæлдæр скъолайы хъусæг.

1941 азы 17-æм июлы Чилæхсаты Платонмæ горæт Мæскуыйы Сталинскаг районон æфсæддон къамисариат æрсидт Сырх Æфсады рæнхъытæм. Хæцыд Ныгуылæн, Цæгат-Кавказаг, 1-æм Белорусаг фронтты. Хайад иста Мæскуыйы цур тохты, ахызт цæугæдон Днепры сæрты, сæрибар кодта Польшæ æмæ Германы. 1943 азы 10-æм майы райста контузи. 1944 азы каст фæцис горæт Ленинграды Уæлдæр бронетанкон скъола.

Гвардийы капитан стыр хъайтардзинад равдыста 1945 азы апрелы мæйы Берлины штурмы рæстæджы карз тохты. Фашисттæ сæ лæгæты  советон æфсæдтæн лæвæрдтой тыхджын ныхкъуырд. Хорзæхджынгæнæн сыфæй: Берлины сæрыл тохты æмбал Чилæхсайы фырт куыд советон адæмы æнувыд фырт, афтæ равдыста хъайтардзинад æмæ æф-сæддон арæхстдзинад. Бригадæйы командæкæнынадæй райста хæслæвæрд доны ныхдуры – Тельтовы къанауы сæрты ахизæн бацахсыны фæдыл æмæ фондз автоматонтимæ рацыд атакæйы ныхмæлæууæджы иу ротæйы ныхмæ.

Тохы рæстæджы алыг кодта телтæ минæтæ кæм сæвæрдтой, уыцы хидыл, аиуварс кодта срæмыгъд æмæ уымæй сифтонг кодта æнæныхдуртæй 1-æм гвардион танкон æфсады дыууæ корпусы доны сæрты ахызт. Æмбал Чилæхсаты Платон ацы ахизæны сæрыл тохы, сæрмагондæй йæхæдæг скуынæг кодта 10 гитлеронæй фылдæр. Куыд штурмон къорды командир, афтæ уый Берлины уынгты тохты йæхи равдыста хъæбатырдæр хæстонтæй сæ иуæй, алыхатт дæр йæ къорды разæй цæугæйæ. Æрцахста 250 уацайраджы, скуынæг кодта сармадзанты ныхмæ танкæты дыууæ расчеты.

«Æмбал Чилæхсаты Платон аккаг у, цæмæй йын лæвæрд æрцæуа Советон Цæдисы хъайтары ном. 2-æм мотоæхсæг батальоны капитан Фролов. 1945 азы 30 апрель». Фæлæ 1945 азы 5-æм майы 1-æм гвардион танкон æфсады Æфсæддон советы хатдзæджы текстæй: «Аккаг у Советон Цæдисы хъайтары ном райсынæн»-ы бæсты фыст æрцыд «хорзæхджын æрцæуæд Сырх Тырысайы орденæй».

Нæ йын радтой Сыгъзæрин Стъалы, фæлæ махæн уый у æцæг хъайтар. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæстæ Чилæхсайы фырт йæ службæ адарддæр кодта Советон Цæдисы Гарзджын тыхты рæнхъыты. Демобилизаци æрцыд 1946 азы. Чилæхсаты Платон хорзæхджын æрцыд Фыдыбæстæйон хæсты 2-аг къæпхæны, Сырх Тырысайы, Фыдыбæстæйон хæсты 1-аг къæпхæны ордентæй, «Мæскуыйы хъахъхъæныны», «Варшавæ ссæрибар кæныны», «Берлин сисы-ны», «Германыл фæуæлахизы тыххæй» майдантæй.

Хæсты фæстæ Чилæхсаты Платон куыста Хуссар Ирыстоны автономон областы Обллиты хистæрæй, горæт Сталиниры (Цхинвалы) культурæ æмæ улæфæн парчы директорæй, паддзахадон музейы зонадон кусæгæй æмæ  æндæр бæрнон бынæтты. Пенсийы ацæуыны фæстæ Платон нæ ныууагъта æхсæнадон куыст. Активон хайад иста фæсивæды монон-патриотон хъомылады. Афтæ нæм каст, цыма ног хæст никуыуал уыдзæн. Фæлæ 1980 азты кæрон гуырдзиаг национ змæлд рахызт экстремизммæ, кæцы æркодта гуырдзиаг-ирон хæстмæ. Йæ кармæ нæкæсгæйæ, Платон Ильяйы фырт Хуссар Ирыстонæн уæззау рæстæджыты Цхинвалæй иу бон дæр никуыдæм ацыд, кæд горæты алырдыгæй æхстой, уæддæр. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран цардæй ахицæн 1992 азы 18-æм июны. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Чилæхсаты Платоны ныв конд кæй у Дзæуджыхъæуы Хъайтарты Аллеяйы.

Чилæхсаты Платон, кæцы йæ царды фæстаг бонтæм баззад æнувыд коммунистæй, йæ фæстæ ныууагъта тынг хорз бинонтæ. Йæ цардæмбал Тыбылты Еленæимæ схъомыл кодтой дыууæ чызджы – Людмилæ æмæ Луизæйы. Еленæ бирæ азты дæргъы бакуыста горæт Цхинвалы Тагъд æххуысы станцы медицинон хойæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы дæр уыд медицинон хо. Уый дæр йæ цардæмбалау уыд куыстуарзон æмæ цæсгомджын адæймаг. Сæ дыууæ чызджы дæр каст фесты Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон институт æмæ систы дохтыртæ.

Йæ хистæр чызг Людмилæ цалдæр азы дæргъы куыста республикон соматикон рынчындоны дохтыр-кардиологæй. Уый размæ та бирæ азты дæргъы уыд республикон рынчындоны сæйраг дохтыры хæдивæг. Ныртæккæ та у Цхинвалы медицинон ахуыргæнæндоны директор. Кæстæр чызг Луизæ у сывæллæтты дохтыр. Бирæ азты дæргъы уый лæггад кæны йæ чысыл пациенттæн. Луизæйы чызг Хæныкъаты Ларисæ дæр равзæрста йæ мады дæсныйад. Уый та кусы сывæллæтты республикон рынчындоны поликлиникæйы хайады сæргълæууæгæй.

Йæ хъуыддаджы æцæг дæсныйæ адæм зонынц Людмилæйы дæр. Людмилæйы чызджытæ Басаты Залинæ æмæ Азау дæр сæрыстыр сты сæ кадджын Дадайæ. Дыууæ дæр сты  дохтыртæ. Уыдон иууылдæр нымад цæуынц тынг хорз дохтыртыл.

Платонæн «Сыгъзæрин Стъалы»-йы майдан кæй нæ радтой, уый тыххæй йæ хъæбулы хъæбул Залинæ афтæ загъта: «Майдан сæйраг нæу, ахсджиаг у уый зонын, æмæ нын нæ дадатæ сæ хъæбатырдзинадæй Уæлахиз кæй æрхастой. Нæ чысылнымæц ирон адæмы ‘хсæн уыд бирæ хъайтартæ. Кад æмæ æнусон мысынад Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæн! Уыдонæй алкæцы дæр у Стыр Уæлахизы иу хай».

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.