Уæрæсейы историйы ахсджиаг бынат бацахста, ацы аз февралы мæйы Уæрæсейы президент Владимир Путин Донецк æмæ Луганскы адæмон республикæты ссæрибар кæныны тыххæй цы сæрмагод æфсæддон операци расидтис, уый. Авд мæйы дæргъы уым цæуæг хæстон архæйдтыты Ирыстоны фырттæ дæр исынц активон хайад. Сты кæддæриддæр раззаг хаххыл. Уымæй кæд сæ райгуырæн бæстæйæн кæнынц стыр кад, уæддæр æлхæд цæуы сæ  царды аргъæй, сæ тугæй.  Хæст хæст у, хæцæнгарз кæм ис, уым та ис мæлæт дæр.

Иры хъайтартæй æцæгæлон зæххыл чи фæмард, уыдонæй сæ иу уыд цхинвайлаг æрыгон лæппу Багаты Алан.

Аланы тыххæй йе ‘мхæстонтæ куыд загътой, афтæмæй уый уыд  фæлтæрд хæстон. «Уыд, кæддæриддæр, нæ ныфс, алы хъуыддаджы дæр – ныфсхаст æмæ æнæрæдыд æфсæддон архайдтытыл ифтонггæнæг. Алан никуы ауæрста йæ цардыл, цыма, æндонæй уыдис, уыйау-иу йæ риуы ‘мбæрц балæууыд нæ разæй, зæгъгæ, уыл мацы æрцæуа æмæ уымæй иннæты дæр разæнгард кодта размæ абырсынмæ», – зæгъы йе ‘мхæстон Арсен (дзурæджы фæндонмæ гæсгæ ном ивд æрцыд).

Алан хæстон операцийы хайад исынмæ ацыд бархийæ. Йе ‘фсымæр Амиран куыд загъта, афтæмæй февралы мæйы, операцийы фыццаг бонты рарæвдз кодта йæхи, фæлæ йæ йæ бинонтæ нæ ауагътой. Уæд ацыдысты Аланы æмбæлттæй бирæтæ. «Раст нæу, æз ам дæн, ме ‘мбæлттæ та хæсты быдыры», – дзырдта-иу Алан йе ‘фсымæрæн. «Ацы хъуыдытæ йын æнцойад нæ лæвæрдтой, æппынæдзух йæ зæрдæ уыд семæ, ныхас-иу  кодта телефонæй дæр. Фæстæдæр райхъуыст горæты лæппутæй цалдæры мæлæт. Уæд  мæ бон нал ссис йæ бауромын æмæ 25 марты ацыд Донбассмæ», – загъта Амиран.

Алан уыцы бон хæдзарæй хизгæйæ, йæ мадæн загъта, горæты йæ цыдæр хъуыддаг кæй ис æмæ тагъд кæй æрбаздæхдзæнис. Фæлæ ныййарæджы зæрдæ æнкъараг у, цæмæдæр гæсгæ уыцы бон йæ фырт хæдзарæй куы рацыд, уæд йæ зæрдæ йæхи къултыл бахоста æмæ йæ хынцфарст дæр уымæн акодта, кæдæм цыд, уымæй…

Цхинвалæй уал Алан ацыд Донецкмæ æмæ уым бацыд цæгатирыстойнаг æфсæддон батальон «Алани»-йы скондмæ. Иу мæйы фæстæ æрвыст æрцыд Запорожьейы областмæ. Сæрмагонд хæслæвæрдтæ сæххæст кæныны фæстæ, йæ командæкæнынад рахатыдысты Аланы хæстон цæттæдзинад, æмæ йын бахæс кодтой, цæмæй батальоны хæстонтæй равзара, хуыздæр цæттæдзинад кæмæ уыд, ахæмты æмæ сараза развæдсгарджыты къорд.  Нысан æрцыд къорды командирæй. Чысыл æмгъуыдмæ Алан сæххæст кодта цалдæр вазыгджын хæстон хæслæвæрды. «Йе ‘мхæстонты царды тыххæй стыр бæрндзинад æнкъаргæйæ, тарстис йæ хæслæвæрды фæстиуæгæн сæ исчи куы бабын уыдаид æмæ тæссагдæр бынæттæм фылдæр цыд йæхæдæг»,- загъта Амиран. Бæлвырд куыд у, афтæмæй Аланæн йæ командæкæнынад фылдæр лæвæрдтой вазыгджын хæслæвæрдтæ, æмæ сæ уый та æххæст кодта æфсæддон бæрндзинадимæ.

Алан хайад райста бирæ хæстон операциты.  Куыд йе’мхæстонтæ, афтæ йæ командæкæнынад дæр йæ алы хæслæвæрд сæххæсткæныны фæстиуджытæй уыдысты райгонд. Æфсæддон фæткмæ гæсгæ, йæ хæстон архæйдтытыл æргомæй дзурæн нæ уыд, уыдон уыдысты æфсæддон сусæгдзинад.

Аланы æфсæддон фæндæгтæ райдыдтой æстдæс азы дæр ыл куы нæма цыд, уæд. Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ бацыд ХИПУ-мæ уæлдæр ахуырад райсынмæ. Уыцы рæстæджы арæзт æрцыд æфсæддон дæлхай РЧС æмæ йæ хистæр æфсымæры фæндонæй бацыд кусынмæ уырдæм. Ацы дæлхаймæ бацæугæйæ уайтагъд фæхæст ис æфсæддон хъуыддагыл æмæ фыццаг æфсæддон цæттæдзинад æмбæлон æмвæзадыл райсыны фæстæ бацыд Фидауынгæнæг тыхтæм, æмæ фæстæдæр та Сæрмагонд нысаниуæджы дæлхæйттæм службæ кæнынмæ. Активон хайад иста 2004 азæй фæстæмæ Хуссар Ирыстоны хæстон архæйдтыты.

Йæ цыбыр царды Аланæн бантыст фидæны фæлтæртæн йæ архайдæй дæнцæг суæвын. Ссис Ирыстоны хъæбатыр фырттæй сæ иу.  Йæ бирæ сгуыхтдзинæдтæ æмæ райгуырæн бæстæйыл æнувыддзинады тыххæй йын лæ-вæрд æрцыдысты майдантæ «За укрепление боевого содружества» æмæ «За боевые заслуги». 31 майы та йæ нæ республикæйы Президент Гаглойты Алан йæ амæлæты фæстæ схорзæхджын кодта «Защитнику Отечества»-йы майданæй.

Алан, дæ ном Ирыстоны рæзгæ фæлтæрæн ссис цæвиттойнаг æмæ рох никуы уыдзынæ нæ адæмæй.

Рухсаг у…

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.