2008 азы 7-æм æмæ 8-æм август. Ацы бонтæ Хуссар Ирыстоны адæмæн баззадысты хъыгаг мысинагæй, уыцы бонты фыдæвзарæнтæ абон дæр мысæм æрхæндæгæй.

Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны агрессийыл 14 азы сæх-хæсты цытæн мысæн мадзæлтты фæлгæтты бæстæйы информацион фæрæзтæ 1-7 августмæ мыхуыр кæн-дзысты æмæ æвдисдзысты къамтæ æмæ видеоæрмæджытæ, 08.08.08 августы хæсты тыххæй кинонывтæ.

– 7 августы райсом 9 сахатæй фæстæмæ нæ горæты Мады Майрæмы æмæ Сыгъдæг Æртион Хуыцауы аргъуанты уагъд æрцæудзысты августы хæсты амæттæгты тыххæй Хуыцаумæ скуывдтытæ.

– 2008 азы 8 августы æфсæддон цаутæ мысгæйæ ма 7 августы изæры 20.00 сахатыл «Хуссар Ирыстоны Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты номыл» мемориалон комплексы территорийыл уагъд æрцæудзæн цытджын-фыдохы митинг. Уым хайад райсдзысты Республикæйы къухдариуæгад, министрадтæ æмæ уагдæтты коллективтæ. Ныхасы рацæудзысты æхсæнадон æмæ аивадон интеллигенцийы минæвæрттæ. Уым ма хæсты амæттæгты рухс нæмттæ мысынæн æвæрд æрцæу-дзæн дидинджытæ дæр. Митинджы рæстæджы ирон адæм ноджыдæр дунеон æмæхсæнад æмæ гуырдзиаг фашизмы фарс чи уыд, уыдон зæрдыл æрлæууын кæндзысты, цы фыдракæндон архайд кодта Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны ныхмæ, æмæ уый фæстиуæгæн сабырцæрæг æмæ æнæаххос цæрджытæ куыд мардысты. Алы ныхасгæнæг дæр хъуамæ сидт сараза, цæмæй фашизм мауал уæвынад кæна дунейыл, дунейы тыгъдады уа сабырад æмæ фидыдад.

– 8 августы киноконцертон зал «Чермен»-ы фойейы боны 11.50 сахатыл ав-густы хæсты цауты цытæн уагъд æрцæудзæн РХИ-йы нывгæнджыты куыс-тытæн равдыст. Æвзонг нывгæнджытæ Сабанты Анжелæ æмæ Дзæгъиаты Альбинæйы конд нывты æвдыст æрцæудзæн геноциды темæ. Ацы куыстытæ сты уникалон. Равдысты ма æвæрд æрцæудзысты дзæнæттаг Джуссойты Иналы конд нывтæ. Курдиатджын нывгæнæджы райгуырды бон у 7 августы, уымæ гæсгæ ахæм фæндон хаст æрцыд, цæмæй йæ уникалон куыстытæ дæр ацы бон хаст æрцæуой адæмы размæ. Адæмы хорзæхæй хайджын уыд Джуссойты æдзард лæппу, уымæ гæсгæ равдысты бæрнджын минæвæртты ныфс ис, нæ æмбæстæгтæ кæй æрбацæудзысты, уымæй.

– Уыцы бон 10 сахатæй суанг 11.00 сахатмæ бæстæйы къухдариуæгад æмæ æхсæнады минæвæрттæ азилдзысты, уыцы тохты рæстæджы нæ хъæбатыр лæппутæ цы бынæтты фæмард сты, «нæ мысынады уыцы сыгъдæг бынæттыл» – фидауынгæнæг тыхты казармæ, Галуанты Олег, Багаты Амиран, Джиоты Азæ-мæт, фæмардуæвæг Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды службæгæнджыты, Уæрæсейы хъайтар  Денис Ветчиновы цыртыты раз сæвæрдзысты дидинджытæ æмæ веноктæ.

– Цхинвалы районы Тъбеты хъæуы уæды хæсты цæхæрæй чи лыгъд, уыдоны хæдтулгæтæй арæзт «Сыгъд удты музей»-йы 11.00 сахатыл уагъд æрцæудзæн акци æмæ Хуыцаумæ скуывд. Уырдæм бæстæйы къухдариуæгад æмæ йæ хайадисджытæ дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдзысты «Хъынцъымгæнæг бæлас»-ы раз. Ссардзысты, ацы фæндагыл 14 азы размæ хæсты цæхæрæй чи лыгъд, уыцы æнæаххос фæмардуæвæг бæлццæтты рухс нæмттæ.

Æрвылаз дæр ардæм æрбацæуынц сæ бинонтæ, уыдоны ‘хсæн ис сывæллæттæ дæр, кæцытæ суанг 2009 азæй фæстæмæ хайад исынц ацы мысæн мадзæлтты. Уыдон семæ æрвылаз дæр æрбахæссынц нуазыны дон æмæ сывæллæтты хъазæнтæ.

Уыцы бон ма киниконцертон зал «Чермен» – 11.50 сахатыл хуссайраг ирæтты геноциды тыххæй Мамиты Григорийы документалон фильм «Хæхтæ-æвдисæнтæ»- йæн уагъд æрцæудзæн презентаци.

Мах хъуамæ хъуыды кæнæм алы Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы, кæцы йæ цард рауæлдай кодта мах тыххæй – Хуссар Ирыстоны адæмы хъахъхъæнгæйæ, æмæ уыдон номыл ссудзæм цырæгътæ. Уыдон сты Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджытæ, уæрæсейаг салдаттæ, кæцыты раз мах стæм хæсджын цæргæ – цæрæнбонтæм.

Мах азымджын кæнæм фашизм, ноджыдæр азымы æвæрæм гуырдзиаг фашизмы, мах нал фæнды æмæ ма искуы сæвзæра нацизмы ахæм æвзар.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.