Ныртæккæ æппæт дунейы адæмæн тасдзинад цы вирус хæссы, уый иууыл тæссагдæр у ацæргæ адæмæн. Уымæн æмæ ацæргæ адæймæгты иммунитет вæййы лæмæгъдæр. Статистикæ куыд амоны, афтæмæй уыдонæй бирæтæн вæййы хроникон низтæ дæр æмæ сæ хуыздæр хъæуы сæхи хъахъхъæнын.

Нæ республикæйы цы медико-социалон центр ис, «Аудындзинад», зæгъгæ, уый ивгъуыд аз хаст æрцыд, горæты цæгатварс ын цы ног бæстыхай арæзт æрцыд, уырдæм. Райдзаст æмæ нырыккон домæнтæн дзуапп цы хӕдзар дӕтты уырдӕм конд æрцыдысты, Хъайтарты уынджы кæрон хӕдзары уӕдмӕ цы 25 ацæргæ адæймаджы уыд, уыдон. Райдзаст, хъарм хатæнтæ ифтонг сты æппæт хъæуæг дзаумӕттӕй. Алы хатæны дæр ис хинайæн, телевизор. Ныртæккæ ам цæры 25 ацæргæ адæймаджы. Сæйраджыдæр сты 70 азæй 92 азы онг кæуыл цæуы, ахæм зæрæдтæ. Се ‘хсæн ис сæрмагонд хъусдард кæмæ хъæуы, ахæмтæ дæр, ома, уатон рынчынтæ.

«Аудындзинад»-ы сæргълæууæг Теблойты Чермен бирæ азты кусы къахдариуæггӕнӕгæй ацы уагдонæн. Уый аудгæ ахаст æмæ куысты фæлтæрддзинады фæрцы амы цæрæг æвæгæ-сæг адæм сæхи хатынц дзæбæх. Бинонтæ сын кæй нæй æмæ ӕвæгæсæг кæй сты, уый мате-риалон æгъдауæй не ‘нкъарынц. Кæйдæрты дзы сӕхиуӕттӕ куы бабæрæг кæнынц, уæд уыдон дæр  баззайынц райгондæй.

Мах цымыдис кодтам куыд хъахъхъæд цæ-уынц «Аудындзинад»-ы карантины нормæтæ æмæ ныртæккæ цы тæссаг инфекци апарахат, уымæй сӕ исчи фæрынчын, æви нæ.

Теблойты Чермен куыд зæгъы, афтæмæй «Аудындзинад»-ы медперсонал æрвылбон дæр аразынц дезинфекци. Бон цалдæр хатты сæрмагонд дезинфекцигæнæн фæрæзтæй сæрфт æрцæуынц зæрæдты хатæнтæ, сæ дуæрттæ, рудзгуытæ æмæ мигæнæнтæ. Æрвылбон дæр сын медицинон хотæ сбарынц сæ тæвд, раттынц сын маскæтæ æмæ сæ домынц, цæмæй хъахъхъæной социалон дистанци. Хъарм бонты сæ рауадзынц тезгъо кæнынмæ, цæмæй сыгъдæг уæлдæф улӕфой. Семæ цы медперсонал кусынц, уыдонæн дæр барынц сæ тæвд, цы автотранспортыл цæуынц, уый дæр æппынæдзух цæуы дезинфекцигонд. Ныртæккæ пансионат кусы карз режиммæ гæсгæ. Æдасдзинады нысанæн ацæргæ адæммæ нæ уадзынц хиуӕтты. Цалынмæ Covid-19 не сцырын ис, уæдмæ дзы кæмæдæрты арæх цыдысты хиуæттæ. Уыдонæн ис сæрмагонд хатæн æмæ-иу уым фембæлдысты. Куы-иу ацыдысты, уæд-иу хатӕн æрцыд дезинфекцигонд. Ныр та уæлдай хъусдард хъæуы зæрæдтæм. Раздæр зæрæдтæй цæуынæн чи уыд, уыдон уагътой горæтмæ дæр, цæмæй сæ хиуæтты бабæрæг кодтаиккой æмæ сæхи бынтон иппæрд ма хатыдаиккой. Ныр, цалынмæ низы æдасдзинад фæлæмæгъ уа, уæдмæ сын уыцы бартæ нал уыдзæн.

Пансионат «Аудындзинад»-ы цæрæг æвæгæсæг адæймæгтæ кæд изоляцийы сты, уæддæр рох не сты нæ горæты цæрæг амалиуæггæнджытæй, уыдонмæ раздæр дæр йæ хъус чи дардта, уыдонæй. Хæрзаудæг адæмæй бирæтæ нæ уарзынц, цæмæй сын сæ нæмттæ дзурой, фæлæ сын куыддæр фадат фæвæййы, афтæ сын барвитынц хæлцадон продукттæ. Теблойты Чермен куыд зæгъы, афтæмæй уыдон сты, сæйраджыдæр, чысыл амалиуæгадыл хæст чи у, ахæмтæ. Сæхӕдæг цы продукци уадзынц, уыдонæй бахай кæнынц зæрæдтӕн. Зæгъæм Куымæридтаты Земæйæн 8-æм июны уынгыл цы кондитерон цех ис, уым цы адджинæгтæ фы-цынц, уыдонæй арæх æрбахæссы пансионатмæ. Æмæ канд йæ цехы продукцийæ нæ, фæлæ ма æндæр хæлцадон продукттæ дæр æрбахуын кæны. Пансионаты кусджытæ æмæ зæрæдтæ тынг бацин кæнынц ахæм адæймæгтыл. «Аудындзинад» арæх райсы æххуыс нæ горæты цы хъæууонхæдзарадон колледж ис, уыдонæй дæр. Кондитерон хайад цы дзадджын хæринæгтæ аразы, уыдонӕй æрбахæссынц пансионаты цæрæг зæрæдтæн. Иумæйагахуырадон скъолаты ахуыргæнинæгтæй дæр рох не сты. Арæх сæм цыдысты хуынтæ æмæ концертон номыртимæ.

Теблойты Чермен бузныг у Хицауад æмæ ма, хæрзаудæн куыст чи кæны, уыцы адæмæй дæр. «Æгайтма нæ горæты цæрджытæй бирæтæн ис æнкъарæг зæрдæтæ. Махмæ цы зæрæдтæ ис, уыдон хицауад хæлццух никуы ныууаддзæн. Уарзут уæ хиуæтты, уæ ныййарджыты. Афтæ куы уа, уæд нал уаиккой мæнæ ахæм пансионаттæ», – зæгъы пансионаты директор.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.