Горӕты 2-ӕм астӕуккаг скъолайы ауагътой хӕстон-спортивон хъазт «Зарница». Хайад дзы райстой 8-ӕм ӕмӕ 9-ӕм кълӕсты ахуыргӕнинӕгтӕ. Мадзал уагъд ӕрцыдис скъолайы педагогон коллективы хъӕппӕрисӕй. Скъоладзауты ерыстӕм бацӕттӕ кодта Милицийы сӕрмагонд нысаниуæджы къорды ротӕйы командир Цхуырбаты Мельс. Уый скъолайы кусы ахуыргӕнӕгӕй, – сывӕллӕттӕн амоны цардуаджы ӕдасдзинады бындуртӕ.

Хъазт дих уыд 7 этапыл: Медицинон службӕ, Фӕндагон змӕлды фӕткойтӕ, Цардуаджы ӕдасдзинады бындуртӕ, Калашниковы автомат райхалын ӕмӕ сӕмбырд кӕнын, Дартс, Зӕххӕй хиисын къухты руаджы, Картӕ ӕмӕ компасмӕ гӕсгӕ ориентаци кӕнын.

Мадзал рауад тынг цымыдисон, стыр ӕхцондзинад дзы райстой куыд сывӕллӕттӕ, афтӕ ахуыргӕнджытӕ дӕр. Хъазты хайадисджытӕ тынг тырныдтой фӕуӕлахизмӕ, сӕхиуыл нӕ ауӕрстой, сӕ зонындзинӕдтӕ, сӕ цӕрдӕгдзинад, сӕ ныфсхастдзинад ӕвдытой рамбулыны сӕраппонд.

8-ӕм кълӕсты ӕхсӕн фӕуӕлахиз «б» кълас, дыккаг бынат райста «а» кълас ӕмӕ ӕртыккаг бынат та – «в» кълас.

9-ӕм кълӕсты ӕхсӕн та фӕуӕлахиз «г» кълас, дыккаг бынат райста «в» кълас, ӕртыккаг бынатыл ацыдысты дыууӕ командӕйӕ  «а» æмæ «б» кълæстæ, уымӕн ӕмӕ сын уыд ӕмхуызон очкотӕ.

Цхуырбаты Мельсы ныхӕстӕм гӕсгӕ «Зарница» стыр ахъаз фӕцис сывӕллӕттӕн, уымӕн ӕмӕ ацы хъазты фӕрцы райстой ахӕм зонындзинӕдтӕ, ахӕм ӕмбалдзинады ӕнкъарӕнтӕ, ахӕм эмоцитӕ, кӕцытӕ сын феххуыс уыдзысты сӕ дарддӕры  царды.

«Зарница» фыццаг хатт ауагъдӕуыд 1964 азы, фӕлӕ йӕ официалон ӕгъдауӕй банымадтой 1967 азы. Ӕрымысыд ӕй Пермы областы скъолайы ахуыргӕнӕг Кротова Зоя Васильевна. Тынг цыбыр рӕстӕгмӕ «Зарница» ссис популярон фӕсивӕды ӕхсӕн ӕмӕ йын радтой Ӕппӕтцӕдисон статус.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.