Ацы адæймаг барадхъахъхъæнæг органты бирæ азты фæкуыста. Пенсийы куы ацыд, уæд ын баулæфыны рæстæг дæр æрлæууыд. Фæлæ фæллой кæныныл йæ уд чи хъары, уымæн æнцад-æнцойæ бадын зын у æмæ дарддæр æндæр хæрзиуæгон куыст кæныныл архайы. Афтæ æмæ Цхинвалы районы Тъбеты хъæуы цæрæг Битарты Гамлет скодта фермерон хæдзарад æмæ æрæвнæлдта фосдард æмæ зæххы куыстмæ. Зæгъæн ис æмæ райдианæй фæстæмæ куыстуарзаг æмæ хæдзардзин хъæууон фæллойгæнæгæн æрвылаз дæр кæй вæййы хорз фæстиуджытæ.

Хæдзарады стурты нымæц у 15, уыдонæй хъуццытæ  сты 6. Уыдон  сæумæрайсомæй суанг изæрмæ, вæййынц хизæнуаты. Фермеры фæнд у, цæмæй йæ фос æввахс рæстæджы аскъæра Ерманы хъæумæ æмæ уым уыдзысты, цалынмæ хорз боныгъæдтæ кæна, уæдмæ. Уыцы ран сойджын сæрвæты куы хизой, уæд уый хорзæрдæм бандавдзæн сæ продуктивондзинадыл. Битары фырт районы ветеринарийы кусджыты æххуысы фæрцы æххæст кæны сæ домæнтæ, æмæ уымæ гæсгæ хызт вæййынц алыгъуызон низтæй. Æнæниз фос та кæд-дæриддæр хæрзхаст вæййы, уыимæ йæ æркæнгæ продуктмæ дæр нæ вæййы фау æрхæссæн. Уымæй дарддæр ма хæдзарады разамонæг хорз хъусдард здахы зæххы куыстмæ. А-фæззæджы фæззыгæнд мæнæу байтыдта 10 гектары фæзуатыл, уалдзæджы бонты та бацархайдта хъæбæрхор байтауыныл æмæ йын бацахста 15 га. Цæмæй ацы хъæууонхæдзарадон байтыдтæ хызт уой алыгъуызон зианхæссæг уырынгонтæй, рæзой æмбæлон æгъдауæй, уыцы ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг хъуыддаг дæр рох нæу фермерон хæдзарады разамонæгæй æмæ сæм бахаста гербицидтæ. Ныр фермеры ныфс ис хъæздыг тыллæг райсынæй.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.