Орелы уагъд æрцыд 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионат армспортæй. Ерысты 70 кг уæзы категорийы фыццаг бынат бацахста Джиоты Родион. Уый финалон тохы фæуæлахиз Пермы крайæй спорты дæсны Влас Темниковыл. Хуссарирыстойнаг спортсментæй бронзæйон призер та ссис Дзигойты Стеллæ. Уый та архайдта 65 кг уæзы категорийы. Бацæттæ сæ кодтой тренертæ Джиоты Валери æмæ Гасситы Сослан. Ерысты ма сæхи хорз равдыстой тренер Коцты Дмитрийы хъомылгæнинæгтæ.

Джиоты Валери РХИ-йы командæйы номæй бузныг загъта президент Гаглойты Аланæн ерыстæм ацæуынæн сын кæй баххуыс кодта, уый тыххæй.

 

ШАХМАТТÆ

Фыццаг хатт Хуссар Ирыстоны уагъд æрцыд шахматтæй чызджыты ‘хсæн турнир. Уым сæ цæттæдзинад фæлвæрдтой 24 спортсменкæйы. Ерысты бацæттæ кодтой «РХИ-йы шахматты федераци»-йы президент Саулохты Георги æмæ аивæдты лицейы шахматты ахуыргæнæг Цхуырбаты Андрей. Саулохты Георгийы ныхæстæм гæсгæ чызджыты ‘хсæн ахæм турниртæ стæм ран фæуадзынц. Уымæн æмæ дзы фаг хайадисджытæ нæ разыны.

«Фæстаг азты цы стыр куыст бакодтам, уый фæрцы нæм фæзынд бирæ чызджытæ, кæцытæ хорз хъазынц шахмæттæй. Æрæджы дæр ма сæхи аккагæй равдыстой Абхаз æмæ РЦИ-Аланийы уагъдцæуæг дунеон турнирты. Уый фæстæ сфæнд кодтам ахæм ерыстæ ауадзын», – банысан кодта Саулохты Георги.

Турнир куыд ацыд, уымæй тынг райгондæй баззад тренер Цхуырбаты Андрей дæр.

«Æрæмбырд кодтам иууыл тыхджындæр шахматисткæты. Се ‘хсæнмæ бахаудта 6-аздзыд Джиджойты Линæ. Йæ кармæ æнæкæсгæйæ æвдисы фидар удыхъæд æмæ хорз хъазт», – загъта Цхуырбаты Андрей.

Турниры ма хайад райстой Хуриты Гивийы номыл Цъинагары астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ. Уыдон ахуырадон программæйæ дарддæр шахмæттæй цæттæ кæны скъолайы директор Гуссойты Ласко.

«Æркодтон æртæ чызджы. Уыдонæй дыууæ фыццаг хатт хайад райстой ерысты. Æхсызгон сын уыд турнирмæ æрцæуын. Ныфс мæ ис æмæ сæ уыцы хъуыддаг кæй сразæнгард кæндзæн сæхиуыл ноджы хуыздæр бакусынмæ», – банысан кодта Гуссойты Ласко.

Турниры сæйраг фавориттыл нымад уыдысты Тыбылты Аннæ, Тыбылты Ланæ æмæ Уанеты Валерия. Æмæ æцæгæй дæр сæйраг тох цыд се ‘хсæн. Сæ фæстиуджытæм гæсгæ спортивон амонд бахудт Тыбылты Ланæмæ æмæ ссис ерысты уæлахиздзау. Дыккаг бынат бацахста Тыбылты Аннæ æмæ æртыккаг та ссис Уанеты Валерия.

Куыд иууыл æвзонгдæр хъазæг, афтæ сæрмагонд приз лæвæрд æрцыд Джиджойты Линæйæн.

12 азы онг кæуыл цæуы, уыцы шахматисткæты ‘хсæн та иууыл хуыздæр бæрæггæнæн равдыста Гæбæраты Элинæ.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ турниры организатортæ зæрдылдæрæн лæвæрттæй кæй схорзæхджын кодтой ерысты хайадисджыты иууылдæр.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.