Ивгъуыд азы дæргъы Хуссар Ирыстоны æндидзынады тыххæй нæ газеты фæрстыл бирæ ныффыстæуыд. Арæзтады хъазуатон куыст иу бон дæр йæ куыстæй нæ банцад – уый у нырыккон дуджы сæйрагдзинад, нæ размæцыды фыццаградон рахæцæн.

Алы чысыл æнтыстыл дæр нæ адæм æгæрон цин фæкæнынц, фæлæ уæддæр ног театры бæстыхайы рæзтыл куыд райынц, афтæ ницæуыл.

Театр у нацийы сæрыстырдзинад, мадæлон æвзаджы сæйраг цæджындзтæй иу, дзыллæйы культурæйы æрттивгæ артдзæст. Уыцы алæмæтон дунейы минæвæрттæ – актёртæ – махæй бирæтæн уыдысты тæхудиаг æмæ цæвиттойнаг. Театрдзауæн йæ миддуне хъæздыгдæр у, уый хуыздæр æнкъары мадæлон æвзаджы тых, æмбары драматургийы сусæгдзинæдтæ, рæзы эстетикон æгъдауæй, цайдагъ кæны бæрзонд аивадыл.

Ирон театралон аивады ратæдзæнтæ арф æмбæхст сты ивгъуыд рæстæджыты æмæ фидар цæгтæй баст сты адæмон сфæлдыстадимæ. Театралон элементтыл æмбæлæм Нарты кадджыты дæр. Ирдæй сæ уынæм нæ рагфыдæлты цардвæндаг – адæмон сфæлдыстад æмæ ирон адæмы спецификон царды уаг бирæ æнусты дæргъы æмдзу кодтой. Историон цауты фæстиуæгæн уыдон дæр хъæздыгдæр кодтой ногдæр эпикон сюжеттæй, ивтой рæстæджыты цыдимæ. Кадджытæ, таурæгътæ, зарджытæ, уæлдайдæр та хъæбатырты зарджытæ æрæвæрдтой фидар бындур нæ театралон аива-дæн.

Октябры революцийы агъоммæ дæр ирон интеллигенцийы минæвæрттæн сæ бæллиц уыд исты амæлттæй саразын национ театр. Сæ хъуыдымæ гæсгæ уый стыр ахъаз фæуыдаид ирон адæмæн сæрибардзинады сæрыл тохæн, мæгуырдзинад æмæ дæлдзиныджы ныхмæ æргомæй сдзурынæн. Бирæнацион Кавказы адæм уыдысты æлдæртты дæлбар, уæлæмæ скæсын сæ нæ уагътой хъæздгуытæ. Раст уыцы рæстæджы цард æмæ йе сфæлдыстадон куыст кодта ирон адæмы фæтæг Хетæгкаты Къоста дæр. Къостайы уацмыстæ адæмы мидзæрдæйы гуырын кодтой национ сæрыстырдзинад æмæ революцион хъуыды, цырын сын кодтой зонындзинæдтæ æмæ культурæмæ сæ тырнынад. Къостайæн бантыст ныффыссын ирон литературæйы фыццагдæр драмон уацмыс. Уый та, кæй зæгъын æй хъæуы, сæвзæрын кодта Ирыстоны стыр цымыдисдзинад театрмæ.

Адæмон хъæзтытæ, кæфтытæ æмæ кадджытæ стыр ныфс лæвæрдтой фыццаг ирон хуымæтæджы спектаклты организатортæн, тагъд рæстæджы нæ ирон адæммæ дæр кæй фæзындзæн курдиатджын актёртæ. Уыдоны фидарæй уырныдта, театры æвзаг æнцон æмбарæн кæй уыдзæн æгас Ирыстоны дзыллæйæн. Фæлæ уыцы рæсугъд ныфсытимæ ирон театр аразджыты раз цæхгæр лæууыдысты ныхдуртæ. Иу уый, æмæ паддзах, æлдæрттæ уыдысты мæгуыр адæмы ‘хсæн цыфæнды культурон мадзæлтты ныхмæ дæр. Уый фæстиуæгæн æфхæрд æййæфтой фысджытæ, аивад æмæ ахуырады минæвæрттæ. Иннæрдыгæй та ирæттæ, сæхи æнусон карз æгъдæуттæ æмæ царды уагыл бындуриуæггæнгæйæ, фæндвидарæй уыдысты ирон театры сырæзты ныхмæ. Иннæрдыгæй та театр аразджытæ-энтузиасттæн нæ уыд национ репертуар.

Фæлæ уæддæр, æппæт уыдæттæм нæ кæсгæйæ, ирон театралон аивады райрæзты хъуыддаджы стыр нысаниуæг уыд фыццаг хæдархайгæ коллективтæн, сæрмагондæй та, 1906 азы ирон интеллигенци æмæ кусджыты хъæппæрисæй чи сырæзт, уыцы Тифлисаг ирон драмон кружокæн. Сæ репертуары уыдысты ирон драматургийы бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъойы уацмыстæ «Уæрæседзау» æмæ «Худинаджы бæсты – мæлæт». Ацы пьесæты ирдæй æвдыстæуыд Елбыздыхъойы æмрæстæгонты царды уавæр паддзахы дуджы. Пьесæтæ æвдыст цыдысты бæрзонд æмвæзадыл, уæды ирон æхсæнад сæм æгасæй дæр йе ‘ргом аздæхта. Сæ репертуармæ сæ бахастой Тифлисы, Дзæуджыхъæуы, Бакуйы, Цхинвалы, Къобы. Ольгинскæйы, Æрыдоны, Алагиры, Ортъеуы хæдархайгæ драмон коллективтæ. Уыцы драмон уацмыстæ æрæвæрдтой бындур ирон театрæн 1905 азы революцийы агъоммæ.

1907-1908 азтæм ирон драматурги бæрæг фæхъæздыгдæр кодтой Брытъиаты Елбыздыхъойы ногдæр бирæактон драмон уацмыстæ «Хазби» æмæ «Дыууæ хойы». Ацы уацмысты идейон мидис дзуапп лæвæрдта уыцы рæстæ-джы карз домæнтæн: мæгуыр адæмы æнæ-басæтгæ тох æлдæртты, паддзахы ныхмæ, сылгоймаджы уæззау хъысмæт, бинонты ахастытæ. Æппæт уыдæттæм лæмбынæг сæ хъус æрдардтой ирон культурæйы прогрессивон архайджытæ. Æппæтварсонæй дæр сæ тыхтæ радтой ирон национ театры райрæзты ахсджиагдзинадмæ. Театралон хъуыддаджы сæ хайбавæрд къаддæр нæ уыд «Ирон мыхуыры æхсæнад» (1906) æмæ «Ирон рухстауæг-мыхуыры æхсæнад» «Рухс»-æн (1909 аз) дæр. Уыцы дыууæ æхсæнады æрбангом кодтой интеллигенцийы минæвæртты, кусджыты æмæ студентты. Уыдон уыдысты, Ирыстоны национ театры сырæзтыл тынг чи тыхст, уыцы фыццаг зæрватыччытæ. Æнтысгæ сын бакодта, фæлæ уæддæр сæ сæйраг бæллиц – профессионалон театр саразын – сæ къухы бафтыд æрмæстдæр Стыр Октябры революцийы фæуæлахизимæ. Революцийы фæрцы йæ бынатæй феггуырсыд Ирыстоны экономикон æмæ культурон цард. Уыцы уæлахиз мæгуыр, фæлæ сæрыстыр æмæ фидар ирон дзыллæйæн бакодта фидæны амондджын цардмæ уæрæх дуæрттæ æмæ сæ ныфсджынæй размæ акодта дидинæфтыд цардвæндагыл.

ХХ æнусы 30-æм азтæ стыр бынат бацахстой ирон театралон аивады. Уыцы рæстæджы (1931 аз) Хуссар Ирыстоны æрæвæрдæуыд бындур профессионалон театрæн.

1930-1940 азты Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр схызт йе сфæлдыстадон æнтыстмæ, театралон аивадон тæмæнкалгæ бæрзæндмæ. Къоста æмæ Елбыздыхъойæ райдайгæйæ, бирæ зындгонд фæсарæйнаг æмæ уырыссаг драматургты драмон уацмысты æмрæнхъ æвæрд цыдысты Хъуылаты Созырыхъойы, Коцойты Арсены, Кочысаты Розæйы, Гæдиаты Цомахъы, Беджызаты Чермены, Саулохты Мухтъары, Туаты Дауыты пьесæтæ.

Стæй уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæст, уый фæстæ Стыр Уæлахиз, адæмон хæдзарады æндидзынад. Уыцы дугивæнты нæ театры рæзтимæ хъæздыгдæр кодта йæ репертуар дæр. Фæзынд дзы бирæ, æгасæйдæр йæ цард сценæйæн, театрæн чи снывонд кодтой, ахæм профессионалон актёртæ. Сæ курдиат æмæ дæсныйадæй театрдзауты зæрдæтæ рухс кодтой Магкаты Алихан, Хуыбылты Григол, Цæбиты Нинæ, Саулохты Мухтар, афтæ ма Абайты К., Бететы В., Бестауты В., Бесаты А., Гугкаты А, Гаглойты А., Гуыбеты Г., Еналдыты Д., Елбачиты Г., Мамиты Д., Хетæгкаты Вл., Цоциты Н. æмæ бирæ æндæр актёртæ.

Бирæ дон аивылд уæдæй, бирæ зындгонд æмæ номдзыд актёрты фæлтæртæ фæивтой кæрæдзи, архайынц сценæйы алæмæтон дунейы абон дæр, æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц, кæд бакæндзæн йæ дуæрттæ театры ног бæстыхай, уыцы стыр цины бæрæгбонмæ.

Театр нацийы сæрыстырдзинад у, мадæлон æвзаджы парахатгæнæг, дзыллæйы культурæйы артдзæст. Æмæ уыцы артдзæсты адæмы фæрцы хъуамæ судза пиллон арт, цæмæй æнустæм дæр ма ахуысса.

Цгъойты А.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.