«Абоны бон у хорз фадат бузныджы ныхæстæ зæгъынæн, адæмы æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ фидар кæныны хъуыддагæн йæ цард чи снывонд кодта, уыдонæн. Ацы бæрæгбон у æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыджы кусджыты куыстæн æппæтадæмонæй саргъ кæныны бон. Сымах æххуыс кæнут низыл фæуæлахиз уæвынæн æмæ ныфс дæттут сæнæниз кæнынæй. Æмæ растдæр сымахыл баст у алы бинонты амонд, æнтыстытæ æмæ фæрныгад. Медицинон кусджытæ сæ куыстæй иу æмæ дыууæ хатты нæ бæлвырд кодтой Фыдыбæстæйыл æнувыддзинад Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийы зын азты. Уæ патриотизм æмæ хъайтардзинады мæлæтæй аирвæзтысты не ‘мбæстæгтæй бирæтæ, сымахæй бирæтæ куыстæй сæрибар рæстæджы хæцæнгарзимæ хъахъхъæдтой Райгуырæн зæххы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад», – загъта Бибылты Анатоли.

Уымæн йæ цæст медицинон кусджытæн бауарзта фидар æнæниздзинад, амонд æмæ æнтыстытæ Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы хæрзиуæгæн, сабырад, хорздзинад æмæ фæрныгад.

Медицинон кусæджы боны цытæн ма раарфæ кодта Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

«Уæ професси у нæ республикæйы иууыл серьезондæр æмæ   ахсджиагдæртæй сæ иу, уæлдай тынгдæр уый бæрæг вæййы æмбæс-тæгтæ проблемæтимæ куы сæмбæлынц, кæцытыл фæтых уæвын у æрмæст  дæр сымах бон. Бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын уæ профессионализм æмæ равзаргæ хъуыддагыл æнувыддзинады тыххæй. Абоны бон медицинон æмæхсæнады раз серьезон проблемæтæ кæй ис, уыдонмæ нæ кæсгæйæ, сымах архайут се скъуыддзаг кæныныл. Республикæйы къухдариуæгад стыр аргъ кæны уæ куыстæн æмæ уын йæхи фарсæрдыгæй дарддæр дæр æнæмæнгхъæуæг æххуыс кæндзæн».

Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан дæр раарфæ кодта медицинон кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн.

«Дохтыры професси у иууыл хъæуæгдæр, фæлæ уый æмрæстæджы у зын æмæ бæрнджын професси. Сымахыл æвæрд ис егъау бæрндзинад адæмы æнæниздзинады тыххæй, æнæсаргъгæнгæ хайбавæрд хæссут иууыл сæйрагдæр хæзна – адæймаджы цард бахъахъхъæнын-мæ. Уæ куысты фæстиуджытæ комкоммæ баст сты уæ профессионализм, быхсындзинад, тæригъæд кæныны æнкъарæнтыл», – загъта Пар-ламенты Сæрдар.

Уымæн йæ цæст бауарзта æнæниздзинад хъахъхъæныны системæ-йы æппæт кусджытæн æнæниздзинад, фæрныгад, æнтыстытæ сæ зын, фæлæ хъæуæг куысты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.