Уавæрæй спайда кæнгæйæ мæ ацы нысаниуæгджын боны цыбыртæй радзурын фæнды газет «Хурзæрин»-ы коллективы зын, фæлæ ахсджиаг æмæ хъæуæг куысты тыххæй.  Рæстæджы цыдæн æруромæн нæй. Рæстæг та æгъатырæй лидзы æмæ лидзы, бонтæ, къуыритæ, мæйтæ, азтæ фæстейæ уадзгæйæ… Рæстæджы цыд нын нæ  цардмæ хæссы бирæ ногдзинæдтæ. 21-æм æнусы райдиан Хуссар  Ирыстонæн уыд вазыгджын дуг ног технологитæм рахизыны планы. Абон мах нæ цард нал уынæм æнæ мобилон телефонтæ, æнæ компьютертæ, æнæ интернетæй. Æмæ нырма æрæджы дæр уыдоны тыххæй хъусгæ цы фæкодтам, уымæй дарддæр сын ницы зыдтам. Цалдæр азы размæ дæр ма газеты уацтæ æвзарджытæ мыхуыр кодтой механикон мыхуыргæнæн машинкæтыл, газетты та – Советон Цæдисы рæстæджыты зæронд линотипон станоктыл, райгонд уыдыстæм стационарон телефонтæй, нæхи тавтам, суг кæм æндзæрстам, ахæм пецтæм æмæ афтæ дарддæр. Нæ редакцийы фыццаг компьютертыл кусын райдыдтой мыхуыргæнджытæ. Уыдонæн кæд райдианы зын уыд компьютертыл кусын, уæддæр сыл тагъд фæцайдагъ сты æмæ сæ куыст рæвдз ацыд. Кæд нæ рæдийын, уæд газеты фыццаг номыр компьютерыл версткæ æрцыд 2003 азы. Æмæ уæдæй фæстæмæ версткæгæнджыты, мыхуыргæнджыты æмæ иумиагæй, редакцийы кусджыты куысты уавæртæ бæрæг фæхуыздæр сты. Ныр алкæцы уац-хæссæджы раз дæр ис компьютер, кæд дзы иуæй-иутæ базæронд сты æмæ раивинаг сты, уæддæр. Газет къуыри дыууæ хатты цыд гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды уæззау рæстæджыты, фæлæ ныр та  цæуы къуырийы дæргъы æртæ хатты.

Газеты фæрстыл мыхуыр цæуынц алыгъуызон характеры æрмæджытæ. Арæх газет «Хурзæрин»-ы фæрстыл мыхуыр æрцæуынц æддагон авторты æрмæджытæ. Ноджы ма йæ зæгъон, ирон газеты фæрстыл æддагон автортæн мыхуыр цæуынц иууыл фылдæр æрмæджытæ.

Ацы нысаниуæгджын боны мæ фæнды æрæмысын, ирон мыхуыры уæхскуæзæй чи фæкуыста æмæ абон нæ фарсмæ чинæуал ис, уыдоны рухс нæмттæ. Куынæ хъуамæ æрæмысæм, хæрзæвзонгæй йæ чысыл хъæбултæм зæрдæхсайгæйæ мæрдтæм чи бацыд, нæ уыцы уарзон худгæбыл æмæ хæларзæрдæ æмкусæг, газеты раздæры уацхæссæг Туаты Ларисæйы. Уавæрæй спайда кæнгæйæ, мæ бузныджы ныхæстæ зæгъын фæнды Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæргълæууæг Хъотайты Марияйæн. Нæ сабыртæ Туаты Ларисæ уæззау уавæры куы бахаудта, уæд æй хъуамæ аластаиккой Тбилисмæ, фæлæ уырдæм ацæуыны тыххæй æмбæлон документтæ цæмæдæр гæсгæ фæстиат кодтой. Уый базонгæйæ, Мария, йæ чысыл чызджы къухыл ныххæцгæйæ, æрбацыд гуырæн хæдзармæ æмæ цалынмæ хъуыддæгтæ сарæзта æмæ Ларисæйы  афæндараст кодта, уæдмæ йæ хæдзармæ нæ ацыд, рынчындоны баззад суанг изæры 10 сахаты онг. Хъотайты чызг уымæй равдыста æгæрон адæймагдзинад. Алкæцы къухдариуæггæнæг афтæ нæ сараздзæн.

Азтæ мыл сæ уæззау фæд куыд тынгдæр уадзынц, афтæ сæ арæхдæр æрæмысын, сæ рухс фæлгæндзтæ мæ цæстыты раз слæууынц иууылдæр. О, куыд тынг æнгом коллектив уыдысты, куыстой æмудæй, цардысты æнгомæй. Амæй-ай хуыздæртæ, раст сæ цыма исчи æвзаргæ ракодта, уыйау. Æвæццæгæн мæ мæ къах æндæр ранмæ кусынмæ дæр уымæн нал ахаста, кæд мын гæнæнтæ уыд, уæддæр. Мæ амæлæты боны онг дæр мæ никуы ферох уыдзысты, мæ зæрдæмæ уæлдай æввахсдæр коллективæй чи уыдысты, уыдон, ныртæккæ дзæнæттæгтæ: Джиоты Наташæ, Тедеты Юля, Гæбæраты Зинæ, Козаты Нинæ, Тыбылты Мария, Джиоты Настя, Букуылты Алыкси, Харебаты Владимир, Тасойты Баграт, Къудухты Георги, Козаты Исидор, Гуыбеты Юри, Дыгъуызты Гришæ, Беппиты Дуня æмæ æндæртæ. Кæм уыдис уыдонæй уæздандæр адæймæгтæ. Сæ коллегæтæ сын арæх æрæмысынц сæ рухс нæмттæ, æндæр ма цы сæ бон у. Дæргъвæтин азты дæргъы кæимæ фæкусай, уыдон тынг æввахс адæймæгтæ свæййынц кæрæдзийæн. Афтæ кæй у, уый уæлдай тынгдæр фæбæрæг вæййы, нæ фарсмæ куынæуал вæййынц, уæд.  Фæлæ, æгайтма, сæ ном цæры  æмæ цæрдзæн. Абон тынг скадавар сты ахæм адæймæгтæ, æмæ уымæ гæсгæ сæ кад мæ цæсты ноджыдæр фæбæрзонддæр вæййы, æмæ сын мæрдтæм дæр кад кæнын. Уыдоны дзыхæй гуымир ныхас никуы ничи фехъуыста, сæ хъæлæс никуы фæбæрзонддæр кодтой,  цыфæнды критикон уавæрты дæр æмæ коллективæй алкæмæндæр уыдысты цæвиттойнаг æмæ уарзон æмкусджытæ. Арæх æрæмысæм уыцы рæстæджы æвæлмас цард дæр.

Хæрзæвзонг чызгæй редакцимæ кусынмæ куы æрбацыдтæн, уыцы рæстæджы газет «Советон Ирыстон»-ы редакторæй куыста Куымæридтаты Александр, кæцы уыд тынг раст æмæ зæрдæхæлар адæймаг, коллектив ын кодта стыр кад. Уымæн æнæкæрон сты йæ лæггæдтæ ирон мыхуыры раз. Уый никуы дих кодта коллективы, алкæмæ дæр дардта иугъуызон аудгæ ахаст, никуы дæр мастисæн кодта, мæнæ иуæй-иу уагдæтты лыскъзæрдæ къухдариуæггæнджытæ куыд кæнынц, афтæ. Уый тырныдта, цæмæй йæ дæлбар коллектив æнгомæй цардаиккой. Æгæрыстæмæй-иу йæ  кусджытæй исчитæ куы фæбыцæу сты, уæддæр-иу бацымыдис кодта æмæ-иу фарст æрнывыл кодта. Растдæр йæ уыцы адæймагон миниуджыты тыххæй уыд уарзон адæймаг алкæмæн дæр. Æнæ скойгæнгæ мын нæй газеты раздæры редактортæ Дзуццаты Хадзы-Мурат æмæ Харебаты Леониды тыххæй. Леонид дæр коллективы тынг æнгом кодта, алы кусæгыл дæр размæ хæцыд, никæйы дæлдзиныг кодта. Редакторæй кусгæйæ, уый рæн-хъон  кусджытæй бирæты  ракодта уæлдæр бынæттæм. Дзуццаты Хадзы-Умары уæздан æмæ сабыр хъæлæс абоны онг дæр мæ хъустыл ауайы, уый уыд фыруæздан æмæ куырыхон адæймаг. Искуы йæ исчи куы федтаид гуымир ныхасгæнгæ кæнæ йæ дæлбар кусæджы æфхæргæ. Афтæ никуы уыд!

  Кæд ме ‘рдыгæй бынтон рæсугъд нæу, уæддæр скæндзынæн мæ дзæнæттаг цардæмбал Хуриты Гивийы кой дæр, уымæн æмæ æппæт йæ хъомыладон цард, суанг скъолайы азтæй фæстæмæ  снывонд кодта æмæ баст уыд ирон мыхуыримæ. Бирæ балæггад кодта ирон журналистикæйæн. Ноджы ма йæ зæгъон, æрдæгæхсæвтæм дæр йæ фыссæн сис йæ къухæй никуы ахаудта æмæ афтæмæй лæггад кодта ирон мыхуырæн. Бирæ азты дæргъы фæкуыста ирон газеты, куыд уацхæссæгæй, афтæ хайады сæргълæууæгæй. Гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды райдианы та куыста редакторы хæдивæгæй æмæ уæд уæззау рæстæг кæй уыд, уымæ гæсгæ йыл фылдæр уæз æрцыд, хатт-иу æмбисæхсæвтæм дæр баззад йæ куысты уæлхъус. Ныр дæр ыл тынг фæдис кæнын, уый афтæ тынг уарзта йæ дæсныйад, æмæ дзы фæллайын нæ зыдта. Æгæрыстæмæй, бынтон æнæнхъæлæджы рынчындонмæ куы бахауд, уæддæр нæ цалдæр хатты гæххæтт æмæ фыссæн сис æрдомдта. Бæргæ ма-иу сыл хæцыд йæ къухæй  цасдæр рæстæджы дæргъы, фæлæ йæ бон нал баци, цы зæгъын æй фæндыд, уый ныффыссын, æмæ абон дæр зæрдæдзургæ дæн, уый тыххæй. Чизоны мын йæ хъæбулты фæдзæхста  кæнæ та йæ фæстаг уац ныффыссынмæ хъавыд, фæлæ…

Абон мæ  бæрæгбоны цытæн фæнды раарфæ кæнын мæ коллегæтæн. Уадз, бирæ азты дæргъы æнæнизæй фæцæрут, уæ зæрдæтæ рухс кæнæд уæ цард æмæ уæ куыстæй. Бирæ азты  æнæнизæй лæггад кæнут уæ газеткæсджытæн!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.