Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта РХИ-йы УФ-йы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметовæн йæ райгуырæн боныл 60 азы сæххæсты цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Марат Минюры фырт!

Арфæ дын кæнын дæ гуырæн боныл 60 азы сæххæсты цытæн!

Дæ царды ивгъуыд азтæ уыдысты бирæ цаутæ æмæ æнтыстытæй йедзаг. Фæлæ, фадæттæ куыд фæнды ма уыдаиккой, ды уæддæр дæ равзаргæ професси æмæ службæйон хæстыл уыдтæ æнувыд. Дæ ном Хуссар Ирыстоны адæмы зæрдæтыл   лæууы сабырад фæлдисын, хæстон-сæрибаргæнæджы хуызимæ.

Абон ды æнтыстджынæй кусыс ахсджиаг æмæ бæрнджын диплома-тон бынаты, дæ РХИ-йы УФ-йы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар. Æхсызгон мын у, ды аккагæй кæй æвдисыс УФ-йы, активон æмархайд кæныс конструктивон дыууæварсон диалоджы рæзтæн, стыр хайбавæрд хæссыс нæ бæстæты æмæ нæ адæмты ‘хсæн традицион æфсымæрон бастдзинæдтæ сфидар дæр  кæнынмæ.

Ныфс мæ ис, æууæнкдзинады æмæ кæрæдзимбарынады ныфс дарддæр дæр кæй бæрæг кæндзæн нæ ахастытæ, РХИ-йы æмæ УФ-йы ‘хсæн цæдисон ахастытæ сфидар кæнынæн.

Ацы нысаниуæгджын боны дын, цытджын Марат Минюры фырт, мæ цæст уарзы паддзахадон службæйы ног æнтыстытæ УФ-йы æмæ йæ адæмы хæрзиуæгæн, сабырад, æнæниздзинад æмæ амонд дæуæн æмæ дæ бинонтæн!».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.