Физикон культурæ æмæ спорты цытджын кусджытæ æмæ ветерантæ!

Арфæ уын кæнын физкультурничы боны цытæн!

Ацы бæрæгбон æнгом кæны, æнæниз æмæ активон цардуагыл хæст чи сты æмæ спортимæ йæ цард баст кæмæн у, уыдоны. Физикон хъомылад æрмæст характер  нæ фидар кæны, хъæддыхдзинадыл нæ хъомыл кæны, фæлæ ма ахъаз кæны адæймаджы удыхъæд хуыздæр кæныныл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны физикон культурæ æмæ спорты рæзтмæ уæлдай хъусдард здæхт цæуы: кусынц спортивон комплекстæ æмæ скъолатæ, стадионтæ æмæ бассейнтæ, бирæнымæц хъазæн фæзуæттæ, спорт дзыллон æгъдауæй рæзын кæнынæн арæзт цæуынц æппæт уавæртæ æнæниз æвзонг фæлтæр схъомыл кæны-нæн, хуыздæр кæны материалон спортивон базæ.

Ирыстон барджынæй сæрыстыр у спорты йе ‘нтыстытæй. Олимпион хъæзтыты, дуне-йы æмæ Европæйы чемпионатты, æндæр æхсæнадæмон турнирты хуссарирыстойнаг спортсменты аккаг уæлахизтæ сты нæ тренерты профессионализмы æвдисæн, кæцытæ схъомыл кодтой спортсменты бирæ фæлтæртæ æмæ физикон культурæйы рæзтæн æрæвæрдтой фидар бындур.

Стыр бузныг физкультурæ æмæ спорт професси кæмæн ссис, уыдонæн иууылдæр. Бузныг уын æнæниз нацийы фидæнмæ уæ хайбавæрды тыххæй.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, æвидийгæ энерги, æнтыстытæ æмæ ног спортивон уæлахизтæ, сабырад æмæ фæрныгад уæхи-цæн æмæ уæ бинонтæн.

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.