Республикæ Абхазы Президент Аслан Бжания Президент Бибылты Анатолимæ æрæрвыста тел фарсхæцынады ныхæстимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийыл 12 азы сæххæсты сæраппонд.

Телы дзырдæуы:

«Цытджын Анатоли Ильяйы фырт!

Хуссар Ирыстонмæ Гуырдзыстоны æфсæдты мæнгард  æрбабырстыл дыууадæс азы сæххæсты бон, мах æфсымæрон ирон адæмимæ нæ зæрдыл лæууын кæнæм Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты рухс нæмттæ. 2008 азы 8 август историйы фыст æрцæудзæн, куыд трагикон, уыимæ иумæ хъайтарон боныл. Хуссар Ирыстоны æхсарджын фырттæ æмæ чызджытæ аккаг ныхкъуырд радтой гуырдзиаг тыхæйисджытæн, кæцытæ æрбабырстой æхсæвы сабыр горæт Цхинвалмæ.

2008 азы августы цаутæ ноджы иу хатт дунейæн равдыстой, Стыр Уæрæсе йæ хæлæртты фыдбылызты иунæгæй кæй нæ уадзы. Уæрæсейы къухдариуæгады раст æмæ афоныл архайдтыты фæрцы агрессоры æфсæдтæ пырх æрцыдысты.

Нæ адæмтæ иумæ, сæ кæрæдзийæн æххуыс кæнгæйæ, рацыдысты хæдбар-дзинады зын фæндагыл. Ныфс мæ ис,  нæ тыхтæ баиу кæнгæйæ, махæн бирæ кæй бантысдзæн паддзахадон арæзтады нæ адæмы сабыр æмæ фæрнджын фидæны тыххæй.

Ацы бон мах нæ сæртæй ныллæг кувæм уыцы хъайтарты раз, кæцытæ сæ цард радтой райгуырæн зæххы сæрибардзинады тыххæй. Уыдоны сгуыхтдзинæдтæ лæггад кæндзысты фидæны фæлтæртæн, куыд Фыдыбæстæйыл æнувыддзинады цæвиттон. Æнусон мысынад хæстонтæ-сæрибаргæнджытæн».

***

Донецкы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Денис Пушилин Президент Бибылты Анатолимæ æрæрвыста тел фарсхæцынады ныхæстимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийыл 12 азы сæххæсты сæраппонд.

Телы дзырдæуы:

«Цытджын Анатоли Ильяйы фырт!

12 азы размæ уæ паддзахад бахауд Гуырдзыстоны фарсæрдыгæй циникон æмæ карз агрессийы бын гуырдзиаг фыдгæнæг хицауады бардзырдмæ гæсгæ. Уыцы æрбабырсты амæтæгтæ систы  мингай хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæ.

Мах æй æмбарæм, уыцы тæссаг трагедийы тыххæй цæрæнбонты кæй рисдзысты Аланийы цæрджыты зæрдæтæ, æмæ нæ фæнды зæгъын, Донбасс æппæт зæрдæйæ кæй хъынцъым кæны уемæ.

Махæн, зонгæ сты уыцы æнкъарæнтæ, дæ хæдзары æнæнхъæлæджы хæст куы райдайы æмæ цæстыфæныкъуылдмæ куы пырх кæнынц æппæт   бындуртæ… Мах, хъыгагæн, зонæм, цы у æмзæххонты, бинонты æмæ хиуæтты сафын.

2008 азы цы тугкалæн фыдракæнд æрцыд, уымæн нæй сраст кæнæн. Донецкы Адæмон Республикæйы цæрджыты æмæ мæ сæрмагондæй мæхи номæй   фæнды зæгъын Хуссар Ирыстоны æфсымæрон адæмæн мæсæллæйы ныхæстæ».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.