Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли хайад райста Хуссар Ирыстоны 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйы сæрмагонд сконды æфсæддон ардбахæрды цытджын церемонийы. Паддзахады сæргълæууæгимæ уыд РХИ-йы Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим.

Æфсæддон ард бахордтой 120 æфсæддон службæгæнæгæй фылдæр. Президент раны-хас кодта ног æрсиддонты раз æмæ сын загъта арфæйы ныхæстæ.

«Æфсæддон ард бахæрын у сомыйы хуызæн УФ-йы адæмы раз, кæй службæ кæндзыстут намысджынæй æмæ кадимæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Хицæнæй Паддзахады сæргълæууæджы ныхас уыд, ард чи бахордта æмæ ныры онг Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады минист-рады чи службæ кодта, уыцы салдаттæм дæр.

«УФ-йы æмæ РХИ-йы ‘хсæн Сразыдзинады æмæ æдасдзинады иумæйаг контур  саразыны фæлгæтты сымах абон хизут УФ-йы Гарзджын тыхты ахæм скондмæ, кæцы баххуыс кодта Хуссар Ирыстонæн йæ историон зын рæстæджы. 2008 азы УФ-йы Гарзджын тыхтæ агрессоры æркодтой сабырадмæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, алчи дæр сæ хъуамæ сæрыстыр уа, УФ-йы Гарзджын тыхты кæй службæ кæны, уымæй, уымæн æмæ дзы службæ кодтой Ирыстоны хъæбултæ, Советон Цæдисы хъайтартæ – Плиты Иссæ, Мамсыраты Хаджумар, Цоциты Уасил, Кобылты Серги.

«Ныфс мæ ис, нæ зындгонд ирон æфсæддонтæ цы традицитæ æмæ фæд ныууагъдтой, уыдон кæй аддарддæр кæндзыстут сымах, æмæ иу æмæ дыууæ хаты нæ фехъусдзыстæм уæ цæсгомджын службæйы кой. РХИ-йы адæмы номæй мæ фæнды бузныджы ныхæстæ зæгъын сымахæн уæ службæйы тыххæй», – загъта Президент, æмæ банысан кодта, уыдон хуссарирыс-тойнаг къухдариуæгады фарсæрдыгæй æнæхъусдардæй кæй нæ баззайдзысты.

Мадзалы кæрон æфсæддонтæ трибунæйы раз рацыдысты цытджын цыдæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.