Хуссар Ирыстоны æфсады рæнхъытæм службæмæ фæззыгон æрсидты æвзонг лæппутæ ахуырадон центры ахуыры фæстæ райстой æфсæддон ардбахæрд. Ацы цытджын церемони уагъд æрцыд традицимæ гæсгæ Кады аллейы Æнусон арты раз. Уыцы бынаты  æрсидтонтæн лæвæрд æрцыд ног æфсæддон билеттæ.

Ацы цытджын мадзалы хайад райстой: Президент Тыбылты Леонид, Хъахъхъæнынады министр, инæлар-лейтенант Гассеты Ибрагим, министрады афицерон сконд, хицауады уæнгтæ æмæ æрсидтонты ныййарджытæ.

«… Æз ард хæрын, Фыдыбæстæ æхсарджынæй кæй хъахъхъæндзынæн. Фæстаг уысмы онг мæ адæмыл æнувыæй, æмæ кæдфæнды дæр цæттæ кæй уыдзынæн Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ. Хъахъхъæндзынæн æй сæрыстырæй, арæхстджынæй, аккагæй æмæ намысджынæй.

Æз ард хæрын, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты зындгонд æфсæддон традицитæ кæй фылдæр кæндзынæн æмæ хъахъхъæндзынæн…», – ахæм ныхæстæ цытджын уавæрты кастысты æвзонг æрсидтонтæ.

Æвзонг æрсидтонтæм ахасты бæстæйы сæргълæууæг Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, бæстæйы Гарзджын тыхтæ бонæй-бон кæнынц хъомысджындæр. Арæзт цæудзæн æппæт дæр, цæмæй нæ бæстæйы арæнтæ æмбæлонæй хъахъхъæд цæуой. Уыцы æвæджиаг хæс, зæгъгæ ис сымахыл дæр, Хуссар Ирыстоны адæм æууæнкджын хъахъхъæнджыты цур хызт уыдзæн æддагон знагæй.

«Ныртæккæ Хуссар Ирыстон ис рæзты фæндагыл. Нæ сæйраг стратегион партнер Уæрæсейы Федерациимæ æмгуыстады руаджы Хуссар Ирыстонæн ис хорз фидæн æмæ уыцы фидæн ис уæ ныфсджын къухты», – дзырдта уый.

Зæрдыл æрлæууын кодта, æрæджы Хъахъхъæнынады министрады цытджын æмбырды 2016 азы министрады куыстæн фæстиуджытæ аразыны рæс-тæджы бæрæг уыд хуссарирыстойнаг æфсады архайд патриотизмыл, Фыдыбæстæмæ уарзондзинадыл арæзт æмæ æцæг хæстоны удварнæй йемыдзаг кæй у. Абон, зæгъгæ, мах ноджыдæр бауырныдта, не ‘взонг службæгæнджытæ дарддæр кæй сты уыцы удварн хæсджытæ.

Уый фæлтæрæй-фæлтæрмæ лæвæрд хъуамæ цæуа. РХИ-йы Гарзджын тыхтыл Уæлдæр сæйраг командæгæнæг ныфс бавæрдта, æвзонг лæппутæ аккаг дæнцæг уынгæйæ, кæй фылдæр кæндзысты хуссарирыстойнаг æфсады рæнхъытæ.

Тыбылты Леонид арфæ ракодта æвзонг æрсидтонты ныййарджытæн дæр, сæ сывæллæтты Райгуырæн бæстæйыл æнувыд æмæ патриотизмы æнкъарæнтыл кæй схъомыл кодтой.

«Мæ сæрæй ныллæг кувын æмæ уын бузныг зæгъын уый тыххæй.

Бузныджы ныхæстæ зæгъын, æвзонг æрсидтонты чи цæттæ кодта, уыцы командиртæн. Уыдон кусынц зонындзинæдтæ, фæлтæрддзинад сын радтыныл æмæ фæахъаз уыдзысты нæ Гарзджын тыхты сфидар кæнынæн. Ныфс мæ ис, æмæ уыцы стыр хæсимæ кæй сарæхсдзысты нæ командиртæ. Уымæн æмæ министрады бирæ афицертæ уæрæсейаг уæлдæр æфсæддон ахуыргæнæндæтты рацыдысты æмбæлон цæттæдзинад», – банысан кодта Тыбылты Леонид.

Хорзыл банымадта, Уæрæсеимæ нын ахæм ахастытæ кæй ис æмæ æхсæнпаддзахадон Бадзырд кæй бафыстам. Уый, зæгъгæ, фæахъаз уыдзæн Хуссар Ирыстоны арæнтæ бахъахъхъæнынæн.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты номæй æвзонг æрсидтонтæн раарфæ кодта Ветеранты советы сæрдар Бесаты Вячеслав. Ацы нысаниуæгджын бон сын йæ цæст бауарзта æнтыстытæ. Ныфс мæ, зæгъгæ, ис, æмæ æвзонг æрсидтонтæ аккагæй æмæ намысджынæй кæй службæ кæндзысты æфсады рæнхъыты.

Ныййарджыты номæй республикæйы къухдариуæгад æмæ хъахъхъæнынады министрадæн бузныджы ныхæстæ загъта Габаты Владимир. Æвзонг æрсидтонтæн йæ цæст бауарзта сабыр арвы бын аккаг службæ хæссын.

Æвзонг æрсидтонтæ Æлборты Аркади æмæ Дзæгъиаты Алан дæр банысан кодтой, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты рæнхъыты службæ кæнын стыр кадыл кæй нымайынц. Баныфсæвæрдтой, аккагæй æмæ намысджынæй кæй æххæст кæндзысты, сæ разы цы бæрзонд хæс æвæр ис, уый.

Мадзалы фæстæ Гарзджын тыхты цалдæр дæлхайы цытджын маршæй рацыдысты Кады аллейы раз.

    Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.