Цытджын æгъдауæй байгом РХИ-йы Мидхъуыддæгты органты иумæйаг информацион-координацион центр

Йæ гом кæныны церемонийы хайад райстой нæ бæстæйы Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов. Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министрады делегаци – статс-секретарь Игорь Зубовы сæргълæудæй, Абхазы Республикæйы делегаци – сæ Мидхъуыддæгты министр Гарри Аршбайы сæргълæудæй.

Сырх лентæ алыг кæныны фæстæ æрæмбырдуæвджытæ азылдысты бæстыхайы кабинетты. Уæрæсейы чырыстон дины аргъуаны сауджын Фыд Серги дзуæрттæ бафтыдта ног арæзтадыл. Игорь Зубов та ИКЦ-йæн балæвар кодта Архангел Михаилы иконæ.

ИКЦ-йы директор Болататы Алан уазджыты базонгæ кодта йæ кусджыты куысты уавæртимæ æмæ ифтонггæрзтимæ. Фенын ма сын кодтой спецмашинæ, кæцы у цæугæ криминалистикон лаборатори æмæ фидæны стыр ахъаз фæуыдзæн фыдракæндтæ раргом кæныны хъуыддаджы.

ИКЦ-йы ма ис цæрæн бæстыхай дæр, кæцыйы ис фараст фатеры æмæ ифтонг сты алцæмæй дæр. Куысты фæдыл-иу командировкæйы  куы æрцæуой, уæд-иу цæр-дзысты уым, цæмæй сын кусынæн уа æмбæлон уа-вæртæ.

Президент куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы ног арæзтады ис хорз уавæртæ кусынæн. «Ныфс мæ ис, ИКЦ-йы кусджытæ цæсгомджынæй кæй æххæст кæндзысты се службæйон хæстæ æмæ эффективонæй кæй тох кæндзысты фыдгæнджытимæ», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Ацы иумæйаг информацион-координацион центр арæзт æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл бадзырды фæлгæтты. Центрæн йæ нысан у алыхуызон фыдракæндты ныхмæ тох кæнын, цæмæй фыдгæнджытæн ма уа бамбæхсыны фадат æндæр бæстæты. Арæзтадон куыстытæ райдыдтой ацы азы райдианы æмæ цыбыр æмгъуыдмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдис. Ныр фæдагурæн управленийы кусджытæн сæ куыст фæрогдæр уыдзæнис æмæ, сæйраджыдæр, фыдгæнджытæн фæзын уыдзæн сæхи бааууон кæнын уголовон бæрндзинадæй.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.