Ирыстон, ирон адæм 1989-2008 азты гуырдзиаг фашистты аххосæй цы стыр фыдбылызтæ æмæ æнамонддзинæдтæ бавзæрстой, уыдон Дменис æмæ дменисæгты иувæрсты нæ ахызтысты. Хъæуæй уыцы хæстон архайдтыты рæстæджы фæхъуыд 35 адæймаджы.

Стырдæр æнамонддзинæдтæ чи бавзæрста, уыдонæй иу Æлборты Онегины хæдзар. Фыццаг, Онегин æмæ йе ‘мбæлттæ Бестауты Гиви æмæ Джиголаты Амиран Дменисы хъæуæй Цхинвалмæ рацæйцыдысты Ереды хъæуы иувæрсты, цæмæй сыл гуырдзиæгты цæст ма схæцыдаид. Фæлæ сæ федтой æмæ… Фæстæдæр райхъуыст, зæгъгæ, сæ бакодтой иу ирон лæджы хæдзармæ æмæ сæ уым басыгътой удæгасæй.

Уымæй бирæ рæстæг нæ рацыд æмæ та Онегин бирæ азты амондджынæй кæм цард, уыцы хæдзармæ сау халон ногæй бауасыд. Ногæй та саутæ кæнын бахъуыд Онегины цардæмбал Джиголаты Мерийы. Йæ фырт Вальтер дæр, кæцы бæллыд, цæмæй хæст фæуа тагъддæр, æркæна бинонтæ æмæ сараза йæ цард, бабын гуырдзыйы азарæй.

Хуыздæр бон не ‘ркодта Джиголаты Отар æмæ йæ бинонтыл. Отары та гуырдзиаг лæгмартæ æрцахстой, сæрдыгон хизæнуæттæм йæ фосмæ куы фæцæйцыд, уæд – раздæры Сацхены хъæумæ хæстæг. Бæргæ сын дзырдта, зæгъгæ, уын ницы кæнын, ауадзут мæ мæ фæндагыл, фæлæ уæд гуырдзиæгтæ, æппынæдзух агуырдтой, æнæаххос ирæттæм  исты аххоссаг  ссарын.

Отарæн йæ фырт Илья дæр йæ фæстæ бирæ нал ацард. Уæздан æмæ сабыр лæппу алцы дæр æввахс  иста йæ зæрдæмæ, алкæй рыст дæр ын уæзау уыд йæхи рыстау. Уыцы бон посты лæууыд Дменисы хъæумæ фæзилæны. Æвæццæгæн бафæллад алыгъуызон æхстытæм хъусынæй, адæмы хъизæмæрттæм кæсынæй æмæ æнæнхъæлæджы фескъуыд йе ‘взонг цард.

Онегин æмæ Отары бинонты хъысмæт баййæфта Дудайты Хъазбеджы бинонты дæр. Иу рæстæджы, уавæр чысыл куы фæсабырдæр, гуырдзиаг фыдгæнджытæ сæ фыдракæндон архайдтытæ куы фæкъаддæр кодтой, уæд æндæртау Хъазбег дæр фылдæр хъусдард аздæхта йæ хъуыддæгтæ аразынмæ. Бахъуыд æй горæтмæ æрцæуын. Æрхæццæ дзæбæхæй, Ереды ма гуырдзиæгтæй кæимæдæрты ныхас дæр акодта. Горæты йæ хъуыддæгтæ куы бакодта, уæд амбæлд йе ‘рвад Дудайты Тенгизыл. Иунæджытæй цæуинаг нæ уыдысты, фæлæ дыууæйæ фæфæнд кодтой æмæ сæ кæрæдзийæн ныфсытæ æвæргæйæ фæцæуæг сты, абонмæ кæдæм нал фæхæццæ сты, уыцы хъæу Дменисмæ. Ныфс та сæ уыд уымæн æмæ сæ дыууæйæн дæр Ереды хъæуы уыд бирæ зонгæтæ, иумæ сын цъус къæбæрхæрд нæ уыд. Уырныдта сæ гуырдзиаг æнæформалтæй сæ кæй бахиздзысты, уый. Ереды сæ куы æрурæдтой, уæд сæ зонгæтæй уым разынд цалдæр, сæхи сæм, цыдæр ныфсытимæ баппæрс-той. О, фæлæ бирæ хæттыты дзаджджын фынгтыл стыр лæггæдтæ кæмæн кодтой, уыцы гуырдзиæгтæ сæ фыццаг æнæзонгæтæ рахуыдтой, уый фæстæ та сыл знаджы нæмттæ авæрдтой æмæ уæдæй абонмæ кæм сты, уый бæрæг дæр нæу. Уæдæй бирæ нал рацард Хъазбегæн йæ фырт Реваз дæр. Знагæй йæхи баау-уон кæныны тыххæй куы лыгъд, раст æй уыцы рæстæджы фæстæрдыгæй баййæфта знаджы нæмыг æмæ фескъуыд йæ цард.

Ме ‘мкъласон Лолоты Владимир æнæхъыгдаргæ, хæларзæрдæ адæймаг уыд. Уыцы бонты-иу горæтæй хъæумæ исчи куы бацыд, уæд-иу фыццаг йæ размæ чи рауад, уыдонæй иу уыд Владимир. Цалынмæ-иу уавæр бæстон нæ базыдта, уæдмæ иу фæрсырдæм иу къахдзæф дæр нæ акодта. Æнæуый та, куыд фæзæгъынц, мæлдзыгыл дæр никуы ныллæууыд, фæлæ гуырдзиаг лæгмарæн цы уæлдай у. 2008 азы хæсты дыккаг бон Дменисы хъæумæ фæзилæны федта знæгтæ сырдтау размæ кæй æггуырсынц. Æнхъæл уыд уыдон æй нæ федтой æмæ йæхи бааууон кодта нартхоры хуымы. Æрхуыссыд, чысыл æрсабыр,  фæлæ цалдæр хотыхджын гуырдзиаджы балæууыдысты йæ уæлхъус. Стын дæр æй нал бауагътой, афтæмæй йæ райдыдтой æхсын.

Гуырдзиаг фыдгæнджытæ, нæ ныххатыр кодтой хæдзардарæг æмæ куыстуарзаг Владимиры æфсымæр Отарæн дæр. Уый дæр йæ зæрдæйы уыцы бæстæм ахаста йæ адæмы мæт æмæ гуырдзиаг лæгмары нæмыг.

Ныр æрвылаз дæр, Дменисы хъæуы цæрджытæ, 7-æм августы, æмбисæхсæвмæ æввахс, рацæуынц æмæ 35 цырагъ ссудзынц фæмардуæвæг æмбæстæгтæн хъæуы астæу цы мемориал сарæзтой, уым. Афтæ та уыд ацы аз дæр æмæ хъæуы цæрджытæ куыд зæгъынц, уымæ гæсгæ, афтæ уыдзæнис, цалынмæ хъæуы цæрæг уа, уæдмæ.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.