Хуссар Ирыстоны йæ фæстаг фæндагыл афæндараст кодтой зынгæ æхсæнадон архайæг, Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон нывгæнæг, Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæг, Кады ордены кавалер Кæсойты Лавренты.

Лаврент Пъаулейы фыртæн хæрзбон зæгъынмæ æрбацыдысты республикæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, йæ коллегæтæ, йæ ахуыргæнинæгтæ, зонадон æмæ сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ.

Фыдохы митинджы адæмон нывгæнæджы тыххæй загъд æрцыд бирæ хорз ныхæстæ. Паддзахады сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй уый уыд хæдæфсарм, фæлæ уæрæх уды сконды адæймаг.

«Лаврент Пъаулейы фырт уыд патриот, кæцы йæ уарзон Ирыстоны кадджын кодта аивады фæрцы. Уый схъомыл кодта диссаджы ахуыргæнинæгты, æртымбыл кодта ахуыргæнджыты хорз коллектив, кæцытæ абон дæр кусынц Аивæдты лицейы.

Азтæ аивгъуыйдзысты, фæлæ Кæсойты Лавренты тыххæй мысынад, куыд патриот, ирон традициты фæдон æмæ стыр адæймаг, афтæ баззайдзæн æнустæм», – загъта уый.

Кæсойты Лаврент ныгæд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Цхинвалы Национ пантеоны мемориалон уæлмæрды.

ЦГЪОЙТЫ Аринæ

КÆСОЙТТЫ ЛАВРЕНТÆН

Сӕрдыгон бон. Ныттар, ӕрӕнкъард бӕстӕ.

Нӕ хъуысы мӕргъты зард… Фӕуӕлахиз мӕлӕт.

Кӕронмӕ бахӕццӕ дӕ цӕрӕнбоны рӕстӕг,

Хъынцъымгӕнӕг адӕмӕй байдзаг кӕрт.

Нӕхи Лаврент, куыд зын у, куы дӕ мӕлӕт,

Ӕвдай дыууӕ азы нывгӕнӕгӕн цы у?

Хуызджын ахорӕнтӕй нывӕзт – дӕ хъысмӕт,

Нӕртон уды фарнӕй ӕххӕст – дӕ уд…

Бӕрзонд аивадӕн нывондӕн ‘рхастай

Ӕгасӕй дӕр дӕ цардвӕндаг, дӕ тых.

Ӕгъуыз, фӕлурс къӕдзӕхмӕ дур фӕхастай,

Рӕсугъд нывтӕй дзы самадтай мӕсыг.

Нӕ Аивӕдты лицей – де стыр бӕллицц,

Зын рӕстӕджы йын сарӕзтай бындур.

Ӕвидигӕ сфӕлдыстадӕн йӕ къӕбиц

Кӕддӕриддӕр дӕ номӕй номдзыд у.

Дӕ низвӕллад зæрдӕ йӕ куыстӕй банцад, –

Дӕ кад – ӕнусон, арвӕрдынау – ирд.

Фӕндараст кӕныс ныр Дзӕнӕтмӕ балцы,

Дӕ рухс ном дын нӕ ферох кӕндзӕн Ир.

Ӕрдӕгфыст кӕттаг тӕрхӕгыл фӕлдӕхтӕй

Ӕнӕвгъау баззад ‘нӕдзуапп фарстау ныр…

Нывгӕнӕджы ӕрмдзӕф ӕм нал фӕхӕццӕ,

Уый – де сфӕлдыстады ӕхгӕд гуыдыр.

Мӕстджын, зӕрдӕрыст бинонтӕ, кӕугӕйӕ,

Лӕууынц сӕркъулӕй – у уӕззау дӕ маст.

Сӕ зондджын хистӕр, се стыр ныфс уӕвгӕйӕ,

Ныууагътай ныр дӕ хъӕбулты ӕваст.

Чъребайы зӕронд уынгтӕм кӕсдзыстӕм

Дӕ цӕстӕнгасӕй. Уый нӕ ивгъуыд у…

Аккаг кад дын нӕ кӕстӕртӕ кӕндзысты,

Фӕстаг арфӕ сын ракӕн, рухсаг у…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.