Парти «Иугонд Ирыстон» баххуыс кодта Ленингоры районы дæрддаг хъæуты æвæрæз цæрджытæн. Уыдоныл байуæрстæуыд 50 спецпакеты продукттимæ. Уый тыххæй фехъусын кодта партийы пресс-службæ.

Сæрмагондæй, æххуыс райстой Цъинагары, Орчъосан, Абреу, Гдулеты хъæуты æмæ Ленингоры поселочы цæрджытæ. Ахæм æххуыс ма райсдзысты районы æндæр хъæуты æххуысхъуаг цæрджытæ дæр.

Президенты æххуысгæнæг, парти «Иугонд Ирыстон»-ы ЦК уæнг Габатты Аланы ныхæстæм гæсгæ, республикæйы дæрддаг хъæуты цæрджытæн æххуыс цæуы æрвылаз дæр, æмæ уыцы куыст дарддæр цæудзæн.

«Алы аз дæр парти «Иугонд Ирыстон» баххуыс кæны республикæйы районты æвæрæз цæрджытæн. Дæрддаг хъæутæй бирæтæ зымæджы баззайынц æнæ фæндагæй æмæ сын уый фæстиуæгæн  парти æххуыс кæны æнæмæнгхъæуæг продукттæй», – банысан кодта уый.

Амæйразмæ парти ахæм æххуыс бакодта рес-публикæйы æндæр районты цæрджытæн дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.