Хуссар Ирыстоны ныр фондз азы кусы чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн льготон кредиттæ дæттыны программæ. Ацы механизм куыд кусы æмæ куыд æххуыс кæны Хицауад амалиуæггæнджытæн, уый тыххæй нын экономикæйы министры хæдивæг  Козаты Роин радзырдта.

Зæгъгæ, 2017 азы ист æрцыд ацы закъон. Уæдæй нырмæ нæ республикæйы цæрæг амалиуæггæнджытæн ис фадат, цæмæй сæ бизнес аразгæйæ, пайда кæной паддзахады фæрæзтæй кредиты хуызы. Республикæйы бюджеты абон цы хисæрмагонд æфтиæгтæ (æнæ Уæрæсейы æххуыссæй) уыдон сты иу миллиард æмæ фондзсæдæ милуан сомы. Уый размæ ацы фæрæзтæ уыйбæрц никуы уыдысты. Уæдæ бюджетмæ нæхи фæрæзтæй цы æхца цæуы, уымæй æххуыс цæуы амалиуæгадæн дæр. 2021 аз бюджетмæ цы фæрæзтæ æрбацыд, уыдонæй 2022 азы рахицæн кодтой æххуысæн 30 милуан сомы бæрц.

Козаты Роин ма куыд радзырдта, афтæмæй ацы æхцатæ чысыл æмæ астæуккаг амалиуæггæнджытæн лæвæрд цæуынц хицауады структурæйы уылты. Фæрæзтæ хаст æрцæуынц банджы депозиттæм. Æфснайæн бангæн уыцы фæрæзтæ дæттæм афæдз 12 процентимæ. Уыдонæй авд процент хицауад дæтты чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн, фондз процент та бафидынц сæхæдæг. Амалиуæггæнæг кредит куы бафиды, уæд уыцы суммæ дæр фæдывæр вæййы.

Министры хæдивæг ма куыд загъта, афтæмæй цы куырдиæттæ æрбацæуы уыдонæй приоритетондæр вæййынц хъæууонхæдзарадон фадыджы бизнесс-плæнттæ. Фæрæзты 70 проценты адих вæййы уыдоныл. Фæлæ ???. фадыджы цы проекттæ реализаци цæуынц, уыдонæй дæр цымыдисонтæ бирæ ис.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.